Æрæджы Парламенты Сæрдар Æлборты Алан æмæ Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза Пятигорскы Цæгат Кавказы Парламентон Ассоциацийы рабадты хайад кæй райстой, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Дриаты Заза.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй Парламентон Ассоциацийы рабадтмæ фыццаг хатт фæхуыдтой 7-æм сæвзæрст Парламенты. Парламентари банысан кодта, тынг райгондæй кæй æрыздæхтысты, уый.

«Никуы уыдыстæм ахæм мадзæлтты. Тынг актуалон æмæ фæстиуæгджын у, æрæмбырд æм вæййынц Цæгат Кавказы федералон зылды парламентты сæрдартæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæхуыдтой нæ Парламенты Сæрдар Æлборты Аланы æмæ, куыд Æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар, афтæ мæн дæр. Бæрæг уыд, Республикæ Хуссар Ирыстонмæ ахаст æмæ цымыдисдзинад бонæй-бонмæ кæй рæзы. Куыд фæхатыдтæн, афтæмæй нæ республикæйы тырыса дæр лæууыд Ставрополы тырысайы фарсмæ, дарддæр та лæууыдысты иннæ республикæты тырысатæ. Мæнмæ гæсгæ, уый нысан кæны, сæ хъус нæм кæй дарынц, уынынц нын нæ архайд, хъусынц нæ. Ставрополы губернаторы раныхасы фæстæ ныхасы бар радтой Æлборты Аланæн. Уый фысымтæн бузныг загъта, нæ Парламенты делегацийы кæй фæхуыдтой æмæ нæ ахæм зæрдиагæй кæй райстой, уый фæдыл.

Ахæм мадзалы фыццаг хатт кæй истам хайад, уый тыххæй нын радзырдтой мадзалы ахсджиагдзинады, йæ нысаниуæджы тыххæй, фенын нын кодтой, цы объекттæ аразынц, æппæт уыдæтты.

Кулуарты ныхæсты рæстæджы Æлборты Алан банысан кодта, кæй йæ фæнды Хуссар Ирыстоны дæр ахæм масштабон мадзал ауадзын», – банысан кодта парламентари.

Дриаты Заза куыд радзырдта, афтæмæй «Зонындзинæдты центр Машук» ахъаз у Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты  æвзонг адæймæгты бастдзинæдтæ фидар кæнынæн, уыимæ иумæ ма у фæсивæды патриотикон хъомылады фæзуат, активон хайад дзы райсынц Хуссар Ирыстоны фæсивæды минæвæрттæ дæр, уымæн æмæ сын пайда у ахæм инновацион ахуыргæнæн центры фæлтæрддзинад.

Цæгат Кавказы Федералон зылды парламентты сæрдартимæ базонгæйы фæстæ сæ Æлборты Алан фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ.

Ам хайад райстой УФ-йы Федералон Советы сенатортæ, уыцы нымæцы Ставрополы крайæ сенатор Геннадий Ягубов дæр. Парламентон ассоциаци рæзыны, уæрæхдæр кæныны нысанæн Ягубов фæндон бахаста, цæмæй ахæм мадзæлтты хайад исой æндæр республикæты сенатортæ дæр.

Кулуарты дæр ныхас цыд алыгъуызон фарстатыл, уыцы нымæцы Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны парламентты ‘хсæн бадзырдыл къухтæ æрфыссыны тыххæй.

Кæд ацы документ раздæры сæвзæрст парламент бацæттæ кодта, уæддæр ыл, цæмæдæр гæсгæ, къухтæ не ‘рфыстæуыд. Фæлæ, æвæццæгæн, ныр ацы хъуыддаг йæ бынатæй феггуырсдзæн, уымæн æмæ Тускъаты Таймураз æмæ Æлборты Алан бадзырдтой, цæмæй дыууæ æфсымæрон республикæты ‘хсæн æмгуысткæнынады бадзырд æвæстиатæй арæзт æрцæуа.

Осиаты Индирæ