Æрæджы нæ республикæйы цæрджытæ банысан кодтой сæ уарзондæр бæрæгбонтæ — Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Тырысайы æмæ Хæдбардзинад расидыны бон. Сæ цытæн бирæ алыгъуызон мадзæлттæ ауагъд æрцыд культурон-рухсадон уагдæтты, иумиагахуырадон уагдæтты.

Паддзахадон тырысайы бон цытимæ банысан кодтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ — скъолайæн хъомылады фарстыты фæдыл директоры хæдивæг Тедеты Ноннæйы сæргълæудæй.

Уыцы бон, 19-æм сентябры, бæрæгбонвæлыст уыд скъолайы кæрт. Хъуыстысты патриотон зарджытæ. Цæстытæ рæвдыдтой паддзахадон тырысайы хуызтæ, рæсугъд алыгъуызон дидинджытæ æмæ къоритæй фæлыст кæрт. Ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæн уыд бæрæгбонон зæрдæйы равг, сæ цæсгæмттыл хъазыд æхцон мидбылхудт.

Мадзалы айзæлыдысты паддзахадон гимны зæлтæ æмæ паддзахадон тырыса бæрзонд систой скъолайы ахуыргæнинæгтæ Хæбæлаты Аслан, Петриашвили Михаил æмæ Хуыбылты Димитри. Уый фæстæ, мадзал бацæуæн ныхасæй æрбакодта Тедеты Ноннæ. Уый йæ хъусдард аздæхта ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ æрхонгæ уазджытæм: «Абон, мах, не скъолайы нысан кæнæм стыр бæрæгбон, нæ Паддзахадон Тырысайы бон. Ацы бæрæгбон нæ республикæйы цæрджытæн у иумæйаг бæрæгбон, æмхуызон зынаргъ у алы цæрæгæн дæр. Уымæн æмæ ацы тырысайы бын хордтой ард сæ зæхх знагæй бахъахъæныны тыххæй нæ лæппутæ. Ацы тырысаимæ райстой хæдбардзинад дæр», — дзырдта Ноннæ Хъауырбеджы чызг æмæ сарæзта чысыл экскурс Паддзахадон Тырысайы историмæ.

— Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон символы хуызы нæ тырыса фидаргонд æрцыд 1992 азы 13 январы. Хъуыддаг та æцæгæй уыд афтæ: 1989 азы 26 майы Хуссар Ирыстоны Паддзахадон институты гуырдзиаг секторы студенттæ æрхъавыдысты гуырдзыйы хæдбардзинады сæраппонд æмбырд ауадзынмæ. Ныхмæлæуды хуызы ирон факультеты студенттæ рацыдысты горæты уынгтæм, сæ риуыл бакодтой урс-сырх-бур лентæтæ, афтæмæй. Протесты хуызы сæ фæндаг акодтой 13 коммунары ингæнмæ, сæвæрдтой дзы дидинджытæ. Уæд, фыццаг хатт ног дуджы, фæзынд абоны тырыса лен-тæйы хуызы. Уæдæ, нырыккон историйы, фыццаг хатт мах Ирон Тырысайæ пайда кæнын райдыдтам 1989 азы, Хетæгкаты Къостайы юбилейы бон. Уыцы бон Ирон Тырыса сфæйлыдта Нары хъæуы, Къостайы музейы сæрмæ. Уæд бирæтæ нæма æмбæрстой, цы нысаниуæг ис нæ Паддзахадон Тырысайæн. Фæлæ, абон стыр кад æмæ цыт ис Тырыса, Герб æмæ Гимнæн æгас Ирыстоны. Алы цæрæг дæр хъуамæ зона, пад-дзахады ацы æртæ нысан карзæй кæй цæуынц хъахъхъæд Конституцимæ гæсгæ. Конституцийы ахсджиаг хæстæй та иу у паддзахады символикæтæ ныббиноныг кæнын æмæ уыдон карзæй хъахъхъæнын. Уымæн æмæ уыдон ахъаз сты нацийы идентификацийæн.

Тырысайæн нæ царды куыд ахсджиаг нысаниуæг ис, уый тыххæй уыд, Багаты Алан цы æмдзæвгæ бакаст, уый.

Хуызджын у нæ тырыса: Урс-Сырх-Бур. Нæ бæстæйы арæнтыл дардыл фæйлауы! Уый у фидæны фæлтæрты царды бындур, йæ хуызтæй нæ адæмы зæрдæтæ райынц. Æмæ, æцæгæйдæр, афтæ у, йæ фендæй адæймаджы зæрдæ хурварс абады.

Ирыстоны хæдбардзинадыл дзурæг уыдысты мадзалы цы зарджытæ зарыдысты, уыдон се `ппæт дæр. Зæрдæмæ хъаргæ уыд Дудайты Ацæмæз райгуырæн бæстæйы тыххæй цы æмдзæвгæ бакаст, уый дæр. Нæ адæмы хъайтардзинадыл, сæ уæлахиздзинадыл дзурæг уыдис Гуыцмæзты Эдуард цы æмдзæвгæ бакаст, уый. Бæрæгбоны цытæн æмдзæвгæтæ бакастысты скъолайы «Раззагонтæ» дæр.

Мадзалы раныхас кодта æмæ Паддзахадон Тырысайы тыххæй йæ хъуыдытæ ахуыргæнинæгтæн радзырдта скъолайы директор Туаты Мадинæ. «Уый дуджы домæн уыд. Æнæуый Ирон Тырысайы истори рагон у æмæ æнгом баст у нарты æртæ мыггагимæ. Куыд зонæм, афтæмæй нартæ дих кодтой æртæ мыггагыл: Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæ. Алæгатæ уыдысты уæздан, зондджын, номдзыд мыггаг. Æхсæртæггатæн æмбал нæ уыд тых, ныфсхаст æмæ хъаруйæ. Борæтæн уыд дардыл зæххытæ, бирæ фос, сæ хорæн бафснайæн бынат дæр нæ уыд. Æмæ Тырысайы хуызтæ дæр æвзæрст æрцыдысты нарты æртæ мыггагимæ. Алæгатæн сæ хуыз — урс, нысан кæны монон сыгъдæгдзинад, рухс фидæн. Уыдонмæ уыд Нартамонгæ (Уацамонгæ). Уыд сын, нарт-иу ныхасмæ кæдæм цыдысты æмæ-иу куывдтæ кæм кодтой, ахæм стыр хæдзар. Æхсæртæггатæн ирон тырысайы сæ хуыз у сырх. Ацы мыггагæй — иу бирæтæ уæззау цæфтæ фесты, баззадысты-иу тохы быдыры, ныккалд-иу туг. Нарты хъæбатыртæ уыдысты ацы мыггагæй. Уымæ гæсгæ уыдонæн сæ хуыз у сырх. Борæтæн — бур. Хъæздыг æмæ мулкджын кæй уыдысты, хор æмæ сæм сыгъзæрин бирæ кæй уыд, уымæ гæсгæ тырысайы хуыз у бур, ома, хуры хуыз. Абон ацы тырысайы символы истори махæй алкæмæн дæр тынг цымыдисон у. Æмæ, уадз, нæ хæдбар республикæйы амондджынæй цæрут. Цæмæй амонджын уат, уый тыххæй та хъуамæ хорз ахуыр кæнат. Уый уын у мæ фæдзæхст,» — загъта скъолайы директор.

Ацы бæрæгбон ма цымыдисон уымæй уыд, æмæ уыцы бон кæстæркъласонты райстой ногдзауты рæнхъытæм.

Бæрæгбоны ма ахуыргæнинæгтæн раарфæ кодта ахуыр-хъомыладон фарсты фæдыл скъолайы директоры хæдивæг Бежанты Мананæ. Ахуыргæнинæгтæн йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, сабырад æмæ ахуырфæразондзинад.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæ аив сæххæст кодтой нæртон «Симд» æмæ уымæй мадзал ноджы фæаивдæр.

Кæронбæттæны айзæлыдысты музыкæйы зæлтæ æмæ ахуыргæнинæгтæ рахастой Паддзахадон Тырыса, афтæмæй хæрзбон загътой мадзалмæ æрбацæуджытæн.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.