Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы горæт Дзæуджыхъæуы цæрæг, кæстæр сержант Гæджиты Алексейæн (Олег) саккаг кодтой бæрзонд хорзæх, Жуковы майдан Донбасс бахъахъхъæныны фæдыл Украинæйы территорийыл специалон æфсæддон операцийы рæстæджы сæрмагонд хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй.

***

1987 азы гуырд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæг, рæнхъон Дзабиты Сослан хорзæхджын æрцыд Жуковы майданæй Донбасс бахъахъхъæныны фæдыл Украинæйы территорийыл специалон æфсæддон операцийы рæстæджы сæрмагонд хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисыны тыххæй. Карз тохы рæстæджы ирон хæстон уæззау цæф фæцис егъау снаряды схъистæй. Нæ зæрдæ йын зæгъы тагъд цы сæнæниз уа, уый.

ХОРЗÆХДЖЫН ÆРЦЫД «ВО СЛАВУ ОСЕТИИ»-ЙЫ МАЙДАНÆЙ

Капитан, æфсæддон хирург, медицинон ротæйы командир Битарты Артур хорзæхджын æрцыд «Во славу Осетии»-йы майданæй. Уый Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ аскъуыддзаг кодта дохтыр суæвын. Каст фæцис Цæгат Ирыс-тоны паддзахадон медицинон институт. Рацыд ординатурæ. 2015 азы Артур кусынмæ ацыд Цæцæнмæ, ссис æфсæддон хирург. Уый фæстæ 2018 азы службæ кæнынмæ рахызт Цæгат Ирыстоны 58-æм иумиаг æфсæддон æфсадмæ. Йе ’мбæлттæ куыд дзурынц, афтæмæй Артур у æууæнкджын хæлар, бæрнон æмæ раст адæймаг.

Куыд йæ хæстон æмбæлттæ, афтæ Битарты Артур ныртæккæ ис Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы раззаг хаххы. Уый хос кæны йе ’мслужбæгæнджытæн, арæх ныхмæлæууæджы æхстыты бын. Арфæ йын кæнæм йе ’фсæддон хорзæхы тыххæй. Нæ зæрдæ йын зæгъы тагъд фæстæмæ æнæниз æмæ дзæбæхæй цы æрæздæха, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.