Нæ горæты арæзт цæуынц, ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Знон 27 апрелы Президент Тыбылты Леонид инспекцион азылд сарæзта уыдоныл. Йемæ ма уыдысты горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Райдианы Президент æмæ йе ’мбæлццæттæ бацыдысты æмæ федтой Цхинвалы бирæпрофилон колледжы дыууæуæладзыгон агъуыст. Ам куыстытæ цæуынц цырд темптæй, æмæ сты сæ тæмæны, ныридæгæн арæзт у фыццаг уæладзыг. Арæзтадон куыстытæ кæны подрядон организаци ООО «АЛФА-ЗАР», йæ сæргълæууæг Хъотайты Рутен. Графикмæ гæсгæ фыццаг уæладзыг хъуамæ сцæттæ уыдаид 15-æм маймæ, фæлæ ам куыстытæ конд æрцыдысты æмгъуыдæй раздæр. Дыууæуæладзыгон агъуыст арæзт куы фæуа, уæд ам баконд æрцæудзæнис алыгъуызон куырдадзтæ, хæринагарæзæн æмæ хуыйæн хатæнтæ. «АЛФА-ЗАР»-ы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй: «Хатæнтæ иууылдæр дзуапп дæтдзысты нырыккон домæнтæн». Уымæй дарддæр ма Хъотайты Рутен куыд загъта, афтæмæй арæзтадон объект финансгонд цæуы рæстæгыл, æппындæр дзы нæй къуылымпытæ. Объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæнис ацы аз ноябры мæйы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ колледжы ахуыргæнджытæ дæр райгонд сты арæзтады темптæй. Куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ арæзтадон-монтажгæнæн куыстыты хайад райсдзысты колледжы ахуыргæнинæгтæ дæр, цæмæй уыцыиу рæстæджы райсой практикæ.

Бæстæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй: «Ам цы ахуыргæнæн куырдадзтæ арæзт цæуы, уыдон тынг фæахъаз уыдзысты профессионалон кадртæ бацæттæ кæнынæн. Уый тыххæй та саразын хъæуы æппæт уавæртæ дæр, цæмæй фидæн ацы процесс æрхæсса аккаг фæстиуæг. Мах хъæуы бæрзонд квалификациджын кусджытæ æмæ сæ хъуыддаджы дæснытæ. Уым нын стыр æххуыс фæуыдзæн бирæпрофилон колледж», — загъта Тыбылты Леонид.

Уырдыгæй Президент ацыд æмæ бабæрæг кодта Хъайтарты уынгыл арæзтцæуæг микрорайон. Ам арæзт цæуынц фондзуæладзыгон хæдзæрттæ. Уыдон уыдзысты иу, дыууæ, æртæ æмæ цыппархатæнон фатертæ. Уыдон арæзт куы фæуой, уæд лæвæрд æрцæудзысты горæты администрацимæ. Фатертæ иууыл иумæ уыдзысты 200. Ныртæккæ ам кусы 37 кусæджы бæрц. Ам куыстытæ æххæстгæнæн арæзтадон фирмæ ООО «СоюзСтройПроект» ныфс æвæры ноджы кæй æрбахондзысты кусджыты, цæмæй куысты темптæ фæтагъддæр уой, уый тыххæй. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, кæцытæ уыдзысты фондз æмæ астподъездон, эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты 2017 азы.

Инспекцион азылд горæты арæзтцæуæг объекттыл
Инспекцион азылд горæты арæзтцæуæг объекттыл

Дарддæр Тыбылты Леонид æмæ йе ’мбæлццæттæ бабæрæг кодтой Остъайы фырты уынджы арæзтад. Ам цы арæзтадон куыстытæ цæуы, уыдон æххæст кæны «Дорэкспострой». Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй майы кæронмæ ам сæйраг куыстытæ фæуыдзысты, баззайдзæн ма дзы асфальт æвæрыны куыст. Капиталонæй уынг эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн 10-æм маймæ.

Уыдон ма бацыдысты, хи-рургион хайад цы бынаты арæзт цæуы, уырдæм дæр. Уым куыстытæ сты сæ тæмæны. Сывæллæтты реабилитацион центр арæзт цæуы 60-70 рынчыны бынатæн. Ам арæзтадон куыстытæ кæны цæгатирыстойнаг компани ООО «Спецтепломонтаж». Ныридæгæн фесты сантехникон куыстытæ, ауагътой электрохызæгтæ, фæуд кæнынц сæрдæн куыстытæ æмæ æрæвналдзысты астæрдыл плиткæтæ æвæрынмæ. Сывæллæттæн æй кæй аразынц æмæ дзы уыдон се ’нæниздзинад кæй нывыл кæндзысты, уымæ гæсгæ ам алцыдæр арæзт цæуы гъæдджынæй.

Реабилитацион центры кусынæн уыдзæнис æмбæлон уавæртæ æмæ ифтонг та уыдзысты нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Ам куыд зæгъынц, афтæмæй пайда цæудзæнис уæрæсейаг медицинон технологитæй, кæцытæ фæстæ нæ лæууынц фæсарæйнаг технологитæй æмæ сæ аргъ та у асламдæр. Афтæ бакодтой, Мæхъæлы, Кæсаг-Балхъары æмæ Ставрополы арæзт чи æрцыд, уыцы æнгæс медицинон уагдæттæ дæр. Арæзтадон фирмæйы къухдариуæгад куыд зæгъы, афтæмæй ам кусынæн уыдзæн комфортон уавæртæ. Арæзт дзы æрцæудзæнис пандустæ дæр, цæмæй каляскаджын рынчынтæн æнцонæй сæ бон уа медицинон уагдонмæ бацæуын. Операцигæнæн æмæ медперсоналы хатæнтæй дарддæр ам уыдзæн æндæр техникон хатæнтæ дæр, уыдзæнис дзы спортивон зал, бассейн.

Тыбылты Леонид цы объекттыл азылд, уым цымыдис кодта сæрмагондæй арæзтады гъæдмæ æмæ дзы цас кусæджы ис, уымæ. Кусджыты фарста, куыстæн сын цы уавæртæ ис, уымæй æмæ афоныл райсынц сæ куыстмызд æви нæ. Президент арæзтадон фирмæтæй домдта, цæмæй, гæнæнуæвгæйæ, арæзтады пайда кæной бынаты уагъд æрмæджытæй æмæ куыстмæ та исой бынæттон цæрджыты. «Хицауады политикæ у афтæ арæзт — хъуамæ арæзтадон объекттыл кусой бынæттон цæрджытæ», — загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.