Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны Национ музейы директор Зассеты Мерабы. Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта музейы директорæн, йæ коллективæн æмæ æппæт ирон адæмæн, музейы сырæзты боныл 95 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн.

«Музейы кусджыты удуæлдай куысты фæрцы æмбырд æрцыд экспонатты уникалон коллекци. Уый дзурæг у ирон адæмы культурæйы æмæ историйыл, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты нæ адæмы сгуыхтдзинæдтыл, 2008 азы августы цаутыл. Зонын æй, сымах кæй цæттæ кæнут Хуссар Ирыстоны æрдзы тыххæй композици дæр.

Ныфс мæ ис, нæ республикæйы уазджытæ æмæ цæрджытæ сымахмæ бирæ цымыдисон зонындзинæдтæ кæй райсдзысты. Уырны мæ, уæ энтузиазм æмæ музейы хъуыддагмæ ахасты фæрцы сымахæн бирæ бантысдзæн», – загъта Президент.

Йæ рады, Зассеты Мераб бузны-джы ныхæстæ загъта Бибылты Анатолийæн Хуссар Ирыстоны музейы архайдмæ ахæм хъусдард кæй дары, афтæ ма загъта,  кæй сын бантыст саразын «Президентон экспозици».

«Уыдон тынг цымыдисон экспонаттæ сты, бирæ хъуыддæгтыл сты дзурæг. Музеймæ æрбацæуджытæ семæ зонгæ кæнынц цымыдисонæй. Мах сæ хъахъхъæндзыстæм æмæ сын аргъ кæндзыстæм», – банысан кодта Зассеты Мераб, æмæ ныфс бавæрдта Президентæн, кæй бацархайдзæн, цæмæй РХИ-йы Национ музей суа Кавказы иууыл хуыздæрыл.

Фембæлды кæронбæттæны паддзахады сæргълæууæг музейы фондæн радта Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллы лæвар Йесо Чырыстийы нывимæ æмæ РХИ-йы тырыса, кæцы æрсагътой Цæгат полюсы 2008 азы 1 апрелы экспедицийы хайадисджытæ ССРЦ-йы сгуыхт полярник Вдадимир Кошелевы къухдариуæгадæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.