Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæн бирæ хæттыты аластой гуманитарон æххуыс Хуссар Ирыстонæй. Бынæттон цæрджыты æдтейæ ма се ’ххуысы хай бакæнынц алыгъуызон куыстуæттæ æмæ уагдæттæ дæр. Ахæм гуманитарон акци саразын бафæндыд милицийы Сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджыты дæр.

ОМОН-ы кусджытæ æрæмбырд кодтой æхцайы фæрæзтæ 400 мин сомы бæрц æмæ стæй номхыгъд сарæзтой æнæмæнхъæуæг товартæн фронтмæ арвитыны тыххæй. Спецкъорды командиры хæдивæг Санахъоты Владислав куыд зæгъы, афтæмæй зындзинæдтимæ сæмбæлдысты товар æлхæныны рæстæджы.

«Ӕфсæддон товартæй бирæтæ уыдысты зын ссарæн, кæцыдæртæ та дзы тынг фæзынаргъ сты. Мах æй тынг хорз зонæм, хæстон адæймаг хæсты быдыры цæуыл фæтыхсы, уый, уæлдайдæр та уазал рæстæджы. Балхæдтам хъарм пысултæ, медикаменттæ, хæлцадон продукттæ, хисæрмагонд гигиенæйы товартæ æмæ афтæ дарддæр. Гуманитарон æххуыс бынатмæ нылластам нæхæдæг æмæ йæ æфсæддон дæлхæйттыл дæр нæхæдæг байуæрстам. Стыр бузныг сын зæгъын иууылдæр, чидæриддæр ацы хъуыддагмæ йæ хайбавæрд бахаста, уæлдайдæр та суанг фронтмæ чи ныццыдис гуманитарон æххуысимæ, уыдонæн», — загъта Владислав.

Украинæмæ ацыдысты дыууæ автомашинæ. Иу машинæ дзы уыдис ОМОН-ы кусæджы, æмæ шофырæй дæр йæхæдæг ацыд. Иннæ машинæ та сын радтой мидхъуыддæгты министрад автомобилон паркæй. Фæндагыл цæугæйæ сыл райзæрдæйæ æмбæлдысты алы ран дæр, куыд æфсæддонтæ, афтæ ма бынæттон цæрджытæ дæр. Владиславы ныхæстæм гæсгæ фронты цы æнгомдзинад ис алыгъуызон æфсæддон дæлхæйтты ‘хсæн, ахæм никуыма федтой.

«Мæн дисы бафтыдта ирæттæн дзы цахæм кад ис, уый. Сæхицæн ахæм ном кæй скодтой, уый тыххæй сын стыр бузныг зæгъын. Стæй ма сын хæларадон ахастытæ ис алкæимæ дæр, иннæ нациты минæвæрттимæ сты хъæрмуд. Ӕгæрыстæмæй ныл контролон-уадзæн пунктты дæр рæдауæй æмбæлдысты, нæ фæндагæн-иу нын раарфæ кодтой, куы-иу нæ базыдтой ирæттæ стæм, уæд. Ахæм ахаст нæм кæй уыд, уый мын тынг æхсызгон у», — банысан кодта Владислав.

Фронты уæвæг хæстонтæ ныридæгæн иууыл тынгдæр тыхсынц хъарм уæлæдарæсыл æмæ медикаменттыл. Уазæлтты æрлæудимæ фæзындысты алыгъуызон вирусон низтæ, уазал сæ бацæуы æмæ сæ хуыфæг фæтыхсын кæны. ОМОН-ы кусджыты фæнды ис, цæмæй ма ноджы бацæттæ кæной гуманитарон æххуыс.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.