Ног габуниаг сюрприз нын худыны хос хъуамæ уаид æви кæуыны, уый хуымæтæджы зæххон лæгæн зын бамбарæн у, фæлæ ныртæккæ ацы æмтъеры дунейы Георги Габунияйæ популярондæр кæй ничи у, ууыл дызæрдыггæнæн нæй… Кæмæй дæр, дам, ницы хъуыст æмæ, дам… Уыдонæн се ‘мбисонд – сæхи! Нæ сыхæгтæ цы бон баисты, уæдæй фæстæмæ сæ нæ фыдæлтæ æмæ уырыссаг адæм цы фы-дызнæгтæй хъахъхъæдтой, уыцы фыдызнæгтæ сын уый бæрц нæ ракодтой, ацы хабар сæ куыд ныдæлдзиныг кодта рæстаг адæм-ты цæсты…

Æмæ сыл худæм… Афтæмæй нæ хатт ферох вæййы, нæхæдæг дæр бирæ æнæсæрфат митæй нæхи кæй æфтауæм рæстаг адæмты, историйы цæсты… Интернет-тыгъдадмæ бахызтæ, уæд хъуамæ дæ цæстытыл дыууæ къухæй ныххæцай – алыгъуызон цъыфкалæн æмæ фидистæй лæгæн йæ уд йæ хъуырмæ свæййы. Уымæй дæр ма сæ æрмæст нæхæдæг куы фæрсиккам, иронау сæ куы фыссиккой, фæлæ сæ фыссынц уырыссагау æмæ сæ фæрсынц æгас зæххы къорийыл, уыцы нымæцы не сæфтмæ бæлджытæ дæр. Нæ ду-джы сæрхъызойтæ, Ирыстоны уарзын, Ирыстон æмæ ирон адæмæн лæггад кæнын æрмæстдæр комментаритæ дзæхст кæнынæй чи æвдисы, уыдон се ‘взаг зонгæ нæ кæнынц æви йæ сæ сæрмæ нæ хæссынц, уый дæр зын бамбарæн у. Зын бамбарæн у уый дæр, Ирыстоны æнæ йе ‘взаг куыд хъуамæ уарзай?..

Æви барæй фыссынц уырыссагау, цæмæй, цы къалиуыл бадынц, уый куыд лыг кæнынц, уымæ фылдæр адæмтæ æркæсой!..

Кæд уый рæстдзинад агурын æмæ патриотизм хуыйны, уæд сыгъд ссæууæд ахæм рæстдзинад æмæ патриотизмыл! Иу нын нæ бæззы, иннæ – ноджы æвзæрдæр… Домын æмæ фаутæ æвæрын æнцондæр у Ирыстонæн зæрдæбынæй лæггад кæнынæй, Ирыстоны хæрзæбоныл аудынæй. Фæлæ адæймаджы намыс æмæ хæрзæгъдаудзинад та? Нæй ахæм бæстæ, адæм алцæмæй разы æмæ æфсæст кæм сты, нæй а-дунейыл ахæм адæймаг, йæ царды алцы дæр йæ уды фæндиаг кæмæн у. Фæлæ ис рæстдзинад, куырм цæстæй кæсæн кæмæ нæй, ахæм рæстдзинад: бонвыддæрмæ нæ цæуæм, бирæ цæмæйдæрты у бæрæг, бонхуыздæрмæ кæй цæуæм уый. Алцы дæр абаргæйæ у. Æрхъуыды ма кæнæм, цал æмæ цал азы фæкастыстæм нæ удварны сæйраг артдзæстмæ, нæ театры сыгъдæттæм. Цал æмæ цал азы, цал æмæ цал хатты фембырд кодтам æхца нæ кадавар мыздты къаппеччытæй театры арæзтадæн. Æмæ-иу цы фесты? Кæйдæрты гуыбынты-иу афардæг сты. Æп-пынфæстаг йæ аразыны рад куы ‘рлæууыд, уæд та… цал азы фæ-зылдысты аразджытæ йæ алыварс ногæй сæрдгæ, æмпъузгæ æмæ сæ техникон рæдыдтытæ, сæ давды фæдтæ æмбæхсгæ?.. Ныр та?.. Йæ фарсмæ иу афæдзы дæргъы сырæзт йæхицæй стырдæр агъуыст – бирæ фидардæр, бирæ гъæд-джындæрæй.  Нæ дæр дзы давыны хабæрттæ райхъуыст, нæ дæр удæвдæрзæг махинациты хъæр-хъæлæба. Раздæры агуыридураразæн заводы бынаты дыууæ дæргъæй-дæргъмæ сырх агуыридурæй амад цæрæн корпусы дæр – афтæ, нымад мæйты сырæзтысты. Цалдæр мæймæ сывæллæттæн йæ дуæрттæ бакодта ног арæзт рæвдауæндон, иннæ дæр хæрзцыбыр рæстæгмæ фæуынхъус у. Уанаты донæн Цхинвалмæ рауадзæн кæй уыд, уый ныры онг ничи зыдта?..

Æмæ афтæ дарддæр…

Уæддæр фаутæ, фидистæ, цъыфкалæн. Тыхæй-фыдæй ма базыдтам асфальтыл цæуын, фæлæ нæ ферох, фæсхæст вагæттыдзаг æхца кæдæм ластой, уыцы горæты къæвдабон астæумæ цъыфы кæй лæгæрстам, хурбон та ры-джы кæй хуыдыг кодтам…

Ирыстоны бынтондæр чи никуы цард, кæнæ та дзы фыццаг гæрах фехъусгæйæ æмæхсæвæджы чи фæлыгъд, уыдон нын ныр дардæй амонынц, куыд цæрын хъæуы, уый… Æмдзæгъд сын кæнынц бынæттон комментатортæ дæр æмæ сæм байхъус, уæд сæфты къахыл ныллæууыдыстæм. Æмæ æнæхъæн дунейы фæрсынц æппæт уыдæттæ… Æмæ æппæт дунейы азымы дарынц стыр Уæрæсейы, уый цы сарæзтат, кæй хæдбардзинад банымадтат, зæгъгæ?..

Хæстæфхæрд æмæ хæстарыд ирон адæмæн бынсæфт ма фæуыны тыххæй цы дунейы æхца æрæрвыстæуыд, уыцы æхца дæсгай милуантæй адæмы туг æмæ цæссыджы æвдылдæй чи нычыссæ кодта, уыдон ныр уæларвон зæдтæ фестадысты интернет-тыгъдады æмæ «рæстдзинады» сæрыл сæ удтæ уæлдай кæнынц. Уæрæсейы Федерациимæ Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд куы цæттæ кодтам, уæд мæм уынджы бауырдыг, мæхицæй цалдæр азы хистæр чи уыд, ахæм нæлгоймаг:

«Сымах Ирыстоны знæгтæ стут!.. Цæй интеграци нæ хъæуы, мах хъуамæ хæдбарæй цæрæм, хъуамæ нын нæхи æфсад уа!» – лæбуры мæм.

«Цал лæппуйы дын ис?» – фæрсын æй.

«Иу дæр нæ, бинонтæ мын нæй»…

«Уæдæ кæй лæппутæй аразын кæныс, Гуырдзыстон æмæ НАТО- йы æфсæдты ныхмæ æрлæууыны фаг æфсад?!.»

Афтæ, гъе… Æнæфæныкæй хъал уæвын тæссаг кæй у, уый нæ ферох вæййы…

Бынтон диссаг та интернеты «Национ лидеры» титултæ уарын-мæ фестæм!..

Æмæ чи сты национ лидертæ, чи сæ сбæлвырд кодта?.. Искуы нæм референдум уыд ахæм фарсты фæдыл?!. Нæ уыд. Уæдæ кæмæн ис адæмы, нацийы номæй искæуыл кæнæ искæйтыл ахæм хъæргæнаг нæмттæ æвæрыны бар – мæ бæсты, æндæрты бæсты ахæм фарстатæ скъуыддзаг кæныны бар? Кæд искæй тынг уарзыс, уæд æй акæн дæ хæдзармæ, скæн æй дæ бинонты лидер, паддзах дзы сараз дæхицæн, мæнæн, иннæ адæмæн æй тыхæй цæмæн хъарыс, цæмæн нын æй хоныс национ лидер?!.

Чи у Ирыстоны национ лидер?..

Ирон адæм! Цыфыддæр знагæй чи нæ фæтарст æмæ дывыдон дугивæны хъизæмæрттæн чи бафæрæзта, уыцы ирон адæм. Ирыстоны чи хъахъхъæдта, уыдонæй алчи дæр. Ирыстонæй йæ зын рæстæджы чи нæ фæлыгъд, хуыздæр цардагур йæ сæр чи нæ бафснайдта, уыдонæй алчи дæр. Рыстзæрдæ адæмы, цардихсыд республикæйы фæллойæ йæхи æмæ йæ хæстæджыты чи нæ хъæздыг кодта æмæ кæны, уыдонæй алчи дæр. Нæ алфæмблай дунейы чысылнымæц адæмтæм цы хъысмæт æнхъæлмæ кæсы, уый æмбар-гæйæ, Ирыстоны сомбон стыр Уæрæсеимæ чи уыны, уыдонæй алчи дæр.

Нацийы лидер у, йæ фыдыбæстæйы йæхи уд чи уарзы уый нæ, фæлæ йæ уды йæ фыдыбæстæ чи уарзы, уый.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.