Æнæхъæн афæдзы дæргъы не ‘хсæнады нæ нымæг кæны куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны темæ – змæнтджытæ раскъæф-баскъæф кæнынц алыгъуызон дам-думтæ æмæ адæмы сæ кæрæдзийы мидæг кæнынц. Æмæ гæды ныхас апарахат кæнынæн та бирæ нæ хъæуы – искæцы дывзагоны цур æй зæгъ æмæ цыбыр рæстæгмæ æгас республикæ йæ кой кæндзысты, æгæрыстæмæй ма фæсарæнтæм дæр ахæццæ уыдзæнис. Цы гæнæн ис. Раздæр дæр-иу афтæ дзырдтой, «ныхас бæхыл бады», зæгъгæ, æмæ ныр та нырыккон размæцыд технологитæй пайда кæнгæйæ «бæхтæ» фæстейæ аззадысты.

Азы райдианы нæ республикæйы къухдариуæгад конкретонæй æрдзырдта куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй цалдæр категорийы кусджытæн, – æгасæй дыууæ минмæ æввахс паддзахадон граждайнаг службæгæнæджы. Уыдоны ʻхсæн уыдысты педагогтæ, дохтыртæ, культурæйы къабазы кусджытæ æмæ æндæртæ. Ацы информацийы фæстæ дам-думгæнджытæ райдыдтой сæ «архайд», – æвиппайды базыдтой куыстмызд фæфылдæры процент, чи сæм «премитæ», «уæлæмхасæн бафыстытæ» райдыдта æфтауын, чи та афтæ дзырдта, ома нæ фæфылдæр уыдзысты, сайгæ уæ кæнынц. Ахæм ныхæстæм хъусгæйæ, бар-æнæбары æхсæнады сæвзæрд негатив, кæцы алыгъуызон формæты æндæвта адæмы æнцойадыл.

2021 азы 25 майы Мæскуыйы УФ-йы Куысты æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Антон Котяков æмæ РХИ-йы Хицауады сæрдар Бекъойты Геннади бафыстой Суагъæ, кæцы ивындзинæдтæ бахаста Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ʻхсæн цы Бадзырд уыд, уымæ. Уыцы Суагъæ бафыстмæ гæсгæ 2021 азы 1 январæй нæ республикæйы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджытæ хъуамæ райстаиккой фæфылдæргонд мызд, кæцы сæмхуызон уыдаид Цæгат Кавказы федералон зылды кусджыты мыздтимæ.

Цыфæнды хъуыддагмæ дæр куы бавналай, уæд бынтон лæгъз никуы ацæуы. Куыстмыздтæ фылдæртæй банымайыны рæстæджы дæр бæрæг аххосæгтæм гæсгæ сæмбæлдысты зындзинæдтимæ æмæ уымæ гæсгæ процесс адаргъ. Ацы уавæрæй та спайда кодтой дам-думгæнджытæ æмæ знагиуæггæнæг элементтæ, æмæ та цъыф калын райдыдтой бæстæйы къухдариуæгадыл. Стæй ма фæзынд ахæмтæ дæр, кæцытæ æнхъæлмæ кастысты фылдæр мызд райсынмæ æмæ уый тыххæй райгондæй нæ баззадысты райсгæ æхцайы фæрæзтæй. Афтæмæй та сæхи аххос уыд, – кæйдæр гæды ныхæстæй сарæзтой хатдзæгтæ, сæхицæн «митын» мæсгуытæ фæамадтой æмæ сæм стæй куыстмызды фæфылдæры процент цъус фæкаст. Æмбисонд куыд у, «хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай».

Разындис ма ахæмтæ дæр, кæцытæ раст нæ бамбæрстой дзырд «паддзахадон граждайнаг службæгæнæг» æмæ сæм бахастой тыхон структурæты æмæ æндæр куыстуæтты дæр, ома уыдонæн дæр сæ куыстмыздтæ фæфылдæр сты. Фæлæ уый дæр разынд дезинформаци.

Бæлвырдæй, Мидхъуыддæгты министрад 2015 азы бафыстой бадзырд сæ уæрæсейаг коллегæтимæ, цæмæй РХИ-йы милицийы кусджыты куыстмызд фæфылдæр уыдаид, уый тыххæй. Процесс дих æрцыд æртæ этапыл æмæ фыццаг этап æххæст æрцыд 2017 азы. Уый фæстæ 2018 æмæ 2019 азты та баххæст кодтой иннæ дыууæ этапы дæр æмæ ныридæгæн Мидхъуыддæгты министрад ифтонг у фæфылдæргонд куыст-мыздæй. Уымæй уæлдай ма бадзырд бафыст æрцыд пенситæ аразыны тыххæй дæр æмæ ныридæгæн милицийы ветерантæ исынц сæ уæрæсейаг коллегæты æмбæрц пенситæ.

Æрæджы, бæстæйы Президент Бибылты Анатоли куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæ уæрæсейаг коллегæтимæ баныхас кодтой æмæ йæ бафидар кодтой Бадзырдæй, цæмæй 2022 азы 1 январæй РХИ-йы Хъахъхъæнынады æмæ Уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрадты, Паддзахадон хъахъхъæнынады æмæ Таможнæйы комитетты, Генералон прокуратурæйы, Контролон-нымайæн палатæйы, Хъалонæмбырдгæнæн службæйы æмæ æндæр ахæм куыстуæтты кусджыты мыздтæ дæр фæфылдæр кæной. Ам дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, нырма бæрæг нæу, цас фæфылдæр уыдзысты куыстмыздтæ. Фæлæ та разындзæнис ахæмтæ, кæцытæ та фидарæй дзурдзысты фæфылдæры проценттыл, чи цас райсдзæн, кæд сæ райсдзысты æмæ афтæ дарддæр.

Ацы категорийы кусджыты куыстмыздты фæфылдæры хъуыддаг дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæрдæм бандавдзæнис нæ республикæйыл, уымæн æмæ ахæм структурæты фæрцы уæвынад кæны нæ паддзахад. Уыимæ ма иумæ скъуыддзаг æрцæудзæнис сæ пенситы проблемæ дæр. Фæлæ пенси аразыны рæстæджы æнæмæнгхъæуæг у уæрæсейаг æмбæстаджы паспорт. Мидхъуыддæгты министрады ветерантæй дæр уыдис ахæмтæ, кæцытæн нæ уыд УФ-йы æмбæстаджы паспорттæ æмæ сын сны-сан кодтой бынæттон пенси, кæцы бæрæг къаддæр у, уæрæсейаг коллегæты пенси-тæм абаргæйæ.

Дам-думгæнджытæ сæ архайд никуы ныууадздзысты, ничи сæ басæтдзæнис, фæлæ цæмæй къаддæр зиан хæссой æхсæнадæн, уый тыххæй сын сæ ныхæстыл нæ фæхъæуы æууæндын. Ӕнæуый дæр нæм æндыгъд уавæр ис мæгуырау эпидемиологон уавæры фæстиуæгæн æмæ ма нæ кæрæдзимæ гæды ныхæсты тыххæй куы хъыг кæнæм, уæд дард нæ ацæудзыстæм, нæ нын уыдзæнис рæсугъд фидæн.

                    Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.