Дæс азы рацыд, Гуырдзыстоны къухдариуæгад фынæй горæты ныхмæ уæрæх, гуырахстджын хæстон архайдтытæ куы райтынг кодта. Сæ фæнд уыд нæ бæстæйæ «сыгъдæг быдыр» саразын. Гуырдзыстоны бирæнымæц æфсæддон техникæ æмæ æфсад æрхъула кодтой, лæгæрстой Хуссар Ирыстонмæ тугмондаг сырдтау. Уымæ нæ кæсгæйæ, хуссарирыстойнаг æфсæддон дæлхæйттæ, бархионтæ сæ разы æрæвæрдтой хæс, æппæт амæлттæй дæр бахъахъхъæнын знагæй Райгуырæн зæхх. Æнæмсæр тохы уыдон хъæбатырæй лæууыдысты знаджы ныхмæ, цалынмæ сæм Уæрæсейы æфсад æххуысмæ фæзындысты, уæдмæ.

Ацы бонты æппæт Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, æппæт ирон адæм ногæй мысынц 2008 азы августы цаутæ. Ирон адæмыл æрцæугæ трагеди, бирæнымæц адæймæгты мæлæт, ныр дæр æнцойад нæма дæттынц адæмы зæрдæтæн.

2008 азы нæ горæты бирæ сабырцæрæг æмбæстæгтæ лыгъдысты знаджы нæмыгæй. Фæлæ сæ уый цагъта Тъбеты фæндагыл. Уый фæдыл Тъбеты хъæуы уыдон номыл арæзт æрцыд «Сыгъд удты музей», кæцыйы экспонаттæ систы, гуырдзиаг бронетехникæйæ пырх æмæ сыгъд цы хæдтулгæтæ æрцыдысты, уыдон.

“Сыгъд удты музей”-ы сыгъд хæдтулгæтыл айтыгътой сау хъуымацы лыггæгтæ. 7-æм августы Хъахъхъæнынады министрады цытджын хъарагъул Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номæй «Хъынцъымгæнæг бæлас»-ы раз сæвæрдта венок. Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Цæгат Ирыстонæй  æрцæуæг  делегаци, Уæрæсейы регионтæй цытджын уазджытæ, æфсæддон службæгæнджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Уыдон дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой ацы бынаты фæмардуæвджыты номыл  «Хъынцъымгæнæг  бæлас»- ы раз.

 

ЦÆРДЗЫСТЫ, ЦАЛЫНМÆ СÆ МЫСÆМ, УÆДМÆ

Йæ адæмы уæззау уавæрыл йæ зæрдæ кæмæн рыст, уыдонæй сæ иу уыд не ‘мбæстаг зынгæ маэстро Гергиты Валери. Уый йæ адæмы тугхъулон хъæдгæмттæн схос кæныныл хъуыдыгæнгæйæ уæды сыгъд Парламенты бæстыхайы раз асинтыл ауагъта концерт-реквием. Уæдæй фæстæмæ уыцы асинтæ схуыдтой Гергиты Валерийы асин-тæ.

Куыд æрвылаз, афтæ та ацы аз дæр асинтыл æвæрд æрцыдысты гуырдзиаг нæмыгæй фæмардуæвджыты къамтæ… сæ разы сыгъдысты цырæгътæ…

«Мысынад хъæуы сæрæгæсты»-йы акцийы хайад райстой республикæйы разамынады бæрнон кусджытæ Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, бæстæйы раздæры Президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Хуссар Ирыстоны УФ-йы минæварад, нæ республикæйы цытджын уазджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Акцийы фæлгæтты ма уыцы бынаты æвдыст æрцыд, «Российская газета» цы нывты равдыст сарæзта, уый. Ацы нывты, сæйраджыдæр, æвдыст æрцыдысты 2008 азы августы æрцæугæ цаутæ .

Мадзаламонджытæ адæмы ба-зонгæ кодтой гуырдзиаг-ирон ныхмæлæууынады рагисториимæ. Æрдзырдтой 2008 азы августы агрессийы райдианыл, зæгъгæ, уæд нæ горæты сабырцæрæг адæм уыцы æхсæвы онг хъуыды кодтой сабыр цардыл, сабиты ирд сомбоныл. Фæлæ æмбисæхсæв уæларвон тыгъдад ныццæхæртæ калдта … æмæ райдыдта тугуарæн хæст… Знаг йæ сырдон дзæмбытæй æрбавнæлдта нæ Райгуырæн бæстæмæ, пырх æмæ цæгъдын райдыдтой нæ ирондзинад, нæ удварн. Фæлæ сын нæ бантыст сæ фыдвæнд сæххæст кæнын.

Мысæн акцийы йæ раныхасы Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, Гуырдзыстоны раздæры президент М. Саакашвилийы мæнгарддзинад æмæ йæ схуыдта æфсæддон фыдгæнæг, кæцы дзуапп хъуамæ радта трибуналы раз ирон адæмы геноциды тыххæй.

«Уый телеуынынады дзырдта, ирон адæмы кæй уарзы, сæ культурæ æмæ сын сæ традицитæн кæй аргъ кæны, кад кæны ирондзинадæн. Фæлæ, хъыгагæн, цалдæр сахаты фæстæ Гуырдзыстоны уæды президент радта йе ‘фсадæн  Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» саразыны бардзырд. Уый фæнд кодта Хуссар Ирыстоны бацахсын æмæ Гуырдзыстоны тырыса нæ столицæйы бæстастæу æрсадзын. Фæлæ æнæмсæр тохы, бæстæйы цæрджытæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы, уымæн йæ хинæйдзаг фæндтæ нæ сæххæст сты», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли дзырдта, зæгъгæ, знаг уый æнхъæл нæ уыд, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ стырæй чысылæй кæй слæудзысты æмæ бахъахъхъæндзысты сæ Райгуырæн бæстæ. Нæ уыдысты уый æнхъæл æмæ Уæрæсе бар кæй нæ ратдзæн, цæмæй куынæг æрцæуой йе ‘мбæстæгтæ.

Президент уæлдай аргъ скодта уæрæсейаг æфсады архайдæн 2008 азы августы æрцæугæ цауты рæстæджы. Банысан кодта, уыдон егъау æххуыс куынæ бакодтаиккой, уæд Хуссар Ирыстон абоны бон нæ   уаид. Йæ хъахъхъæнджытæм та æнхъæлмæ каст хъæбатыры мæлæт.

Бибылты Анатоли бузныг загъта, ацы уæззау мысæн бонты нæ фарсмæ чи ис, æппæт уыдонæн. Банысан кодта, дунейы алы къуымтæй Хуссар Ирыстонмæ кæй цæуы æмзæрдæйы телеграммæтæ августы трагедийы фæдыл.

УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Виктор Водолацкий æппæт депутаты номæй, æрымысыд дæс азы размæ 7 августы 2008 азы сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты кæй эвакуаци кодтой хæстон горæтæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, уæззау хæстон архайдтыты фæстиуджытæ кæй æнкъары Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтимæ. Уыцы уæззау бонты Ирыстоны зæххыл чидæриддæр уыд, уыдон æнустæм сæ зæрдæты дардзысты ацы нымæцтæ  – 08. 08. 08.

Мысæн мадзалы ма ныхасы рацыдысты Цæгат кавказы «Салдатты мæдты» комитеты сæрдар Гугкаты Ноннæ, 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы фæмардуæвæг уæрæсейаг æфсæддон службæгæнæг Александр Кореневы ныййарджытæ.

Краснодары крайы «Российская газета»-йы филиалы редактор Александр Ершов. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фæсхæст нæ горæты æмбæстæгтæм информацихæс-сæг фæрæзтæй иу уыд «Российская газета». Уæд ацы газеты журналисттæ махимæ иумæ банкъардтой хæсты фæстæ уæззау æмæ æндыгъд уавæрты цард æмæ æндидзынад.

Августы хæстон архайдтытыл дæс азы сæххæсты цытæн уыдон сорганизаци кодтой фоторавдыст – «Цхинвал. Дæс азы сабырад æмæ хæсты». Фоторавдысты адæмы размæ хаст æрцыдысты 2008 азы августы æрцæугæ цауты хроникæ æмæ дæс азы фæстæ 2018 азы уавæр.

Мадзалы хайадисджытæ æмырæй алæугæйæ ссардтой, æдзард хъайтарты рухс нæмттæ.

Нæ горæты æхсæзæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ йæ раныхасы банысан кодта, хæст цыбыр дзырд у, фæлæ уæззау, уымæн æмæ йæ мидæг æмбæхст сты зындоны цъæх арты фæйлауæнтæ, туджы зæйтæ, зæрдæ кæй нæ уромы, ахæм трагикон цаутæ.

«Бæргæ нæ фæнды, хъоды йыл бакæнæм, фæлæ зæрдæйы арф хъæдгæмттæ куы сагайынц, уæд бæстæ атары вæййы æмæ цæстыты раз февзæрынц нæ Иры хъайтартæ æмæ хъæбултæ. Уыдонæй кæд бирæтæ не ‘хсæн нал сты, уæддæр нæ  зæрдæты арф æвæрд сты. Хъæбатыр фæдисонтæй бирæтæ нал разылдысты сæ адджын уæзæгыл, нал банызтой хæххон сатæг суадæттæй, нал фæхъæстæ сты ныййарæджы армæй конд уæливыхтæй… Зæрдæрыстæй баззадысты сæ хиуæттæ, сæ хотæ, ныййарджытæ æмæ æмкъæйттæ…», – дзырдта Лианæ.

Мадзалы рæстæджы ма æххæст æрцыдысты августы хæстон цаутыл фыст æнкъард зарджытæ.

Къæбулты Маринæ,

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.