Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты ирвæзынгæнæн сæрмагонд операци Хуссар Ирыстоны историйы дæр æрцахста стыр бынат. Ирон фæсивæд уым райстой активон хайад, ныккалд дзы ирон туг. Æфсымæрон адæмæн æххуыс кæнынмæ ацыдысты куыд хæс æфсæддон хайадтæй контрактонтæ, афтæ бархитæ дæр.

Алы ныййарæгæн дæр йæ хъæбулы хæстмæ æрвитын у мæлæты цæстытæм комкоммæ кæсынау. Фæлæ ирон лæппутæ кæддæриддæр цыдысты — «Худинаджы бæсты — мæлæт!», зæгъгæ, ахæм девизы бын, ныййарæгæн та йæ бон цы у — Стыр Хуыцау æмæ Иры зæдтыл хъæбулы фæдзæхсын.

16 марты нæ республикæйы 4-æм Уæрæсейаг æфсæддон базæйæ 700-йæ фылдæр хæстоны, сæ бæрæг хай ирон лæппутæ, куы араст сты Спецоперацийы хайад исынмæ, уæд уыдоны ‘хсæн уыдис Бестауты Азæмæт дæр. Азæмæт уæд службæ кодта Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйы 2-æм батальоны. Куыд загъта, афтæмæй сын уыцы бон сæ командæкæнынад фехъусын кодта спецоперацимæ сæ кæй хъуамæ акæной. «Нæ командæкæнынад нын бахæс кодта, цæмæй барæвдз кодтаиккам нæ техникæ дæр æмæ нæхи дæр. Æз уыдтæн хайы командир, мæ хайы механиктæ уæд уыдысты Волгограды биатлонæй æрвылазон ерысты. Сæ хæстæ сын мæхимæ райстон æмæ бацæттæ кодтон, цы БМП-йыл хъуамæ ацыдаин, уый. Уыцы бон изæрæй араст стæм нæ фæндагыл», — радзырдта Азæмæт.

Хæст кæм ис, уым æнæмæнгæй ис мæлæт дæр, фæлæ нæ хæстонтæй иуы цæстæнгасыл дæр нæ разынд тасы фæд. Снысангонд бынатмæ фæцыдысты хъæлдзæгæй, заргæйæ, æмæ фæстæмæ сæ бинонтыл сæрæгасæй сæмбæлыны стыр ныфсытимæ.

«Æркодтой уал нæ украинаг горæт Иловайскмæ, уым æрбынат кодтам хъæу Степнаяйы. Æртæ боны, уым, хæстон уавæртæм бацæттæ кæныны фæстæ, нын радтой, хъæу Сладкое знаджы къухтæй ссæрибар кæныны хæслæвæрд. Уыцы ’хсæв ацыдыстæм атакæйы æмæ нын бантыст цалдæр километры арф бацæуын. Уæд фæцæф сты не ’мхæстонтæй бирæтæ, уыцы нымæцы ирон лæппутæй Тедеты Владик æмæ Багаты Альберт дæр. Иумиагæй сисгæйæ, Ирыстонæй ацæугæ хæстонтæ се ’ппæт дæр абырстыты цыдысты раззаг хаххыл», — зæгъы Бестауты фырт.

Хæдæфсарм, хиуылхæцгæ æмбаргæ ирон лæппуйы йæхи хæстон архæйдтыты кой ракæнын æппындæр нæ фæндыд. Æппынæдзух йæ ныхас æфтыдта йе ’мхæстонты хъайтардзинæдтыл. Йæхæдæг цы цæфтæ райста, уыдонæй та загъта, уыдон хуымæтæджы зындзинæдтæ сты. Азæмæтæн уым ацъæл сты йæ фæрсджытæ, йæ къæхты связкæтæ аскъуыдысты, бахъуыд æй госпитализаци кæнын. Куы фæфидар ис, уæд та ногæй слæууыд йе ’мхæстонты æмрæнхъ.

Азæмæты æфсæддон хай Степнайайæ ракодтой Ростовмæ, æмæ уырдыгæй та æрвыст æрцыдыстысæ Спецоперацийы æппæты тæссагдæр бынат Мариупольмæ. Уым сын лæвæрд æрцыд Азовстальмæ фæндагыл порт байсыны хæс. «Уыцы хæстон операцийы рæстæджы фесæфтам тынг бирæ хæстонты. Нæ алы къахдзæфы дæр чидæр хъуыд не ’хсæнæй.

Æнæракойгæнгæ нæй не ’мзæххон Хуыгаты Сосланы сгуыхтдзинæдты тыххæй. уый цыма хæсты быдыры дæр нæ уыд, афтæ йæ хъус дардта, нæ хæстонтæй-иу чи фæцæф ис, уыдонмæ æмæ уавæр бар куыд лæвæрдта, афтæ-иу сæ судзгæ нæмгуыты бынæй фервæзын кодта. Рахаста-иу сæ æдас бынатмæ æмæ-иу сын бакодта фыццаг æххуыс. Сослан Цхинвалæй дæр цыд йæхицæн уыцы хæс йæ разы æрæвæргæйæ æмæ йæ æххæст кодта цæсгомджынæй», — радзырдта Азæмæт.

Мариуполы радон ныхмæлæуды рæстæджы Азæмæт фæцис уæззау цæф. Райдайæны йæ цæфæн стыр нысаниуæг нæ радта, æнхъæлдта, зæгъгæ, схъис ахыст иннæрдæм æмæ чысыл хъæдгом та байгас уыдзæн. Фæлæ йæ Донецкы рынчындонмæ куы бакодтой, уæд уым сбæрæг кодтой — нæмыджы схъис ахызт йæ цæсты кæрон, фындзы галиу фæрсты, бахыст сæры æмæ сæрымагъзæй миллиметр дæрццæг æрлæууыд. Уыд тынг тæссаг Азæмæты йæ бынатæй змæлын кæнæн дæр. Схъис фезмæлынæй тæссаг уыд, æмæ уæд сæрымагъз хъыгдард баййæфтаид. Донецкы рынчындоны уал баззад дæс боны, стæй раконд æрцыд Ростовы æфсæддон госпитальмæ. Уым ын систой схъис, скодтой йын æмбæлон хос. «Ме ’мхæстонтæй мæ цæстыты раз чи фæмард ис, уыцы нывтæ куы æрымысын, уæд мæ цæфтæ ферох кæнын. Цæфæн ис схосгæнæн, фæлæ цардæн раздахæн…», — хъуыды кæны Азæмæт.

Æдæппæт иу мæйæ чысыл фылдæр уыдис Азæмæт хæсты быдыры. Мæлæты цæстытæм каст комкоммæ, фæлæ фидар удыхъæды хицау, æдæппæт 27 азы кæуыл цæуы, уыцы æрыгон, фидæрттæконд лæппу ныртæккæ кæд йæ цæфты фæстиуджытæй нæма фервæзтис, уæддæр цæттæ у ногæй йе ’мхæстонтæм аздæхынмæ.

Йæ зæрдæмæ æппæты тынгдæр айста ахæм ныв:

«Мариупольмæ бацæугæйæ æмбæлдыстæм хуымæтæджы адæмыл, сæ къухты уыд чысыл тыхтонтæ, сæ фæллæйттæй ма цы баззад, уыдонæй, сæ фæстæ — сæ хæдзæртты сыгъд æмæ пырхæнтæ, сæ уадултыл згъæлдысты цæстысыгтæ, махмæ та кастысты ныфсы гаранты цæстытæй æмæ ныл æфтыдтой дзуæрттæ… Уыцы нывтæн нæй ферохгæнæн», — йæ зæрдæ уынгæггæнгæйæ радзырдта Азæмæт.

Райгуырæн бæстæмæ æрыздæхгæйæ нæ республикæйы Æфсæддон хъахъхъæнынады министрад Азæмæты схорзæхджын кодта Хуыбылты Валерийы орденæй, Уæрæсейы президенты номæй та йæ схорзæхджын кодтой Жуковы номыл Орденæй.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.