Мзиугом – Ирыстоны кæддæры рæсугъддæр æмæ уазæгуарзондæр къуымтæй сæ иу. Ардæм адæм æхсызгонæй цыдысты улæфынмæ, царды иугъæдон змæлдæй цыбыр рæстæгмæ сæхи фæиппæрд кæнынмæ, се нæниздзинад фæфидардæр кæнынмæ. Уымæн æмæ ам ис диссаджы сыгъдæг уæлдæф, хуыцауæйкургæ æрдзысконд. Арф комы сæрмæ арвæй цы чысыл гæппæл зыны, уый цыма адæймагæн йе ппæт зынтæ æмæ мæстытæ дæр сафы – зæрдæ дзы æхсызгон хæлбурцъ кæны, уæнгтæ дзы рогзмæлд кæнынц.

Ам кæддæр, ома, советон дуджы уыд диссаджы улæфæндон, фæлæ бæстæ раууатмæ куы æрцыд, уæд дзы диссаджы улæфæндон нæ, хуымæтæджы балæууæндон дæр  нал уыд. Бирæ азты фенхъæлмæ каст Мзиугом, царды хъæр та дзы кæд райхъуысдзæн, уымæ, фæлæ йæ хъуыдыгæнæг нал уыд. Ныр… Ныр та дзы царды ныфс бацыд, кæдæй-уæдæй ма йæм баххæссыд адæймаджы, аразæджы фæрнæйдзаг къух, райхъуыст та дзы арæзтадон техникæйы уынæр. Ам рæзы, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм, сывæллæтты фæлладуадзæн бынат. Уый та нысан кæны, кæй та дзы райхъуысдæн царды æхсызгон хæр.

Мзиугомæй та райхъуысдзæн царды хъæр

Ацы бонты, кусæгон балцы фæлгæтты, сывæллæтты лагеры арæзтадон кустытæ куыд æххæст цæуынц, уый бынаты бабæрæг кæныны охыл Мзиугоммæ фæуазæг нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади. Йемæ ма уыдысты Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей подрядон организаци «Бадо»-йы генералон директор Уалыты Владислав æмæ æндæртæ.

Куыд ма уын хъусын кодтам, афтæмæй ацы объект арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты, æмæ арæзтады къухдариуæгад, стæй кусджытæ дæр куыд зæгъынц, афтæмæй сæйраг куыстытæ æххæст æрцæудзысты фидæн азы кæрон.

Ацы диссаджы бынат рафидаудзæн æртæуæладзыгон рæсугъд архитектурон корпустæй. Ныридæгæн уал æртæ корпусы амад æрцыдысты дыккаг уæладзгуыты онг, куыст дзы цæуы инженерон коммуникацитыл. Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннадийы зæрдæ барухс арæзтады темптæй:

«Æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ мæ фæнды банысан кæнын, арæзтад æххæст кæй цæуы графикæй раздæр. Подрядон организацийæн йæ къухы бафтыд æрмæст ацы азы хæстæ сæххæст кæнын нæ, фæлæ уымæй фылдæр. Хорз у, боныгъæд сын сæ къух кæй аразы, уый дæр. Ацы объект арæзт цæуы нæ рæзгæ фæлтæры культурон улæфт, æнæниздзинад æмæ монон-хæрзæгъдауон хъомылады хæрзиуæгæн. Ам уыдзæн алы уавæртæ дæр, алцы дæр арæзт æрцæудзæн æдасдзинады тыххæй. Банысан кæнын мæ фæнды, ацы лагеры сæ фæллад æрмæст хуссарирыстойнаг ахуырдзау фæсивæд нæ уаддзысты, фæлæ ардæм улæфынмæ æрцæуыны фадат уыдзæн уæрæсейаг фæсивæдæн дæр.

Мах чысыл тыхтæ нæ бахардз кодтам, цæмæй ацы проект, кæцыйæн ис стыр социалон нысаниуæг, æппынфæстаг реализацигонд æрцыдаид. Æмæ мах иугæндзон нæ хъус дардзыстæм, цæмæй лагерь арæзт æрцæуа рæстæгыл æмæ гъæдджынæй»,- загъта Бекъойты Геннади.

Арæзтады къухдариуæгад куыд зæгъы, афтæмæй сæ куысты къуылымпыдзинæдтæ ницæмæй æййафынц, фаг сын кæны кусæгдых, ифтонг  сты арæзтадон æрмæджытæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.