Алы паддзахадæн дæр ис йæхи паддзахадон символтæ. Уыдон сты йæ суверенитеты сæйраг нысæнттæ – герб, тырыса æмæ гимн.
 Паддзахадон тырысайы бон у нæ бæстæйы æцæг патриотты, республикæ чи бахъахъхъæдта æмæ арæзта, йæ райгуырæн бæстæйæн кад чи кæны æмæ йæ размæцыды тыххæй чи фæллой кæны, уыдоны бæрæгбон. Йӕ рӕстӕджы ацы тырыса сидт нæ адæмы иудзинад æмæ сæрибардзинадмæ. Ацы тырысайæ хордтой ард, йемæ цыдысты мæлæтхæссæг хæстмæ райгуырæн Ирыстоны сæрвæлтау æмæ уыимæ нысан кодтой уæлахиз.

Традицимæ гæсгæ нæ горæты Театралон фæзуаты уыдис паддзахадон символы бæрæгбон. Ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын церемонийы хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Парламенты депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул Паддзахадон гимны зæлтæм фæзуатмæ æрбахастой æмæ схæцыдысты æртæгъуыз Паддзахадон тырысайыл æмæ бæрзондæй рафæйлыдта.

Гаглойты Алан раарфæ кодта ирон адæмæн æмæ банысан кодта ацы боны асхджиагдзинад. Абон, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны нысан цæуы стыр бæрæгбон – Паддзахадон тырысайы бон. Æмæ мæн уырны, урс-сырх-зæрингъуыз тырыса кæй суыдзæн нæ бæстæйы стыр æнтыстыты æмæ размæцыды символ. Уый махæй хъуамæ æнкъара алчи дæр æмæ йæ нæ зæрдыл дарæм цыфæнды къахдзæф аразыны размæ дæр.

Тырысайы урс-сырх-бур ӕр-тӕгъуыз нысан кӕны Фыдыбӕстӕйы кад ӕмӕ у националон иудзинад ӕмӕ йӕ фӕлтӕрты ивындзинады символ.

Уый у нӕ паддзахаддзинады, нацийы хиӕмбарынад ӕмӕ йӕ ӕнӕфенкъуысгӕ монон ӕргъадты ӕвдисӕн, фидар кӕны нӕ патриотикон удварн, ӕвдисы, ӕнусты сӕрты цы бирӕӕнусон традицитӕ рахастам, уыдон.

Нæ сæрыстырдзинад æмæ кадджын бæрæгбон

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕ тырыса у нӕ кад ӕмӕ нӕ сӕрыстырдзинад, алкӕй зӕрдӕйы дӕр нӕ судзы иууыл райдзастдӕр ӕнкъарынӕдтӕ, нӕ кадджын историйæ сӕрыстырдзинады ныфс нын дӕтты.

«Ныртӕккӕ дӕр сӕ цардыл ӕнӕауӕрдгӕйӕ ирон хӕстонтӕ, нӕ тырыса бӕрзонд сисгӕйӕ, тох кӕнынц фашизмы ныхмӕ Украинӕйы зӕххыл, хъахъхъӕнынц истори ӕмӕ нӕ националон ӕргъадтӕ. Нӕ зынаргъ тырыса нӕ ӕнгом кӕны, ӕвидигӕ тых нын дӕтты ӕнӕдызӕрдыгӕй уӕлахизыл ӕууӕнкдзинад», – дзырдта Гаглойты Алан.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ныфс бавӕрдта, зæгъгæ, нæ паддзахадон тырыса ноджыдӕр разӕнгард кӕны ӕрмӕстдӕр рӕзынмӕ, ӕндидзынад ӕмӕ Аланийы кадӕн размӕ цӕуынмӕ.

Паддзахадон тырысайы раз ансамбль «Симд» ӕрсидт нӕртон симд. Фӕзуатмӕ рӕзгӕ фӕлтӕр рахастой ирон тырысайы парахат кӕттаг. Зындгонд зарӕггӕнджытӕ сӕххӕст кодтой символикон зарджытӕ.

Къæбулты Марина

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.