Цытджын Рауль Джумкы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады, адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй, арфæ кæнын дæуæн æмæ Республикæ Абхазы æппæт адæмæн, Абхазы ссæрибар кæныны æмæ Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы боны цытæн.

Йæ бирæ æнусон историйы дæргъы æфсымæрон Абхаз рацыд бирæ фæлварæнтæ, алыхаттдæр уыдон иуварс кодта кадимæ. Абхазы уæлахиз баст у йæ адæмы бæрзонд патриотизмыл, æнæфæцудгæ æнувыддзинадыл, æнгомдзинадыл, алы хатт дæр цæттæ  кæй у йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Ацы бæрæгбон æнгом кæны, йæ Фыдыбæстæйы хорз историйæн чи кад кæны, æппæт уыдоны, æмæ йæ уырны йæ хорз фидæн. Уый ссис хъайтардзинад, хъæддыхдзинад, æгæрон æхсардзинад æмæ адæмы фидар удыхъæды символ.

Абон Республикæ Абхаз у, динамикон æгъдауæй рæзгæ бæстæ, кæцы ныфсджынæй кæсы сомбонмæ æмæ æнæцудгæйæ фидар кæны йæ хæдбар паддзахаддзинад.

Ныфс мæ ис, нæ адæмты ‘хсæн цы æфсымæрон хæлардзинад æмæ кæрæдзийæн кад кæныны ахастытæ сырæзт, кæцытæ бындуриуæг кæнынц историон хъысмæтты иумиагдзинадыл, уыдон дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты нæ адæмы хæрзиуæгæн.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны дын, цытджын Рауль Джумкы, фырт, мæ цæст уарзы дæуæн æмæ Апсныйы æппæт адæмæн сабырад, амонд, æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.