Йæ цард æмæ йæ рæстæг кæстæр фæлтæры хъомыладæн чи снывонд кодта, уый афтæ макуы зæгъæд æмæ æнæхъуаджы фæцарди. Хъомыладон куыст стыр арфæйаг хъуыддаг у, уæлдайдæр ма йæ зонадимæ куы бабæттай, уæд.

Ирон æвзагзонынады къабазмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыдонæй иу у филологон зонæдты доктор, профессор, ЦИПУ-йы ирон æвзаджы кафедрæйы раздæры сæргълæууæг Тахъазты Харум. Ахуыргонд йæ царды бонты кæны рухстауæн архайд. Ныффыста дæсгай зонадон куыстытæ, бацæттæ кодта мин-гай фидæны ахуыргæнджытæ. Тахъазы-фырт зындæр предметтæй иу, ирон грам-матикæмæ, бахаста бирæ ногдзинæдтæ æмæ сæ ахуыргæнæн чингуыты фæрс-тыл рæдауæй парахат кæны. Дæсгай азтæ фæкуыста ЦИПУ-йы ахуыргæнæгæй.

Æрæджы ахуыргондыл сæххæст 90 азы. Уый фæдыл ЦИПУ-йы арæзт æрцыд кадджын мадзал. Амыдта йæ ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты декан Гуыриаты Эльвирæ. Сæ уарзон ахуыргæнæг, æмкусæг, хæларæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты хицауады уæнгтæ, Ахуырады министрады кусджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, йе ʻмкусджытæ, йæ æнæнымæц студент-тæ…

Ахуыргонды цард æмæ архайдыл бæлвырд доклад скодта филологон зонæдты кандидат, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис. «Харумы царды фæндæгтыл бирæ дзурæн ис. Райгуырд Лескены. Фондз аздзыдæй æнæфыдæй баззадысты йæ хоимæ æмæ сæ хæсты уæззау азты тынг мæгуыр уавæрты схъомыл кодта сæ мад. Фæлæ уæддæр æрыгон лæппу йæ уд радта ахуырмæ. Йæ мадыфсымæр, зындгонд ахуыргонд Исаты Мæхæмæтау, равзæрста ирон æвзагзонынады къабаз æмæ дзы абоны уонг дæр кæны удуæлдай куыст. Схъомыл кодта бирæ фидæны ахуыргæндтæ. Йæ хъæппæрисæй ЦИПУ-йы байгом аспирантурæ æмæ докторантурæ. Диссертацитæ ныр Мæскуыйы бæсты хъахъхъæд цыдысты Ирыстоны. Тахъазы-фырты разамындæй кафедрæйы кусджытæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны астæуккаг æмæ уæлдæр скъолатæн бацæттæ кодтой ирон æвзаг, литературæ æмæ фольклорæй канд ахуыргæнджытæ нæ, фæлæ бирæ зонадон кусджытæ æмæ иртасджытæ».

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй ахуыргондæн бузныг загъта æмæ Арфæйы фыстæг бакаст йæ администрацийы консультант Бигъуылаты Людмилæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты минæвар, ахуыргонд Дзиццойты Юри йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй Харумы дыууæ Ирыстоны дæр уарзынц бирæ æмæ йын зæрдиагæй ахуыр кæнынц йæ зонадон куыстытæ. Уый ма æрдзырдта ирон грамматикæйы ногдзинæдтæ æмæ хицæндзинæдтыл, Харумы зонадон бынтыл. Уый фæстæ юбилярæн радта Арфæйы фыстæг æмæ зæрдылдарæн лæвар.

ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан радзырдта, Тахъазыгфырт ахуыргæнæн уагдоны цы азтæ бакуыста æмæ йæ къухы цы бафтыд, уыдоны тыххæй æмæ ахуыргондæн радта Кады грамотæ æмæ æхцайы преми.

Ахуыргонды кадæн
Ахуыргонды кадæн

Мадзалы ма ахуыргонды тыххæй радзырдтой æмæ йын Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ ракодтой Ахуырады министрады минæвæрттæ Габеты Вадим æмæ Дзанайты Марк, ахуыргонд Цыбырты Людвиг, Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг Цомартаты Изæтбег, Стыр Ныхасы Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбег, журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ… Тахъазы-фырты тыххæй сæ мысинæгтæ загътой æмæ сæхи фыст æмдзæвгæтæ бакастысты поэт Мамыкъаты Хъазыбег æмæ журналист Гасанты Валери. Бафиппайын хъæуы уый æмæ раныхасгæнджытæ се ʻппæт дæр кæй уыдысты Тахъазты Харумы раздæры студенттæ.

«Харум æрмæст йæ мыггаджы лæг нæу, фæлæ Ирыстоны кадджын хистæр. Уый ныридæгæн йæ удæгасæй йæ цардыл чиныг ныффыста. Йæ уæздандзинад æмæ зонындзинæдтæ дæнцæгæн хæсдзысты кæстæр фæлтæрæн. Мах сæрыстыр стæм, нæ мыггаджы ахæм лæг кæй ис, уымæй æмæ нын фæзминаг уыдзысты кæддæриддæр йæ хорз хъуыддæгтæ», — загъта мыггаджы номæй Тахъазты Батрадз.

Филологон наукæты доктор Тахъазты Валери Петербургæй сæрмагондæй æртахт йæ кадджын æрвады юбилеймæ. Уый йе студентон бонтæй радзырдта хъæлдзæг хабæрттæ. Куыд загъта, афтæмæй-иу сæ мыггагæй исчи цы фæнды хорз ма бацæттæ кодтаид йæхи фæлварæнтæм, уæддæр ын Харум «фондз» никуы нывæрдта, исчи афтæ зæгъдзæн, йæхиуæттæн хорз нысæнттæ æвæры, зæгъгæ.

Кæронбæттæны Тахъазы-фырт арфæ ракодта мадзалы архайджытæн ахæм кад ын кæй скодтой, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй кæд кусгæ нал кæны, уæддæр йæ зонадон архайд нæ ныууагъта. Ис æм нырма бирæ фæндтæ æмæ сæ сæххæст кæныныл зæрдиагæй архайы.

Харум йæ зонадон, педагогон æмæ æхсæнадон куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд бирæ Кады грамотæтæй, у «УФ-йы уæлдæр профессион ахуырады кадджын кусæг», «Адæмон ахуырады отличник», «Наукæ æмæ техникæйы сгуыхт архайæг»… Йæ ахуыргæнæн чингуытæ «Ирон орфографион дзырдуат», «Ирон æвзаг» фарастæм къласæн, «Русско-осетинский разговорник» æмæ бирæ æндæртæ стыр ахъаз сты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн.

Харум кæй схъомыл кодта, уыцы фæлтæрæй дæн мæхæдæг дæр æмæ йын арæх фæхъуыды кæнын йæ удыхъæдыл. Алчидæр æй зоны, студенттæ алыхуызон сты. Кæй ахуыр кæнын нæ фæнды, чи галиу митæ кæны… Ахæмтæм сабырæй кæсын тынг зын у. Фæлæ æз æхсæз азы мидæг никуы фехъуыстон æмæ Тахъазы-фырт искуы йæ хъæлæс фæбæрзонд кодта, йæ уæздандзинад ын уый бар никуы радта. Афтæмæй æвдай азы бæрц фæкуысты ЦИПУ-йы.

Мах не ʻппæт дæр зæрдæбын арфæ кæнæм нæ уарзон ахуыргæнæг Тахъазты Харумæн. Йе ʻнæниздзинад ма фæцудæд, йе сфæлдыстадон хъомыс ма фæкъаддæр уæд, афтæмæй йæ сæдæ азы сæрæй акæсæд.

Джусойты Нинæ