Информацион агентад «Спутник Южная Осе-ия»-йы пресс-центрмæ æрæджы хуынд æрцыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон статистикон управленийы сæргълæууæг Тыбылты Инал. Уый журналистты базонгæ кодта йæ дæлбар уæвæг управлени цы куыст кæны 2021 азæн РХИ-йы адæмы царды æмвзæзд, куыстифтонгад, экономикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты, афтæ ма арæзтад æмæ æндæр фадгуыты зонæнтимæ.

«Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны æрæмбырдгонд статистикон информацийæн ис ныфсæвæрæн фæстиуджытæ. Мах æххæст кæнæм вазыгджын хæстæ – республикæйы министрадтæ, уагдæттæ организацитæй æмбырд кæнæм статистикон информаци. Уыцы зонæнтæм гæсгæ аразæм нæ куыст. Уыцы зонæнтæ лæвæрд æрцæуынц министрадтæ æмæ профилон органтæм. Уыдон сæ спайда кæнынц сæ куысты нывæзтыты», –  фехъусын кодта Тыбылты Инал.

Уый журналисттæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2020-21 азты, куыд æппæт дунейы, афтæ нæ республикæйы дæр кæд уæззау эпидемиологон уавæр уыд, коронавирусы инфекцийы аххосæй, уæддæр статистикон бæрæгггæнæнтæм гæсгæ гуырынад къаддæр нæ уыд мæлындзинады бæрæггæнæнтæй. «Нæ управленийы кусджытæн уый уыд тынг æнæнхъæлæджы. Уымæн æмæ пандемийы уавæрты мах æнхъæлдтам, демографи кæй æрхаудзæн. Æнæуый, æрвылаз дæр бæрæггæнæнæнтæ вæййынц æмхуызон. 2020 азы нæ республикæйы чи амард, уыдонæй 73 адæймаджы фылдæр райгуырд. Уый кæд афтæ бирæ нæу, уæддæр фадат дæтты оптимизмимæ кæсын фидæнмæ. Цæвиттон, республикæйы 2019 азы чи амард, уыдонæй, уыдоны нымæц уыд 507 адæймаджы, гуыргæ та ракодта 496 сабийы».

Статистикон управленийы цы зонæнтæ ис, уыдонмæ гæсгæ фæхуыздæр æгуыст адæмы куыс-тæй сифтонг кæныны хъуыддаг. 2019 азы куыстæй ифтонгады бюройы хыгъды кæд 1875 адæймаджы уыд, уæд 2020 азы кæрон та уыдон уыдысты 1637 адæймаджы. Зæгъын хъæуы уый дæр æмæ 4-5 азы размæ уыдон нымæц уыд бæрæг фылдæр. Уый ма æрдзырдта куыстмызды тенденцийы тыххæй дæр. Азæй-азмæ бюджеты кусджытæн бафты сæ мыздмæ.

Рæзы сæудæджерады продуктты гуырахст дæр. Раст у, зæрдæйыфæндиаг нæу хъæууон хæ-дзарады министрады архайд, фæлæ уæддæр республикæ кæй рæзы, ууыл дзурæг сты статистикон зонæнтæ. Æмкъайад фехалыны цаутæ дæр бæрæг фæкъаддæр сты раздæр азтимæ абаргæйæ. Æмæ ацы цау дæр хорзыл банымадта.

Тыбылты Инал сæ куысты сæйраг проблемæйыл банымадта иуæй-иу организациты мæгуырау хыгъдон дисциплинæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ бирæ организацитæ æрæгмæ æрбавдисынц статистикон хыгъдтæ. Æмæ уый та статистикон бæрæгуат мыхуыр кæныны рæстæг фæстæ кæны. «Ис ахæм структурæтæ, кæцытæ бæрнон ахаст дарынц ацы фарстмæ. Сæхæдæг рæстæгыл æрбарвитынц æппæт хъæуæг информаци. Фæлæ кæцыдæр организацитæй та тыхæй фæдомынц информаци нæ кусджытæ. Æппынæдзух сын сæ зæрдыл лæууын кæнынц бæрæггæнæнтæ æрбарвитын кæй хъæуы. Махмæ цы чысыл нымæц кусджытæ ис, уыдон уæхсджытыл ис уæззау уаргъ, уымæн æмæ информаци æмбырд кæнын афтæ æнцон нæу. Бонæй-бонмæ зонæнты гуырахст рæзы, фæлæ кусджыты нымæц цалдæр азы размæ куыд уыд, афтæ баззад», – загъта уый.

Статистикон управлени, Тыбылты Иналы ныхæстæм гæсгæ, æдзух кусы йæ методтæ æмæ ав-налæнтæ сног кæныныл. Уыцы хъуыддаджы сын æмбæлон æххуыс кæнынц сæ уæрæсейаг коллегæтæ. Уыдомæ стыр фæлтæрддзинад ис æмæ нæ хуссарирыстойнаг статистикон управленийы кусджытæн амонынц ног здæхтытæ, ног тенденцитæ. Цалдæр азы размæ дыууæ управленийы ‘хсæн къух æрфыстæуыд бадзырдыл, афтæ ма сарæзтам иумæйаг программæ дæр. Уый ма куыд загъта, афтæмæй паддзахадон статистикон управлени Цæгат Ирыстон æмæ Абхазы коллегæтимæ дæр кæны æнгом архайд. Статистикон управленийæн ис официалон портал дæр, цыран базонгæуæвæн ис статистикон бæрæгуæттæ æмæ управленийы архайдимæ.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.