9-æм декабры киноконцертон зал «Чермен»-ы уыдис ССР Цæдисы сырæзтыл сæдæ азы сæххæсты цытæн юбилейон мадзал. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хицауад æмæ Парламенты сæрдартæ Джуссойты Константин æмæ Æлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны парламентты депутаттæ.

Юбилеймæ æрбацæуæг адæм бакастысты ССР Цæдисыл ист документалон кинонывмæ, кæцыйы сæ хъуыдытæ дзырдтой Хуссар Ирыстоны раздæры Парламенты Сæрдар Коцты Станислав, Хуссар Ирыстоны раздæры Президенттæ Тыбылты Леонид æмæ Цыбырты Людвиг, ахуыргонд Дзадтиаты Руслан æмæ æндæртæ.

ССР Цæдисы гимны фæстæ ныхасы бар радтой Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы секретарь Тадтаты Таймуразæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 100 азы размæ арæзт ССР Цæдис уыдис дунейы фыццаг социалистон паддзахад.

Тадтаты Таймураз ма банысан кодта, зæгъгæ, абон ма у Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг сырæзты бæрæгбон дæр. Раарфæ кодта залы æрæмбырдуæвджытæн, Хуссар Ирыстоны Парламентæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ССР Цæдис алы хъуыддаджы дæр сарæзта, адæмæн æнæмæнгхъæуæг къахдзæфтæ æмæ æрсидт, цæмæй уыцы хорздзинæдтæ ма рох кæнæм кад æмæ сын аргъ кæнæм.

Уæрæсейы парламенты депутат Тайсауты Хъазыбег та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон ацы бæрæгбон нысан кæнæм, уый немæ нысан кæнынц Цæдисы республикæты дæр æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Мæскуыйы.

Дарддæр раныхасгæнæг радзырдта Советон Цæдисы дардыл æнтыстытыл Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фашизмыл уæлахиз. Фыдыбæстæйон хæстæй фынддæс азы фæстæ æмбæстаджы космосмæ арвыст. Хъыгагæн, загъта Тайсауы фырт, — абон мах, Советон Цæдисы фæлтæрты, цæрын ахуыр кæны АИШ Нагасаки æмæ Хиросимæйы адæмы сафæг бæстæты адæмты цард схæццæгæнæг. Афтæмæй та Мæскуыйы стыр театр куы сырæзт, уæд АИШ-æн куыд паддзахадæн, афтæ йæ кой дæр нæма уыдис.

Уый фæстæ Хъазыбег Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володины номæй раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Парламентæн, йæ сырæзтыл 32 азы кæй сæххæст, уый фæдыл.

Тайсауты Хъазыбег ма банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны тыххæй Уæрæсейы парламентмæ исты фарст хаст куы æрцæуы, уæд депутаттæ иууылдæр рахæцынц ирон адæмы фарс.

Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Яна Лантратова та загъта, зæгъгæ, æхсызгон ын у, ССР Цæдисы сырæзтыл 100 азы æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты 32 азы сæххæсты мадзалы хайад кæй исы, уый.

Уый фæстæ мадзалмæ æрбацæуджытæн равдыстой концерт. Хайад дзы райстой зарæггæнджытæ æмæ кафджыты ансамблтæ «Симд» æмæ «Ирон».

Гæззаты Иван