Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн Гаванæйы горæтгæрон советон хæстон-интернационалисты мемориалы территорийыл уагъд æрцыд, сакъадахыл советон æфсæддонты къорды фыццаг командæгæнæг, армийы инæлар, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтар Плиты Иссæйы бюст æмæ хæдтæхæг ТУ-95 РЦ экипажы амæттæгты тыххæй, мемориалон фæйнæг байгом кæныны цытджын церемони, кæцытæ фæмардысты 1976 азы 4 августы хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы.

Церемонийы рæстæджы раныхас кодта Уæрæсейы минæвар Андрей Гуськов, кæцы банысан кодта Плиты Иссæйы профессионалон æмæ адæймагон миниуджытæ æмæ йæ нысаниуæгджын хайбавæрд уæрæсейаг-кубæйаг ахастытæ сфидар кæныны хъуыддаджы.

Зæрдыл дарын кæнæм, уый размæ «15-æм Регион» кæй фехъусын кодта, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтар, Монголы Адæмон Республикæйы хъайтар, армийы инæлар, Плиты Иссæйы ном лæвæрд кæй æрцыд Улан-Баторы астæуккаг скъола-йæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.