(Фельетон)

Алчидæр нæ зоны куырдтатаг гæдылæджы митæ. Ирон фольклоры йæ кой чындæуы хорзы ’рдæм нæ, фæлæ гæды æмæ сайæн митæ кæй кодта, уымæй. Фæлæ гæды митæй фиу ничима батыхта. Махмæ ныр афтæ кæсы, цыма уый раджы кæддæр гæдылæг уыд, фæлæ ныр ахæм сайæн, гæды митæй фиу ничима батыхта. Махмæ ныр афтæ кæсы, цыма уый руаджы кæддæр гæды лæг уыд, фæлæ ныр ахæм сайæн, гæды митæй никæйуал асайдзынæ. Æцæгæй афтæ нæу, куырдтатаг лæг ныццот кодта æмæ сæ архайд дæр у рæстæгмæ гæсгæ. Уыцы цот та пайдайыл мард сты æмæ дивиденттæ аразынц не ’хсæн абон дæр сæхицæн. Раджы рæстæг гæдылæг хъуамæ æппæлыдаид бæрзонд бандоныл бадæгæй, цæмæй æввонгæй къæбæр хордтаид, йæхи æмæ йæ бинонты дардатид. Абон дарддæр ацыдысты уыцы гæдылæгтæ, æнхъæлцау кæмæй сты, уымæй уæлдай ма райдыдтой сæхицæй æппæлын дæр æмæ сын уый сæхирдыгонау цыдæр хæрзиуæг дæтты. Уæды гæдылæгтæ иугæйттæй кодтой гæды митæ, ныр та къордтæ къордтæй архайынц, цæмæй сыл æууæндой, уæдæ цы! Иу гæдылæгыл абон зынтæй баууæндæн ис, фæлæ къордтæй гæдымитæ куы аразой, уæд бирæ кæйдæртæн бауырнын кæндзысты сæ æнæраст митæ. Цымыдисаг у уый æмæ чизоны сæ фæллойадон чиныджы профессийы ныхмæ фыст ис: Гæдылæг. Æмæ уæд цæуылнæ хъуамæ мысой исты æнæрцæугæ хъуыддæгтæ, уæдæ ма сæ цæмæн хъæуы ахæм професси, хъуамæ дзы пайда кæной.

Цард æй рагæй фæстæмæ æвдисы алы къордæн дæр раздзог кæй вæййы æмæ нæ къорд дæр Дард Скæсæнæй цы моряк фæзынд, ууыл бафтыдтой сæ сæртæ æмæ нæ фæрæдыдысты, амбициозон æмæ хиæввæрсон адæймæгтæн цы нæ у йæ бон саразын, гæдымитæ кæнынæй куырдтатаг лæгæй фæфыддæр. Æрфæныдыд æй фыццаг республикæйы компартийы хистæр суæвын, бантыст ын альтернативон парти ацаразын, йæ алыварс чи æрбалæу-уыдаид, ахæмтæ дæр ссардта, кæцытæй ныфс æвæрæн уыд мæ «уайтагъддæр минас йæ былтыл ауад», бафæндыд æй йæ гæды митæй дæсгай азты æнæзæрдæхудтæй партийы сæргъ чи лæууыд, уый фæсурын, рынчын дæ, нал у дæ бон уыцы бæрнон бынаты кусын æмæ цу «дæ фæндаг раст», зæгъгæ. Гъе, фæлæ партийы æнувыд уæнгтæ йæ ныхмæ фæлæууыдысты æмæ йын дуармæ ацамыдтой. Цыбырдзырдæй, йæ гæдымитæ нæ атылдысты, уый нæ, фæлæ ма сæ дыууæйæ, бюройы уæнгты фæндонмæ гæсгæ, партийы рæнхъытæй дæр фæсырдтой.

Фенкъард сты нæ гæдылæгтæ, цы ма уой дарддæр, кæй дуæрттæ ма бахойой, хъуыдыты уылæнты аленк кодтой, фæхъуыдытæ кодтой, æхсæвæй бонæй æмæ ныр та сæ ных сарæзтой ветеранты дуар бахойын «енырмæ дæр æй куыд нæ фæхатыдыстæм, нæ удтæн сабыр æмæ адджын кæм хъуамæ уа, уый Ветеранты совет куы у», — зæгъгæ. Номдзыд моряк æмæ йæ хуызæттæ уымæй раздæр ветеранты хыгъды нæ лæууыдысты, фæлæ сæ бынæттæ куы ’рхъуыд, уæд тæлф-тулфæй сæ ветеранты гæххæттытæ баскъæфтой æмæ хыгъды сæхи ауагътой, стæй уæд сæ бон уыдаид бынæтты кой дæр æркæнын. Æмæ æркодтой: уæвæг Ветеранты совет нывыл нæ кусы, хъæуы йæ фæивын мæнæ мах хуызæн, «востребованный» æмæ патриот адæймæгтæй, зæгъгæ. Æмæ фæкъæртт сты сæ гæдымитæ аразынмæ, зылдысты районты æмæ горæты ветерантыл æмæ сын сæ къухтæ фыссын кодтой, уæлдæр инстанцитæм цы куырдиæттæ фыстой, уыдоныл. Кæд сын алчи сæ куырдиатыл къух нæ фыста, уæд-иу сыл сæхæдæг æрфыстой, уæдæ ма гæдылæг æндæр цæмæн у.

— Мах стæм гуманон адæм, ветеранты уæззау уавæртæ быхсын нæ бон нал у, Советы ’рдыгæй уæм æмбæлон хъусдард нæй, уæ кары адæмæн лæггад хъæуы, хъуамæ уын балцæгтæ лæвæрд цæуид канд Уæрæсейы нæ, фæлæ ма Испани, Катар, Арабаг Эмиратты курорттæ æмæ санаторитæм, цæмæй уе ’нæниздзинад хуыздæр кæнат. Куыд базыдтам, афтæмæй Совет сымахæн хъуамæ радтид фæйнæ 50 мин сомы дæр, фæлæ сæ нæ рахъæр кодтой. Ветеранты советы сæрдар приватизаци скодта уæ советы æмæ йæм сымах та сабырæй кæсут. Кæд мах æвварс фæуыдзыстут, уæд сын сæ сæ фарсæй фæкæндзыстæм. Фæкæсынхъуаг æмæ рынчын пенсиисæгæн куыд хъуамæ бамбæхсай, цы йæм æмбæлы, уый? — «æмбарын» сын кодтой.

Æмæ хъæстыты гæххæттытæ гæлæбутау тæхын райдыдтой уæлдæр инстанцитæм: Президенты администрацимæ, Республикæйы прокуратурæмæ дыууæ хатты экономикон фыдракæндты ныхмæ тох кæныны фæдылуправленимæ, Республикæйы уæлдæр тæрхондонмæ дыууæ хатты, уыдон разæй та юстицийы министрад басгæрста Советы куыст. Æппæт уæлдæр ранымайгæ уагдæттæ Советы куысты ницы хъæндзинæдтæ раиртæстой æмæ нæ гæдылæгтæ куыд нæ хъуамæ ‘рынкъард уыдаиккой? Хъуыдытыл фесты. Гъе, фæлæ та хъуыдыджын куыд нæ сты, ацарæзтой координацион Совет æмæ телеуынынад æмæ газет «Южная Осетия»-йы фæзынд хъусинæгтæ: 26 январы уагъд цæудзæн Ветеранты советы æнæрадон конференци, зæгъгæ. Иу фæндзай адæймаджы — хъуыддаг рæстмæ чи нæ зыдта, уыдонæй бирæтæ залы уæвгæйæ, кæрæдзийы рафæрс-бафæрс кодтой: ай кæдæм æрбацыдыстæм, мыстыты æмбырд нæ хъуыдис, æви нæ? Уым уæвæг ветерантæн моряк фехъусын кодта, зæгъгæ, Советмæ цы æхцайы фæрæзтæ цæуы, уыдон, цыма хардз цæуынц сæхиуыл, стæй ма сын хицæн адæймæгтæ дæр финансон æххуыс кæнынц, фæлæ… Фæлæ уыцы æххуысгæнджытæй иуæн дæр йæ ном йæ мыггаг нæ загъта, уымæн æмæ ахæмтæ нæ уæвынад кæнынц, йæхи æрымысгæ сайæн ныхæстæ сты. Æнæлимитон конференци аразджытæ — гæдылæгтæ «сæвзæрстой» афтæхуыйнæг Советы ног уæнгтæ сæхицæй, уый та у ветеранты Уставы гуымиры фехæлд, адих кодтой бынæттæ сæ кæрæдзийыл. Сæрдарæй æвзæрст æрцыд, кæй зæгъын æй хъæуы, моряк. Иу-дыууæ боны фæстæ горæты кæцыдæр мадзалмæ бацæугæйæ, йæхи рахуыдта РХИ-йы Ветеранты советы сæрдар, А. Пушкины драмæ «Борис Годунов»-ы лже Дмитри йæхицæй паддзах куыд арæзта, афтæ. Æвæдза, куыд хорз у «минута славы» дæр зæрдæ бахъыдзы кæны, йæхи мигътыл асæрфы! Конференци аразджытыл тæппудæй ничи бахуддзæн, 1-æм февралы къордæй бацыдысты æмæ Республикæйы Ветеранты советы хатæны рабадтысты, бацахстой уым кусджыты бынæттæ рейдерон æгъадуæй. Æмæ цæуылнæ — сæхимæ гæсгæ сæм æмбæлы. Фæлæ сæм æцæгæй цы ’мбæлд, уый та милици бакодта, сырды фесты, куыд фæзæгъынц, галæй æрбацыдысты æмæ… аздæхтысты.

Куырдтатаг гæдылæг, «фæсмон фæкæнай, мæрдты дзыназай, кæд нын дæ фæстæ цы цот ныууагътай!»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.