Ныры дуджы тынг арæх ис фенæн кæстæр фæлтæр, кæнæ хистæртæ дæр кæй рацæйцæуынц гелийæ дымст къоритимæ. Уыдонæй рæсугъд сфæлындзынц чындзæхсæвтæ, алы бæрæгбæттæ, бахæссынц сæ гуырæнбæттæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый вæййы тынг рæсугъд, фæлæ æрдзæн цы зиан хæссынц, ууыл никуы ахъуыды кæнæм.

Бæрæг куыд у, афтæмæй гелийæ дымст къоритæ арвы цъæхмæ арæх стæхынц.  Уыцы газ та æрдзæн хæссы стыр зиан. Уæдæ сæхæдæг дæр хорзæрдæм не ‘ндавынц нæ алыварс дунейыл. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй тымбылæг хауы пластмассæйæ арæзт дзаумæттæм. Сырдтæ сæ арæх холыйы ‘фсон аныхъуырынц æмæ афтæмæй фæхъæстæ вæййынц, уый аххосæй арæх мæлæты къахыл дæр ныллæууынц. Арæх сæ бахæрынц тæхаг цъиутæ æмæ уыдоны дæр се ‘мбисонд баййафы.

Ноджы ма сабитæм худæгау фæкæсы, куы сын сулæфынц сæ уæлдæф, уæд сæ хъæлæс куыд фæивы, фæлæ йæ нæ зонынц, уый цас зиан хæссы организмæн, уый.

Иртасджытæ æмбисондæн хæссынц, зæгъæм, резинæ къоритæй денджызы цы латексы муртæ баззайы, уыдон. Доны цы денджызон уæртджынхæфсытæ цæрынц, уыдон сæ азарæй байсæфынц. Тымбылæг, зæгъæн ис, æмæ пластикон     брон у. Æмбийын куы райдайы, уæд дзы разыны æнæниздзинадæн зианхæссæг буарадтæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ латексæй конд тымбылджытæ æмбийынц 4 азы, капронæй кæй саразынц, уы-дон та 100 азы. Фæлæ, зæгъæм, æфсæн гæххæттæй кæй сарæзтой, уыдон та 200 азы не ‘мбийынц. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Уæрæсейы хицæн регионтæ дæр уыцы хъуыддагмæ се ‘ргом аздæхтой. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Санкт-Петербург æмæ Сочи. Ацы горæтты æхсæнадон бæрæгбæтты уæлдæфон тымбылджытæй пайда кæнын банымадтой æнæзакъононыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.