2021 азы броны полигон лæвæрд æрцыд горæты администрацийы балансмæ, фæлæ йе скусыны фæдыл Паддзахадон бюджетмæ нæ бахастой æхцайы фæрæзтæ. Ныр уыцы фарст аскъуыддзаг ис.

«Полигон скусдзæн 2023 азы. Уый тыххæй Паддзахадон бюджетæй рахицæн кæндзæн 23 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæй балхæндзыстæм сæрмагонд техникæ æмæ нын кусджыты мызды фаг дæр уыдзæн. Ныртæккæ мах кусæм штатон иуæгтæ æмбырд кæныныл. Экономикон райрæзты министрад та — тарифтыл», — зæгъы горæты Администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Зозиаты Эдуард.

Куыд зонæм, афтæмæй горæты брон калд цæуы Къусреты хъæуы. Æндæр ранмæ ахæссыны фарст карзæй лæууыд рагæй фæстæмæ дæр. Уымæн æмæ Къусреты хъæуы брондон дзуапп никуы лæвæрдта санитарон домæнтæн æмæ тæссагдзинад æвзарын кодта, канд æввахс хъæуты цæрджыты æнæниздзинадæн нæ, фæлæ ма æппæрццагæй æндæвта микрорайонты Хурзæрин, Цæгатаг, Мæскуыйаг æмæ БАМ-ы цæрджытыл дæр.

Æниу æндæр ранмæ ахæссыны варианттæ бирæ уыдысты, фæлæ дзы иу дæр санитарон-эпидемиологон домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Æппынфæстаг аскъуыддзаг кодтой, полигонæн ног бынатæн иууыл хуыздæр горæтæн скæсæны ’рдыгæй Ирыхъæу равзарын. Уый у горæтæй 4 км æмæ Присы хъæуæй та — 2 км дæрддзæф. Санитарон нормæтæм гæсгæ уый раст у. 500 метрæй хæстæгдæр ма хъуамæ уа цæрæн пунктмæ.

2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты броны полигонæн рахицæн кодтой 165 милуан сомы. Полигон арæзтой дыууæ этапæй. Фыццаг аз, 12 гектары зæххыл цы брондон арæзт цыд, уыцы фæзуатæн ныссыгъдæг кодтой йæ территори. Скъахтой 2,5 гектарыл котлован. Полигоны территорийыл сæвæрдтой модулон вагонтæ, фидæны объекты чи кусдзæн, уыдонæн цæрæн бынатæн. Бауагътой йæм электроэнергийы сæрмагонд хахх, санитаронхъахъхъæнæн зонæйы нормæтæ арæзт æрцыдысты, сæмбонд кодтой æмткæй объекты территори.

Дыккаг этапы та, ома, 2020 азы — котлован бамбæрзтой сæрмагонд мембранайæ, цæмæй ма уадза броны хъæстæ, марг дон, зæххы мæрмæ æмæ æдас уа æрдзæн. Полигоны фарсмæ прессгæнæн сæрмагонд минизаводы фæрцы брон утилизаци кæндзысты, ноджы ма дзы хъæбæр æвзарæнтæ æлхъывд цæудзысты. Зæгъæм, зæронд уазалгæнæнтæ, телевизортæ, хæдзарон ставд хъæдын дзаумæттæ, арæзтадон æфсæйнæгтæ æмæ фæйнæджы гæбазтæ утилизаци скæндзысты. Стæй сæрмагонд конвейерыл уыдон æрвитдзысты дыккаг уæладзыгмæ. Æлхъывд æмæ прессгондæй дзы уадздзысты брикеттæ. Брикетты фæрцы сэкономи кæндзæн котлованы бынат æмæ уæлдæф дæр нæ чъизи кæндзæн. Специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй полигон аскъуыддзаг кæндзæнис нæ горæт æмæ æввахсдæр хъæуты проблемæ 25-30 азмæ. Полигоны территорийыл фæстæдæр ноджыдæр сырæздзæн иу котлован. Прессгæнæн мини-заводæн сараздзысты фæлварæн скуыст. Уый фæстæ полигон ратдзысты горæты администрацийы балансмæ, цæмæй йыл уыдон дарддæр дзуапп кæной.

Уазæгты Марфæ