Ирон æвзаджы рæзты нысанæн  2003 азы РЦИ-Аланийы раздæры Сæргълæууæг Дзассохты Алыксандры барамындмæ гæсгæ 15 май расидт æрцыд ирон æвзаджы бонæй æмæ нысан цæуы уæдæй фæстæмæ. Уыцы бон, 1899 азы мыхуыры рацыд ирон адæмы сæрхъызой Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр». Уыцы бонты уагъд фæцæуынц алыгъуызон мадзæлттæ.

Ирон æвзаджы рæсугъд бæрæгбон банысан кодтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы. Мадзалмæ фæуазæг сты горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайы методист Æлборты Эммæ, 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ æмæ райдиан кълæсты ахуыргæнæг Бесаты Лали, 5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ.

4-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ къласгæс Битеты Мзияимæ бацæттæ кодтой цы-мыдисон мадзал.   Мадзал амонджытæ цыбыртæй æрдзырдтой ирон æвзаджы боны сырæзты тыххæй. Алы адæймагæн дæр йæ мадæлон æвзаг мады ад хъуамæ кæна, алы адæймаг дæр мадæлон æвзагмæ уарзты æнкъарæнтæ хъуамæ мады æхсыримæ рахæсса. Кæцыфæнды адæймагæн дæр æппæты зынаргъдæр хъуамæ уой йæ ныййарджытæ, йæ Райгуырæн бæстæ æмæ йæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг махæн не ‘ппæтæн дæр у сæйраг æвдисæндар нæ царды. Уый махæн æнусты дæргъы дæтты царды тых, у не ‘нгомгæнæг, нæ ныфс.

Скъоладзаутæ мадзалы кастысты ирон номдзыд фысджыты æмдзæвгæтæ. Равдыстой чысыл инсценировкæтæ, цыран ирдæй фенын кодтой, ирон æвзагыл дзургæйæ æндæр æвзæгтæй кæй пайда кæнæм, уый. Сæххæст кодтой кæфтытæ «Симд», «Чызджыты кафт» æмæ æндæртæ. Чысыл артистты архайд сценæмæкæсджыты зæрдæмæ тынг кæй фæцыд, уый бæрæгæй зынд сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй æмæ сын мадзалы кæрон цы бузныджы ны-хæстæ дзырдтой, уымæй.

Кæронбæттæны 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ банысан кодта, мадзал йæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыд, уый æмæ бузныг загъта Битеты Мзияйæн ахæм цымыдисон мадзал кæй бацæттæ кодта, уый тыххæй.

Хетæгкаты Къоста æмæ Абайты Васо сæ цард цы æв-загæн снывонд кодтой, уыцы алæмæтон хъæздыг æмæ рæсугъд æвзагыл абон дзурæм мах. Ӕмæ абоны бæрæгбоны фæрцы Иры адæмæн, сæр-магондæй та ме ‘мгæрттæн, æрыгон фæсивæдæн, зæгъын: “Ахуыр кæнут æмæ дзурут иронау! Мадæлон æвзаг зонын нæ æвæджиаг хæс у æмæ йæ кадимæ æххæст кæнæм”.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.