ЦИПУ-йы географи æмæ геоэкологийы факультеты бындурыл 1972 азæй фæстæмæ кусы географион æхсæнад. Йæ сæйраг нысан у, æрдз чи уарзы, экологийыл чи тыхсы, уыдон æрбаиу кæнын. Йæ уæнгтæ кæнынц волонтеры куыст дæр.

Цæмæй æхсæнады куыст ахадгæдæр уа, уый тыххæй республикæйы разамонæг Сергей Меняйло æмæ Уырыссаг географион æхсæнады вице-президент Артур Чилингаров бафыстой æмгуыстады бадзырд. Мадзалы архайдтой ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан, Экологи æмæ æрдзхъахъхъæнынады министрады разамонджытæ, стæй æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы фæнысан кодтой ахсджиаг нысæнттæ. Æмгуыстад арæзт уыдзæн географи æмæ экологийы фарстатæ ахуыр æмæ парахат кæнынмæ, æрдз хъахъхъæнын, адæмимæ æмбарæн куыст кæнын, уыцы къабазы ахуырад дунеон æмвæзадмæ сисын, æрдзон æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæнын…

Уымæй уæлдай, æмгуыстады фæлгæтты арæзт цæудзæн иумæйаг конференцитæ, наукон семинартæ, конкурстæ, фестивалтæ, равдыстытæ æмæ бирæ æндæр мадзæлттæ.

«Ныртæккæ æрдз æмæ экологимæ цы цæстæнгас ис, уый алчи дæр зоны, уымæ гæсгæ ахæм æнтыстджын æхсæнадимæ æмгуыст кæнын махæн ахсджиаг къахдзæф у. Мæнмæ гæсгæ, æмгуыстады алыхуызон мадзæлттæ фæсивæды зæрдæты райхъал кæндзысты æрдзмæ аудыны æмæ йæ хъахъхъæныны æнкъарæнтæ. Экологи нæм зæрдæзæгъгæ куы уа, уæд стыхджын уыдзæн туризмы къабаз дæр. Уырны мæ, Уырыссаг æхсæнадимæ иумæ экологи æмæ æрдз хъахъхъæнынмæ нæ иумæйаг бавæрд ахад-гæ кæй уыдзæн», – загъта Сергей Меняйло.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.