РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд уæрæсейаг æфсæддон   ахуыргæнæн уагдæтты рауагъдонтимæ, кæцытæ æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты службæ кæнынмæ.

Фембæлды хайад райста РХИ-йы хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим.

Президент раарфæ кодта æрыгон афицертæн, ахуыр кæй фесты, уый тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта райгуырæн зæххыл сæ æфсæддон хæс æнтысгæйæ æххæст кæныны фæндиæгтæ.

«Уæ фидæн баст у Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтимæ, Гарзджын тыхты фидæн та кæнгæ у уæ райсгæ зонындзинæдтæй. Ныфс мæ ис, æфсады æмвæзад уе ‘ххуысæй кæй бæрзонддæр кæндзæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый бацымыдис кодта, æрыгон афицертæ цахæм ахуыргæнæн уагдæттæ фес-ты каст æмæ куыд ист цæуынц службæмæ.

Гассеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, 11 афицерæй дыууæ ныридæгæн службæ кæнынц РХИ-йы хъахъхъæнынады министрады.

«Дыууæйæ ист æрцыдысты службæмæ, нысан æрцыдысты ахуыргæнæн ротæйы командиртæй. Ныртæккæ министрады уагъд æрцæудзæн ротаци, афицертæй бирæтæ ацæудзысты пенсийы æмæ сентябры иннæ рауагъдонтæ дæр службæмæ ист æрцæудзысты», – загъта министр.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, уыдонæй иуты фæнды службæмæ цыппæрæм уæрæсейаг æфсæддон базæмæ бацæуын, РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн къухтæ фыст кæуыл æрцыд, уыцы сразыдзинадмæ гæсгæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.