Дзауы

Ныр 10 мæйы дæргъы Ирытоны фæсивæдæй бирæтæ активон хайад исынц Донбасс æмæ Луганск ссæрибар кæныны фæдыл Сæрмагонд операцийы. Кæй зæгъын æй хъæуы, хатгай нæ вæййынц æппæт хъæугæ дзаумæттæй ифтонг, афтæ æфсæддон мигæнæнæй дæр. Фæлæ зын уавæрты уæвæг адæмыл аудæг æмбæстæгтæ не ’хсæн тынг бирæ. Уыдон сæхи нæ бааууон кодтой æмæ фæдардтой æххуысы къух нæ хæстонтæм.

Дзауы Администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ куыд загъта, афтæмæй районы ауагътой гуманитарон æххуысы акци. Æрбамбырд кодтой алыгъуызон дзаумæттæ æмæ æхцайы фæрæзтæ. «Цы æхца нæм æрбамбырд ис, уыдон арвыстам нæ Президенты администрацимæ æмæ уырдыгæй та иумæйагæй нæ республикæйы номæй æрвыст æрцыдысты Сæрмагонд операцийы ирон хæстонтæн», — загъта Вандæ.

Æртагæй ифтонггæнæг хызæг «Рояль»- ы кусджыты иу хай дæр æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ æмæ балхæдтой дыууæ квадракоптеры. Уыдон, æмæ ма акцийы æхцайы фæрæзтæй дарддæр цы æрæмбырд ис, уыцы дзаумæттæ та Дзауы районы номæй арвыстой сæхæдæг.

Администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, ноджыдæр фæнд кæнынц æххуыс кæнын хæстонтæн.

Знауыры

Ныр 10 мæйы дæргъы Ирыстоны фæсивæдæй бирæтæ активон хайад исынц Донбасс æмæ Луганск ссæрибар кæныны фæдыл Сæрмагонд операцийы. Кæй зæгъын æй хъæуы, хатгай нæ вæййынц æппæт хъæугæ дзаумæттæй ифтонг, афтæ æфсæддон мигæнæнæй дæр. Фæлæ зын уавæрты уæвæг адæмыл аудæг æмбæстæгтæ не ’хсæн тынг бирæ. Уыдон сæхи нæ бааууон кодтой æмæ фæдардтой æххуысы къух нæ хæстонтæм.

Дзауы Администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ куыд загъта, афтæмæй районы ауагътой гуманитарон æххуысы акци. Æрбамбырд кодтой алыгъуызон дзаумæттæ æмæ æхцайы фæрæзтæ.

«Цы æхца нæм æрбамбырд ис, уыдон арвыстам нæ Президенты администрацимæ æмæ уырдыгæй та иумæйагæй нæ республикæйы номæй æрвыст æрцыдысты Сæрмагонд операцийы ирон хæстонтæн», — загъта Вандæ.

Хуыгаты Миленæ