Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ бынатæй ссæрибар кодта экономикон рæзты министр Кокойты Геннадийы æмæ Бекъойты Геннадийы снысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæдæг –  экономикон рæзты министрæй, кæцы раздæр уыд РХИ-йы Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты сæргълæууæг.

Уый тыххæй паддзахады сæргълæууæг фехъусын кодта Кокойты Геннади æмæ Бекъойты Геннадиимæ фембæлды рæстæджы.

«Геннади Герсаны фырт, Геннади Борисы фырт, æз уæ фæхуыдтон, цæмæй æруынаффæ кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзты фарстатыл, æмæ уыимæ иумæ уын фехъусын кæнын кадрон ивындзинæдты тыххæй информаци, кæцытæ хауынц сымахмæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый стыр аргъ скодта Кокойты Геннадийы алыгъуызон бынæтты архайдæн.

«Геннади Герсаны фырт, дæ царды фæндаг, кæцы баст у РХИ-йы хæдбардзинад хъахъхъæнынимæ, ды цы бынæтты куыстай – экономикæйы министр, Парламенты раздæры депутат, экономикæйы фæдыл комитеты специалист – сты стыр кады аккаг. Дæ хайадистæй бакуыст, стæй та реализаци æрцыд чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады хатырон кредиты тыххæй Закъон. Уыимæ иумæ ды дæхи фæндонмæ гæсгæ, цæуыс экономикæйы министры бынатæй. Æз уыцы фæндон райстон арф симпати æмæ кадимæ, æмæ фидарæй у мæ бон зæгъын, дæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад уыдзысты хъæугæ æмæ Хуссар Ирыстонæн нырма æрхæсдзысты бирæ пайда», – банысан кодта Президент.

Бекъойты Геннадийы снысан кæныны фарстыл дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, уымæн йе ‘нтыстытæ Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты сæрдары бынаты уæвгæйæ.

«Ды равдыстай серьезон фæстиуджытæ,  раздæр æнæфтиагджын паддзахадон унитарон куыстуæттæ,  куыд  «Югосетнефтепродукт», Бæгъиаты суар уадзæн завод æмæ арæзтадон æрмæджыты заводы ракодтой æфтиагджынты рæнхъытæм. Афтæ ма стыр куыст бачындæуыд, цæмæй нæ уæрæсейаг коллегæтимæ размæ кæнæм республикæйы газификацийы проект æмæ бирæ æндæр здæхтыты фæдыл фарстатæ. Æз аскъуыддзаг кодтон, экономикæйы министры бынатмæ дæ снысан кæнын æмæ, цæмæй Комитеты сæрдары бынаты уæвгæйæ, ды цы процессыл къухдариуæг кодтай, уыдоныл контроль ма фесафыны тыххæй ма дæ вице-премьерæй дæр снысан кæнын», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Бекъойты Геннадийæн йæ цæст бауарзта æнтыстытæ æмæ банысан кодта, кæй æнхъæлмæ кæсы серьезон фæндæттæм, кæцытæ æрхæсдзысты хорз фæстиуджытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн.

Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты сæрдарæй Президент снысан кодта Санахъоты Батрадзы, кæцы раздæр куыста Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæджы бынаты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.