Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ауагъта радон æмбырд 2019 азы РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийы фарстаты фæдыл.

Æмбырды хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады Æхсæнадæмон æмгуыстады департменты хистæр Антон Мельник,  РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыттаты Эдуард æмæ подрядон организациты минæвæрттæ.

Паддзахады сæргълæууæг æмбырды хайадисджытæм бахатыд, цæмæй алкæцы объекты фæдыл дæр æрбавдисой лæмбынæг доклад.

«Цытджын хæлæрттæ! Мах хъуамæ бæрæгæй уынæм, цахæм æнтыстытæ бафтыд нæ къухы, цæмæ æнхъæлмæ кæсæм, цахæм проблемæтæ ис, æмæ цæмæй раздæр фидаргонд плантæм гæсгæ Инвестицион программæ сæххæст кæнæм, уый тыххæй нæ уæлæмхас тыхтæ хъæуы æви нæ?

Иумæйагæй мæ банысан кæнын фæнды, Инвестицион программæйы реализаци кæй цæуы хорз темптæй. Фæлæ ис кæцыдæр фарстатæ, кæцытыл хъæуы æруынаффæ кæнын æмæ бакусын», – загъта Бибылты Анатоли. Уый байхъуыста Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуарды докладмæ, объектты арæзтады процессы, процентон ахасты куыстытæ куыд æххæст цæуынц æмæ финансон фæрæзтæй куыд пайда цæуы, уыдоны фæдыл. Дарддæр уынаффæ цыд, 2019 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдоныл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.