Зынгæ ахуыргонды райгуырды 115 азы бонмæ

Зынгæ ахуыргонд Биазырты Алыксандр стыр хайбавæрд бахаста ирзонадмæ. Уый уыд адæмон сфæлдыстад иртасæг æмæ æмбырдгæнæг, ирон æвзаджы методикон чингуыты автор. Нарты кадджытæ æмæ ирон литературæ иртасæг, курдиатджын ахуыргæнæг æмæ куырыхон зондамонæг. Йæ иртасæнтæн фольклористикæ, æвзагзонынад æмæ литературæйы фадгуыты ис егъау зонадон нысаниуæг æмæ актуалон сты абон дæр. Цымыдис æй кодта канд филологи нæ, фæлæ ирон адæмы истори æмæ энтографи дæр. Йæ разылæууæг хæстæ скъуыддзаг кодта æнтыстджынæй.

Биазырты Алыксандр райгуырд Цæгат Ирыстоны Æрыдоны хъæуы. Йæ фыд Хасæхъо уыдис чысыл базаргæнæг æмæ уыцы хъуыддаг Алыксандрæн бирæ маст бавзарын кодта. Ас-тæуккаг ахуыры фæстæ бацыд Дзæуджыхъæуы хъæууонхæ-дзарадон институтмæ, фæлæ дзы бирæ нæ фæцис, æдзух ын хицæуттæ йæ цæстмæ дардтой, ды кулачы фырт дæ, зæгъгæ. Нал фæрæзта æвзонг лæппу æмæ йæ ахуыр ныууагъта, рацыд Хуссар Ирмæ æмæ куыста райдиан кълæсты ахуыргæнæгæй Захъхъоры хъæуы. Ракодта йæ кæстæр рынчын æфсымæры дæр æмæ тухийы цард кодтой ахуыргæнæджы чысыл мыздæй. Ам дæр уынгæджы фæцис алыгъуызон дзырдхæсджытæй. Рæтъузæн æй кодтой, ардæм цæмæн æрцыдтæ, зæгъгæ. Ды, ам æмбæхсынмæ хъавыс, фæлæ дын мах уый бар нæ ратдзыстæм.

Æртын æвдæм азы тугуарæн рæстæджы, алы фыдбылызмæ дæр æнхъæлмæ кæсæн уыдис æмæ Алыксандр йæ рынчын æфсымæримæ йæхи райста Чъребамæ. Ам пединститутмæ бацыд ахуыр кæнынмæ уырыссаг æвзаджы факультетмæ æмæ уыцы иурæстæджы лекцитæ кастис ирон факультетæн ирон æвзагæй. Институт каст куы фæцис, уæд кусын райдыдта ахуырады системæйы. Куыста Дзауы скъолайы директорæй, стæй та Цъунары астæуккаг скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæгæй. Уым ыл æрцыд стыр зиæнттæ — фæхъуыдысты йæ бинойнаг æмæ йæ чысыл лæппу, сæ фæстæ цардæй ахицæн йæ рынчын æфсымæр дæр.

Алыксандр уыдис курдиатджын ахуыргонд æмæ æдзухæйдæр йæ хъус дардта зонадон институтмæ. Фæстæдæр уырдæм бацыд æмæ ныллæуыдис фæллой кæныныл. Уыдис тынг куыстуарзаг. Уæд институтæн хицæн агъуыст нæма уыдис, æмæ кусджытæн сæ фылдæр куыстой æмæ бадтысты иу залы. Алыксандры куыстуарзондзинад дисæн хастой. Æххуырст хæдзæртты цардис алы рæтты æмæ тынг тыхстис, фæлæ йын стæй фатер радтой æмæ йын бирæ фенцондæр. Фæлæ йæ кадавар мыздæй цæрын зынтæй фæрæзта. Æркодта дыккагæй бинонтæ æмæ сын райгуырд лæппу.

Биазырты Алыксандрæн йæ зонадон дуне стыр æмæ уæрæх уыд. Ирон истори, культурæ, æвзаг, литературæ — алцæуылдæр фыста æмæ дзырдта йæ хъуыдытæ, арæзта ахуыргæнæн чин-гуытæ, архайдта, цæмæй йæ цæвиттонтæ уыдаиккой ист ирон историйæ, æмæ афтæмæй сабитæн уарзын кодта сæ райгуы-рæн бæстæ. Фæлæ сæйраджыдæр, номдзыд ахуыргонд уыдис фольклорист æмæ уыцы фадыджы йæ куыстытæ сты тынг уникалон. Уый хицæн чиныгæй рауагъта «Нарты эпосы поэтикæ». Чиныджы редактор уыдис профессор Гæбæраты Никъала æмæ йын стыр аргъ кодта.

Алыксандр фæстæдæр фыссын райдыдта «Нарты эпосы истори». Бирæ хæйттæ дзы ныммыхуыр кодта журнал «Фидиуæджы». Хъыгагæн, ацы уникалон куыст кæронмæ фыст не `рцыдис — царды азтæ йыл сæ уæз æруагътой, фæлæ дзы уæддæр цы ныммыхуыр кодта, уыдон фидар бынат æрцахстой ирон фольклористикæйы. Йæ рæстæджы, уый æрæмбырд кодта æмæ рауагъта мыхуыры «Ирон аргъæутты» æртæ егъау томы. Фыццаг дыууæ томы æцæг аргъæуттæ сты, фæлæ æртыккаг том аргъæутты циклмæ нæ хауы, кæд дзы аргъæутты миниуджытæ дæр фæзыны, уæддæр. Æртыккаг томы сты историон таурæгътæ, бирæ сæ ис энтографион æрмæг, æмæ сын сæрибарæй схонæн ис патриархалон — Ирыстоны æнæфыст истори.

Цæй мидæг ма ис сæ хорздзинад ацы æртæ томæн?

Алыксандр ацы стыр куыст бакодта финаг зынгæ ахуыргонд фольклорист Аматус Антти Аарнейы методологимæ гæсгæ. Ирон зонадон дунейы Аарнейы методологийæ фыццаг спайда кодта Алыксандр. Уый диссаджы хорз æмæ уæзгæ комментаритæ кæны йе ссаргæ æрмæджытæн.

Номдзыд ахуыргонд институты нæма куыста, афтæмæй заманайы уац ныффыста фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболаты тыххæй. Лыстæггай йын æвзары йе `мдзæвгæтæ, æмæ тынг хъарм ныхæстæ кæны нæ фыццаг поэт Темырболаты тыххæй.

Биазырты Алыксандр канд хорз зонадон кусæг нæ уыд, фæлæ хайджын уыд адæймаджы иууыл хуыздæр миниуджытæй. Цардæй кæд бирæ æфхæрд баййæфта, уæддæр уый йæ адæммæ дардта стыр уарзондзинад. Йе `мкусджытæ æмæ йемæ зонгæ чи уыдысты, уыдон Алыксандры хонынц куыстуарзаг, уæздан, хиуылхæцгæ, намысджын æмæ хæрзæгъдау адæймаг. Уыд рæдау æмæ цæстуарзон, йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй лæвар кодта йæ адæмæн. Абон адæймаг æрцæуы ахæм хатдзæгмæ: Алыксандры хуызæн адæймæгтæ нæ алыварс фылдæр куы уаид, уæд нæ адæймагон ахастытæ кæрæдзимæ уаиккой сыгъдæгдæр æмæ хæлардæр, ирзонынады та фылдæр уаиккой уæхскуæзæй чи кусой, ахæм зиууæттæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.