Зын у дæ уарзон адæмæй дард куы цæрай, фæлæ уымæй зындæр та у адæммæ афтæ хæстæг цæрын, æмæ сын сæ зæрдæйы цавд куыд хъусай. Уæд дын уыдон рыстæй æнæрисгæ нæй.

Æвæдза, диссаг у нæ Хуссар Иры хъысмæт. О, хъысмæт – цыма ацы дзырд дæр мах тыххæй равзæрд, уыйау йæ фæдыл баст у мæт. Уырыссаг æвзаджы «судьба» нысан кæны «суд Божий», ома, Хуыцауы тæрхон. Англисаг æвзагыл fate – тæрхон, мæлæт, ныхфыст æмæ а. д. Ирон æвзагмæ та ацы дзырд æрбафтыд арабаг æвзагæй, æмæ йæ бындурон нысаниуæг у æппæрццаг – æнæуæвгæ кæмæн нæй, ахæм амонд, царды хатдзæг, кæрон, адæмы фæдыл æфтыд цы у, уый. Афтæ, æмæ уыцы æнæаивгæ амонды аххосæй Хуссар Ирыстоны адæм аззадысты, раздæры егъау Цæдисæй ма цы аззади, уымæн йæ тæккæ арæнгæрон. Армыдзаг адæм февзæрдысты дунейы ныхмæдзыдты тæккæ астæу. Ныр цал æмæ цал хатты стыр политикæйы лæдзæг асасти ирон адæмы тæрныхыл, фæлæ та уæддæр сæндидзæм æртхутæгæй дæр. 2008 азы хæсты цауты хæдфæстæ Уæрæсейы уæды президент Дмитри Медведев загъта: «8-æм августы фæстæ дуне фæивта!». Уагæры, цавæр удыхъару ис чысылнымæц ирон адæммæ, цæмæй бандæвтаиккой, зæххы къорийы цы стыр ныхмæдзыдтæ цæуы, уыдоныл! Нæ куырыхон поэт Козаты Исидор кæддæр афтæ фыста: «Зæххыл куынæ уаиккой Ир, Уæд дуне уаид къахыр». Цымæ йын кæцы зæд æмæ дуаг байгом кодта, ирон адæм, чысылнымæц уæвгæйæ, дун-дунейы ахæм ахсджиаг бынат кæй ахсынц, уый? Цæмæй зыдта, цымæ, рацæудзæни цалдæр азы, æмæ ирон адæм бавзардзысты сæ цардвæндагыл æппæты стырдæр фыдæвзарæнтæ. Уыцы фыдæвзарæнты фæстæ уыдон уыдзысты арты сыгъдонты хуызæн, фæлæ та сæ Хуыцау йæ фæсарц бамбæхсдзæн, нæ та бауадздзæн дунейы фæкъахыр кæнын.

Афтæмæй нын уый фыццаг хатт нæ уыди. Цал æмæ цал хатты лæууыдыстæм сæрсæфæны, тæккæ къардиуы былыл. О, фæлæ нæм уæддæр баззади иу рагон миниуæг – нæ базыдтам зонд нæ рагон æмæ æрыгон историйæ дæр. Айрох та нæ сты нæ судзгæ хъизæмæрттæ. Абон та нæм фæзынд æнахуыр зыд æмæ кæрæфы уд. Уый сæраппонд æфсымæр æфсымæрыл дæр нал æууæнды. Уый сæраппонд бирæтæ адæмы рыстыл нал сагъæс кæнынц. Æмæ та ацы ран дæр сæ раны сты Къостайы ныхæстæ: «Оххай гъе, не знаг нæ былмæ фæтæры! Гъе, мардзæ, исчи, бынтон сæфт кæнæм!». Чи у не знаг, былмæ нæ чи тæры, кæд уый нæу, уæд? Уыцы тæрæнты та мах иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдыстæм, фæлæ уæддæр рæуæууæнк стæм. Нæ зæрдæты хиндзинад нæй, æмæ иннæты дæр афтæ æнхъæл стæм.

Ныртæккæ цы удæнкъуысæн уавæртæ сæвзæрд, уый тынг бандæвта нæ адæмы зæрдæйы уагыл. Фенкъард сты, зæхмæ ныккастысты. Горæты уынгты фæцæйцæугæйæ кæрæдзийæ сæ цæстæнгас æмбæхсынц. Сæ зæрдæйы дыдзы рухсыл сын цыма исчи сау æмбæрзæн баппæрста. Иу сыхы цæрæг адæм кæрæдзи аивæй афæрсынц: «Цы хабæрттæ ис?». Изæрыгæтты хъæрахст хъустæ куы ацахсынц, уæд адæймаджы уæнгтæ атайынц. О, фæлæ «Нæ Ирæн нæ уыдзæн мæлæт – Уый æнусты уæрдæхтæй ныффидар!». «Мах фыдæлтæй нæ дугмæ æрвыст» цæй тыххæй стæм, уый нæма сæххæсти. Ацы уавæры тыххæй дæр та Хетæгкаты Къоста йе уоны кæсæгау уыди, æмæ зæгъы: «Тыхгæнæг хæд-дзумæ кæд искуы фæндонæй Æууæнккагæй раттай рæстæнхъæл дæ бар, Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй, Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..». Ацы фæдзæхст тынг карз у, æмæ фæдзæхст дæр нæу, æлгъысты уаг ын ис. Ныммæл, зæгъгæ, куы зæгъай, уæд уый фыдæлгъыст у, æмæ баст у, хæддзуйæ æлдар чи скæна, уый фæдыл. Уæдæ, кæд ацы «ныммæл» аллегори у, уæддæр фæсмонæй мæлын дæр æнцон нæу. Гъе, æмæ ныл цæмæй ацы æлгъыст ма ‘рцæуа, уый тыххæй та хъуамæ абон уæм цырддзаст æмæ ма ‘руадзæм, рарастгæнæн кæмæн нал уа, ахæм рæдыд. Сæйраджыдæр та  ма сивæм кæрæдзийыл нæ зæрдæ, ма суæлæхох уæм, æндæргъуызон фæндæгтыл чи ауади, уыдоныл дæр.

Годжыцаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.