РХИ-йы депутаттæ сидт арвыстой Уæрæсейы разамынадмæ: УФ-йы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæ æмæ УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советмæ Гуырдзыстоны националистты ‘рдыгæй хуссайраг ирæтты 1920 азы геноцид банымайыны тыххæй. Ахæм уынаффæ депутаттæ райстой 19 июлы закъондæттынадон органы фыццаг сессийы цыппæрæм рабадты. Фарстайы сессимæ рахаста Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Диакъонты Амиран.

Тексты, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«1920 азы июны хæдбардзинад расидæг Гуырдзыстоны хицауад æфсад бакодта Хуссар Ирыстоны ныцъист кæнынмæ, кæцы фехъусын кодта йæ хæдуагæвæрды бары æмæ Советон Уæрæсемæ баиу уæвыны тыххæй.

Гуырдзыйы æфсад, кæцы Германы оккупацион æфсæдты æмæ стæй та сæ фæивæг Стырбританийы æфсæдты æххуысæй уыд гæрзифтонг æмæ хæстхъом, дзыллон æгъдауæй скуынæг кодта ирон æмбæстагон цæрджыты, кæцыйы амæттæгтæ систы цалдæр мин адæймаджы. Чи аивæрзтысты, уыдоны балæууæндон агурын бахъуыд Уæрæсейы территорийыл. Гуырдзыстоны хицауиуæгад бакуыста æмæ реализаци кæнынмæ райста программæ Хуссар Ирыстоны колонизацийы фæдыл», – дзырдæуы сидты.

Тексты нысан цæуы, зæгъгæ, 1920 азы ирон цæрджытæй æндæр æмæ æндæр бæрæг-гæнæнтæм гæсгæ фæмард сæ иумæйаг нымæцæй 8 процентæй 25 проценты онг.

1920 азы гуырдзиаг æфсæдты ‘рдыгæй ирæтты дзыллон æгъдауæй куынæг кæнын æмæ адæмы мæлæт уыдысты Гуырдзыстоны хицауиуæгады ахъуыдыгон архайдтыты комкоммæ фæстиуæг, кæцы здæхт уыдис ирон адæмы иу хайы физикон æгъдауæй скуынæг кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны территори этникон æгъдауæй ссыгдæг кæнынмæ», – нысан цæуы тексты.

Ам ма хъусдард здæхт цæуы уымæ, æмæ 1920 азы цаутæн æмбæлон аргъ кæй не ‘рцыд, ирæттæм ахасты геноциды организатортæ æмæ фыдракæндты æххæстгæн-джытæ та бæрндзинадмæ конд не ‘рцыдысты. «Афтæ, æмæ дарддæр дæр Гуырдзыстоны хицауиуæгад равзæрста Хуссар Ирыстоны национ æгъдауæй цъист кæныны фæндаг, цæмæй йæ территори уыдаид гуырдзиæгты. 1989-1992 азты Гуырдзыстон ногæй бафæл-вæрдта ирон адæммæ ахасты этникон сыгъ-дæгкæнынад, 2008 азы та, æрмæстдæр Уæ-рæсе йæхи кæй фæхæццæ кодта, кæцы Гуырдзыстоны тыхæй æркодта сабырадмæ, уый бахызта Хуссар Ирыстоны цæрджыты бынтондæр сæ скуынæг кæнынæй», – дзырдæуы документы.

Сидты ма нысан цæуы, зæгъгæ, 1920 азы геноцид национ химбарынады баззадис тугæйдзаг хъæдгомæй æмæ геноциды факты уæрæх банымад, перспективæйы та Гуырдзыстоны ‘рдыгæй дæр – суаид æрмæст историон рæстдзинад сæндидзын кæныны акт нæ, фæлæ ма ахадæн уромæг фактор дæр Гуырдзыстоны ‘рдыгæй гарзджын агрессийы ног фæзындтытæн, куыд Хуссар Ирыстонмæ ахасты, афтæ Абхазмæ ахасты дæр.

«2020 азы июны Хуссар Ирыстон нысан кæндзæн геноцидыл сæдæ азы сæххæсты фыдохы бон. Мах курæг стæм, цæмæй æркастæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон делегацийы Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы райсыны фадатмæ, цæмæй ауагъдæуа консультацитæ Хуссар Ирыстоны национ трагедийы æрбалæугæ 100 азы хынцгæйæ, геноцид банымайынимæ баст гæ-нæнуæвæн политикон-барадон къахдзæфтæ саразыны фæдыл», – дзырдæуы сидты.

Диакъонты Амиран куыд банысан кодта, афтæмæй Парламенты номæй æнгæс сидтытæ раздæр дæр æрвыст цыдысты Уæрæсейы разамынады адресыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2006 азы IV-æм æрсидт Хуссар Ирыстоны Парламент Гасситы Знауыры сæрдариуæгадæй арвыста дыууæ Уынаффæйы: 1918-1920 азты цаутæн политикон аргъы тыххæй æмæ 1989-1992 азты хуссайраг ирæтты геноциды тыххæй деклараци.

Уымæй дарддæр ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, V-æм æрсидт Парламент Коцты Станиславы сæрдариуæгадæй арвыста уынаффæ, цыран дзырдæуы, цæмæй политикон-барадон аргъ лæвæрд æрцæуа 2004-2008 азты Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийæн.

«Стыр бузныг зæгъæм, ацы документтыл чи куыстой, æппæт уыдонæн. Уый, æцæгæйдæр, ахсджиаг фарст у Хуссар Ирыстонæн. Уыцы азты Парламент цы сидтытæ арвыста, уыдон сты УФ-йы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советы. Уый хынцгæйæ, æнæмæнгхъæуæг у ацы фарсты фæдыл Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советы нæ коллегæтимæ кусын», – банысан кодта парламентари.

1920 АЗЫ ХУССАЙРАГ ИРÆТТЫ ГЕНОЦИД БАНЫМАЙЫНЫ ТЫХХÆЙ РХИ-йы ПАРЛАМЕНТЫ фСИДТ УФ-йы ПАДДЗАХАДОН ДУМÆ  ÆМÆ ФЕДЕРАЦИЙЫ СОВЕТМÆ

1920 азы июны хæдбардзинад расидæг Гуырдзыстоны хицауад æфсад бакодта Хуссар Ирыстоны ныцъист кæнынмæ, кæцы фехъусын кодта йæ хæдуагæвæрды бары æмæ Советон Уæрæсеимæ баиу уæвыны тыххæй. Гуырдзиаг æфсæдтæ скуынæг кодтой Хуссар Ирыстоны цæрæн пункттæн сæ фылдæр хай. Гуырдзыйы æфсад, кæцы Германы оккупацион æфсæдты æмæ стæй та сæ баивæг Стырбританийы æфсæдты æххуы-сæй уыд гæрзифтонг æмæ хæстхъом, дзыллон æгъдауæй скуынæг кодта ирон æмбæс-тагон цæрджыты, кæцыйы амæттæгтæ систы цалдæр мин адæймаджы. Чи аивæрзтысты, уыдоны балæууæндон агурын бахъуыд Уæрæсейы территорийыл. Гуырдзыстоны хицауиуæгад бакуыста æмæ реализаци кодта Хуссар Ирыстоны колонизацийы фæдыл программæ.

1920 азы ирон цæрджытæй æндæр æмæ æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæмард сæ иумæйаг нымæцæй 8 процентæй 25 проценты онг. 1920 азы гуырдзиаг æфсæдты ‘рдыгæй ирæтты дзыллон æгъдауæй куынæг кæнын æмæ адæмы мæлæт уыдысты Гуырдзыстоны хицауиуæгады ахъуыдыгонд архайдтыты комкоммæ фæстиуæг, кæцы здæхт уыдис ирон адæмы иу хайы физикон æгъдауæй скуынæг кæнын æмæ Хуссар Ирыстоны территори этникон æгъдауæй ссыгъдæг  кæнынмæ.

1920 азы цаутæн æмбæлон аргъ не ‘рцыд, ирæттæм ахасты геноциды организатортæ æмæ фыдракæндты æххæстгæнджытæ та бæрндзинадмæ конд не ‘рцыдысты. Афтæ æмæ дарддæр дæр Гуырдзыстоны хицауиуæгад равзæрста Хуссар Ирыстоны национ æгъдауæй цъист кæныны фæндаг, цæмæй йæ территори уыдаид гуырдзиæгты. 1988-1992 азты Гуырдзыстон ногæй бафæлвæрдта ирон адæммæ ахасты этникон сыгъдæгдзинад, 2008 азы та, æрмæстдæр Уæрæсе йæхи кæй фæхæццæ кодта, кæцы Гуырдзыстоны æркодта сабырадмæ, уый бахызта Хуссар Ирыстоны  цæрджыты бынтондæр сæ скуынæг кæнынæй.

1920 азы геноцид национ химбарынады баззадис тугæйдзаг хъæдгомæй æмæ геноциды факты уæрæх банымад, перспективæйы та Гуырдзыстоны ‘рдыгæй та суаид æрмæст историон рæстдзинад сæндидзын кæныны акт нæ, фæлæ ма ахадæн уромæг фактор дæр Гуырдзыстоны ‘рдыгæй гарз-джын агрессийы ног фæзындтытæн, куыд Хуссар Ирыстонмæ ахасты, афтæ Абхазмæ ахасты дæр.

2020 азы июны Хуссар Ирыстон нысан кæндзæн геноцидыл сæдæ азы сæххæсты фыдохы бон. Мах курæг стæм, цæмæй æркастæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон делегацийы Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы райсыны фадатмæ, цæмæй ауагъдæуа консультацитæ Хуссар Ирыстоны национ трагедийы æрбалæугæ сæдæ азы бон зæрдыл даргæйæ, геноцид банымайынмæ баст гæнæнуæвæн политикон-барадон къахдзæфтæ саразыны фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.