Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нæ паддзахадон хæдбардзинад банымайыны боны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсынц бирæ бæстæты минæвæрттæ æмæ Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, нæ уыцы æмбæстæгтæ. Ацы аз уыцы цытджын æмбæстæгтæй сæ иу, не ‘мзæххон Самарайы областæй Хуыгаты Ростислав – компани «Амонд»-ы къорды президент, Самарайы областон национ-культурон центры ирон диаспорæ «Алани»-йы сæрдар æмæ амалиуæггæнæг. Уый Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдарæй бакуыста 2012 азы 15 майæ 2014 азы 20 апрелмæ.

Нæ фарстæн, ома, Ирыстоны хуссар хайы ацы стыр бæрæгбонæн цахæм аргъ кæны, уый тыххæй нын афтæ радзырдта, зæгъгæ, ацы бон у æцæг диссаджы бæрæгбон.

«Уымæн æмæ Ирыстон уыцы бон ссис хæд-бар паддзахад, уыцы диссаджы хъуыддаг бо-нæй-бонмæ банкъардзыстæм ноджыдæр, нæ цард, нæ бон куыд у, куыд нæ фæнды, афтæ йæ араздзыстæм. Ацы фæстаг рæстæджы арæзт бирæ æрцыд, уый адæймаг æнæрахатгæ нæу, фæлæ уый нырма фаг нæу. Стыр хъусдард аздахын хъæуы зæххы куыстмæ, чысыл æмæ астæуккаг бизнесмæ, уымæн æмæ нæ сомбон уæддæр уыимæ баст уыдзæн. Ацы хъуыддаг куы ныббиноныг кæнæм, уæд бæстæйæн æнцондæр уыдзæн уæндонæй æмæ ныфсджынæй йæ къахыл слæууын», – банысан кодта Ростислав.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ма Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар куы уыд, уæд архайдта чысыл æмæ астæуккаг бизнесы руаджы 4-5 азмæ 7 мин æмбæстаджы куыстæй сифтонг кæныныл.

Инвесторты æрхонын

Хуыгаты Ростик куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ инвесторæн, фыццаджыдæр, хъæуы уа-вæртæ аразын кусын æмæ архайынæн. Йæ рæстæджы хæххон лыжæтыл бырæн курорт аразыныл Цъоны хъæуы архайдта уæрæсейаг инвестор, фæлæ йын сæйраг цæлхдур уыд, Хуссар Ирыстоны зæххы тыххæй закъон кæй нæ архайдта, уый. Инвестортæ æрхонын та хъæуы æнæмæнг нæ бæстæмæ.

Амалиуггæнæджы фидæны плæнттыл дзургæйæ

Хуссар Ирыстонæй алы цæрдхъом æмбæстаг дæр архайы, цæмæй исты пайда æрхæсса йæ Райгуырæн бæстæйæн. Æмæ Хуыгаты Ростислав дæр фидæн азы фæнд кæны Къуайсайы европæйаг æмвæзадыл ту-ристон базæ саразын хъæдæрмæгæй.

«Мæ фыццаг домындзинад цы уыд, уый фæндаг Къуыдаргоммæ æмæ йæ уынæм, цыхуызæн фæндаг арæзт цæуы Къуайсамæ. Ныртæккæ куыст цæуы проекттæ аразыныл», – дзырдта уый.

Амалиуæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ уыцы базæ арæзт куы æрцæуа, уымæй иуæй куысты бынæттæ фæзындзæн Къуыдаргомы цæрджытæн, аннæмæй та ахъаз уыдзæн бæстæйы экономикон рæзт æмæ бюджетæн. Æмæ ма ныфс бавæрдта, Самарæйæ кæй æрвитдзæн уырдæм улæфынмæ цалдæр мин адæймаджы.

Арфæтæ

Ирыстоныл иузæрдион у Хуыгайы фырт. Йæ арфæ-тæ дæр уыдысты зæрдæйæ.

«Абоны бон мæ зæрдæ зæгъы Ирыстонæн, ныр-тæккæ ма цы хъуыддæгты тыхсы, цы фарстытæ æмæ ма дзы бæстонкæнинаг цы ис адæмы хæрзæбон æмæ ирд сомы бонæн, уыдон нæ уды фæндиаг куыд æрцæуой бæстон. Уымæн æмæ уый аккаг сты, цæмæй цы бавзæрстой, уый æгъгъæд уа, æмæ ныр иуæндæс азы цы рацардысты сабыр æмæ хæдбар Ирыстоны, афтæ дарддæр дæр царды хорздзинæдтæ сæ хай уой», – загъта уый.

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ Хуыгайы фырты лæггæдтæ бирæ сты Ирыстон æмæ ирон адæмæн. Уый Къуыдаргомы цæрджыты æвзонг фæсивæды минæвæрттæн æххуыс кæны Самарæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты уæлдæр ахуырад райсынæн, куыстæй сæ ифтонг кæнынæн. Къуайсайы кæстæр кары цæрджытæн алы бæрæгбоны рæстæджы хицæн лæвæрттæ бакæнын, фыццагкъласонтæн скъоламæ æппæт æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй баххуыс кæны…

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.