Алы паддзахадæн дæр ис йæхи паддзахадон символтæ, уыдон сты йæ суверенитеты сæйраг нысæнттæ – герб, тырыса æмæ гимн. Паддзахады символтæ сты бæстæйы истори æмæ йæ абоны бон.

19-æм сентябры Паддзахад Алани банысан кодта Паддзахадон тырысайы бон.  Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы нысаниуæгджын бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан кæй цæуы 2013 азæй  фæстæмæ.

Бæрæгбоны цытæн мадзал традицимæ гæсгæ уагъд æрцыд нæ горæты Театралон фæзуаты, уымæн æмæ 90-æм азты кæрон Хуссар Ирыстоны адæм бæстæйы хæдбардзинады сæрыл тох кæнын куы райдыдтой, уæд нæ горæт æмæ адæмы сæрмæ цы æртæхуыз тырыса уыд, уый бын Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ цыдысты гуырдзиаг фашистты ныхмæ уæззау тохтæм. Ацы тырысайы бын нæ лæппутæ ард хæргæйæ, цыдысты тохмæ. Уый стыр æнкъарынад у æмæ йæ мах, сæ фæстагæттæ, ма хъуамæ рох кæнæм.

Паддзахадæн ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын бæрæгбонон мадзалы хайад райстой Президент Гаглойты Алан, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, министрадтæ æмæ уагдæт-ты сæргълæуджытæ, Парламенты депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Хъахъхъæнынады министрады цытджын караул Паддзахадон гимны зæлтæм фæзуатмæ æрбахастой æмæ схæцыдысты æртæхуыз Паддзахадон тырысайыл æмæ бæрзондæй рафæйлыдта.

Бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан арфæ ракодта ирон адæмæн ацы ахсджиаг бæрæгбоны – Паддзахадон Тырысайы боны цытæн. Банысан кодта ацы боны асхджиагдзинад.

Хуссар Ирыстоны, нæ адæмы ног историйы, æртæхуыз тырыса ссис 1989 азы нæ национ хиæмбарынады райхъалы символ. Чысылнымæц адæмты ныхмæ сæ агресси цæмæй сраст кæной æмæ йæ растыл банымайой, уый тыххæй Гуырдзыстоны къухдариуæгад парахат кодта мæнгарддзинад. Уыцы мæнгарддзинады ныхмæ нæ адæмы бафæндыд райсын националон символикæ, кæцы уыд хиидентификацийы формæ.

«Националон-сæрибаргæнæн змæлды хайадисджыты рæнхъыты чи сырæзт, уыцы ирон трико-лор уыцы азты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты разæнгард кодта уæлахизмæ, æрбангом кодта ирон адæмы сæ барты фæдыл тохты, разæнгард сæ кодта ног æнтыстытæм.

Паддзахадон тырыса у рæстдзинад, хæдбардзинад, нæ фыдæлты æвзаг æмæ культурæйы сæрыл тохы символ. Монон сыгъдæгдзинад, хъарудзинад æмæ куыстуарзондзинад сты, нæ адæмы абон æмæ нæ фидæн кæуыл арæзт цæуы, уый бындур.

Тырысайы хуызтæ – урс, сырх, бур – уыдон иуæрдыгæй сты рагон символтæ, кæцыйы уидæгтæ ахæццæ сты суанг Нарты эпосмæ, аннæрдыгæй та сты нырыккон символтæ, кæцытæн ис алыварсон нысаниуæг», – дзырдта Президент.

Банысан кодта, зæгъгæ, триколоры символикæ æвдисы рæстæджыты бастдзинад, нæ фæлтæрты æмæ Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы ‘хсæн нæ иумиаг истори.

«Фыццаг хатт ирон æртæхуыз тырыса Театралон фæзуаты кæй сфæйлыдта, уый æнæнхъæлæджы нæ уыд. Уыцы аз ма ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны цытæн йæ райгуырæн хъæу Нары мæсыджы сæрæй дæр ра-фæйлыдта нæ тырыса.

Ирон триколор ма у, цæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, цæмæ бæллыдыстæм, уыдон царды биноныг кæныны – иудзинад æмæ размæцыд, фæрныгад æмæ сабырады символ», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Президент ноджыдæр бузныг загъта мадзалы хайадисджытæн. Нæ хъайтарты руаджы зæгъгæ, абон махæн фадат ис, цæмæй нæ тырыса бæрзонд хæссæм.

Мадзалы кæрон Театралон фæзуаты Паддзахадон тырысайы боны цытæн ансамбль «Симд» æрсимдта националон ирон симд. Скъоладзау фæсивæд ирон тырысайы хуызы фæлыстæй сæххæст кодтой цалдæр номыры.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.