Æрæджы мын мæ хæлар лæджы фырт Уанеты Мурат балæвар кодта йæ фыды ног чиныг «Иу ныхас сусæг дунейæ». Зынгæ ирон фыссæг, драматург, ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, дзæнæты бадинаг Уанеты Владимиры «мæ хæлар лæг» схоныны бар мæхицæн уымæн радтон æмæ мæ йæхæдæг дæр афтæ хуыдта «мæ хæлар Мурат», зæгъгæ. Бирæ азты иумæ фæкуыстам Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты æмæ мæм ис ацы уæздан ирон лæджы тыххæй цы зæгъон, уый.

Уанеты Владимир Димитыры фырт уыд Хуссар Ирыстоны раззагондæр интеллигенцийы минæвæрттæй сæ иу, кæцы стыр хайбавæрд бахаста ирон культурæйы къæбицмæ. Уый уыдис ирон æвзаджы æнувыд сæрхъызой. Нæ адæмæй бирæтæ хъуыды кæнынц, нæ горæты 50-æм азты райдианы кæй архайдта фæсивæдон дæластæрдон организаци, кæцы æппæт уавæртæ хынцгæйæ дæр тох кодта, уыцы азты ирон æвзаг Хуссар Ирыстоны цы æдзæллæг уавæры æвæрд æрцыд (ирон скъолатæ ивд æрцыдысты гуырдзиагæй, ирон æвзаг бынтондæр уыд æбар), уый ныхмæ. Уыцы æвзонг лæппуты раздзог уыд студент Уанеты Владимир. Сæ мадæлон æвзаджы сæрыл кæй сдзырдтой, уый тыххæй цалдæр лæппуйы уæды хицауадæй баййæфтой карз æфхæрд. «Националисты» гаккимæ хаст æрцыдысты стыр æмгъуыдмæ цæгаттаг лагертæм. Владимирæн йæ фæндаг уыд уазал Варкутамæ.

Кæд лагеры стыр тухитæ  баййæфта (уыдоныл фыссы йæ мысинæгты), уæддæр Владимирæн йæ тых, йæ хъару нæ асаст æмæ цалдæр азы фæстæ, йæ райгуырæн зæххмæ æрыздæхгæйæ, уæхскуæзæй æрывнæлдта царды гуылфæнты активон хайад исынмæ: райста уæлдæр ахуырад, куыста ахуыргæнæгæй, бахъахъхъæдта диссертаци æмæ бирæ азты дæргъы, йæ царды фæстаг бонты онг, фæкуыста Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты ирон æвзаджы хайады.  Уыцы иурæстæджы кодта литературон æмæ публицистон куыст. Йе´сфæлдыстадон бынтæ бирæ сты  прозæ, драматурги, публицистикæ, зонадон куыстытæ. Фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын æмæ йæ зæрдæ æмæ йæ сисæн иууыл æввахсдæр уыд драматурги. Йæ драмон уацмыстæ, уæлдайдæр нæ адæмы историон цаутыл фыст, бацахстой ирон литературæйы къæбицы сæхи арф бынат. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценæйыл бирæ азты стыр æнтыстимæ цыдысты Уанеты Владимиры драмæтæ «Хилачы фидар», «Аланты успадддзах Зæринæ», «Шахматтæ». Æвзонг зонадон кусæг уыдтæн æмæ мæ Владимир фæхуыдта нæ театрмæ йæ драмæ  «Аланты успаддзах Заринæйы» премьерон равдыстмæ. Стыр æхцондзинадимæ кастæн спектаклмæ. Тынг мæм бахъардтой драмæйы историон æцæгдзинад æмæ артистты диссаджы хъазт. Успаддзах Зæринæйы ролы хъазыд дзæнæтыбадинаг Мæхъиты Дарикъо. Уый Зæринæмæ кæсгæйæ адæймагмæ сæрыстырдзинад æвзæрын кодта нæ фыдæлты истори æмæ удыхъæд, кæцы афтæ ирд æвдыстой драмæйы автор æмæ артист. Фæстæдæр мын бон фæцис Владимиры ног драмæ «Хетæгыл» рецензи ныффыссын æмæ ныммыхуыр кæнынæн.

Банысан кæнын мæ хъæуы уый дæр æмæ Уанеты Владимир стыр куыст кæй бакодта æмæ не´хсæнадæн кæй базонын кодта советон дуджы 30  50-азты рæстагæй æфхæрд чи баййæфта, уыцы не´мзæххонты хъысмæт æмæ нæмттæ. Æндæр æмæ æндæр азты мыхуыры цыдысты Владимиры сфæлдыстадон куыстытæ, федта ма йæхæдæг йæ сæйраг куыстыты æмбырдгонд дыууæ томæй дæр. Фæлæ фыссæгæн  кæддæриддæр аззайы йæ уацмыстæй æнæ мыхуырæй. Гъе, афтæ рауад, мæ ныхасы райдианы цы чиныджы кой скодтон, уымæ бацæуæг уацмыстимæ дæр. Владимиры ног чиныг «Иу ныхас сусæг дунейæ» (Цхинвал, 2017) мыхуырмæ бацæттæ кодта фыссæджы цардæмбал Гаглойты Тауырзæт (стыр бузныджы охыл ын мæ сæрæй ныллæг кувын). Разныхас ныффыста журнал «Фидиуæджы» прозæйы хайады редактор, фыссæг Наниты Асиат.

Чиныгмæ хаст æрцыдысты, сæйраджыдæр, автор 50 – 60 азты цы уацаутæ, радзырдтæ, уацтæ ныффыста, уыдон. Йæ номæн ын равзæрстæуыд, йе´скондмæ цы уацау бацыд «Иу ныхас сусæг дунейæ», уый ном.

Ацы чиныгыл бирæ дзурæн ис, фæлæ æз нæдæр литературæ иртасæг дæн, нæдæр мæ разы ахæм хæс æвæрын æмæ алы уацмысыл лæмбынæг æрдзурон. Иумæйагæй мæ фæнды æрмæст уый зæгъын æмæ дзы кæцыфæнды уацмыс ма сисай  уацау уа, лагеры царды мысинæгтæ, æви фæндаггоны цыбыр афыст  алкæцыйы дæр дзы ис царды æцæгдзинад, йæ хъыгтæ æмæ йæ цинтимæ. Æз афтæ æнхъæлын æмæ Уанеты Владимиры ног чиныг йæ къухмæ чи райса, уый йæ нал æрывæрдзæн, цалынмæ кæронмæ каст фæуа, уæдмæ.

 

ДЖИОТЫ Мурат,  историон зонæдты кандидат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.