Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмбырд ауагъта 2019 азы РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстыты фæдыл.

Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, г.Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гуыцмæзты Илья, Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгтæ эксплуатаци кæныны фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыттаты Эдуард æмæ подрядон организациты минæвæрттæ.

Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта азы кæронмæ объекттæ эксплуатацимæ радтын æмæ æрдомдта, цæмæй дзы алкæцыйы фæдыл дæр лæмбынæг доклад æрбавдисой.

«Аз фæуд кæны, уымæ гæсгæ, нæ разы лæууы Инвестицион программæ сæххæст кæныны хатдзæгты фарст. Цахæм æнтыстытæ æмæ зындзинæдтæ ис йæ реализаци кæныны, ис зындзинæдтæ финанскæнынады, хъæуы уæлæмхас фадæттæ æви нæ, цæмæй Инвестпрограммæ сæдæ процентæй сæххæст кæнæм фаронау?» – загъта Бибылты Анатоли.

Темæ дарддæр кæнгæйæ, уый банысан кодта, паддзахады фарсæрдыгæй алцыппæт дæр арæзт кæй æрцыд, цæмæй фарон азы сæвзæргæ проблемæтæ фæкъаддæр уой æмæ подрядон организацитæн саразæм куысты хорз уавæртæ.

«Махæн проблемæтæ ма хъуамæ сæвзæра Инвестицион программæ реализаци кæныны рæстæджы. Уый хъуамæ æххæст æрцæуа сæдæ процентæй», – æрдомдта Президент.

Уый фæстæ æмбырды хайадисджытæ лæмбынæг æруынаффæ кодтой объектты арæзтадыл, кæцытæ реализаци цæуынц 2019 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты, куыстытæ процентон æгъдауæй æххæсткæнынад æмæ финансон фæрæзтæй спайда кæныныл.  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.