Фыццæгæм майы уынгыл диссæгтæ цæуы, зæгъгæ куы зæгъон, уæд мын чизоны æгæр уа, фæлæ уæхæдæг хъусут. Нæ горæты иууыл зындгонддæр уынгтæй сæ иу у Фыццæгæм майы уынг. Хæрзаг уæм диссаг фæкаст ацы ныхас, ома мах ахæм уынг куынæ зонæм! Йемæ зындгонд дæр уымæй у, æмæ йæ ничи фæзоны. Таксистты куыст ахæм у, æмæ горæты уынгтты, стæй ма сын сæ цæрджыты дæр иттæг хорз фæзонынц, фæлæ Фыццæгæм майы уынгмæ мæ бадав, зæгъгæ, уæд дæм тарст хуызæй ракæсдзысты, уый та кæм ис, зæгъгæ. Иу уал уый. Дыккаг та уый, æмæ ацы уынгыл фельетонтæ цас фыст æрцыд, уый аккаг нæ горæты уынгтæй иу дæр не сси. Æртыккаг та уый, æмæ горæты цæрдастæу ис, хицауады бирæнымæц объекттæй йæм хъæуы æрмæстдæр иунæг къахдзæф. Кæд уæ нæ уырны, уæд æй бавзарут. Æцæг уын зын ссарæн уыдзæн ацы уынг, фæлæ фæрсгæ — фæрсгæ лæг Калакмæ дæр фæхæццæ уыдзæн! Ацы уынджы сæйраг миниуæг та уый у, æмæ йæ цæрджытæн иннæ уынгты цæрджыты уæлдай ис даргъ, бынмæ ивæзт цæнгтæ. Дон хæссынæй афтæ фесты… (Фыстам ма йыл нæ раздæры уацты).

Хъазын дæр хорз у, фæлæ Советон дуджы дæр ацы уынг рынæй дæр æмæ адæмæй дæр рох уыди. Рынæй ма бæргæ, фæлæ адæм æмæ хицауад хъоды бакодтой ацы уынгыл, æви æндæр исты аххосаг ссардæуыд, уый бæрæг нæу. Афтæ кæй у, уый та бæрæг вæййы горæты исты ногдзинад куы сцырен вæййы, уæд.

Августы хæст куы фæци, уæд нæ Республикæйы райдыдтой æндидзынгæнæн куыстытæ. Абоны бон дæр ма уынгтæ цæуынц хæрзарæзт. Æххæст цæуынц инвестицион программæтæ, горæты сæндидзын кæныны фæдыл алыгъуызон проекттæ. Уыцы бирæны-мæц арфæйаг хъуыддæгтæй зæрдæ райы, æмæ Фыццæгæм майы уынджы цæрджытæ дæр фæныфсджын вæй-йынц уыдон фехъусгæйæ, кæд мах кой дæр исчи бакæнид ныр, зæгъгæ, фæлæ …

Сæрысуангæй уал ацы уынджы цæрджытæ фæтох кодтой газ сæм бауадзыныл. Проекты нæ уыд уый, æмæ йæ иумæйаг фыстæджыты фæрцы тыхамæлттæй саразын кодтой. Уый фæстæ зæххы бын коммуникациты кой райхъуыст, æмæ та дзы Фыццæгæм майы уынджы цæрджытæ фарсты кæрон дæр нæ уыдысты. Цавæрдæр подрядон организаци йæ æрдæгарæзт скодта, сарæзта дзы æрмæст канализаци, нæ йын бамбæрзтой йæ къанау. Райдыдтой та цæрджытæ аххосджынты агурын. Тыхамæлттæй сын æй иу хуыцауыхайджын адæймаг сæмраст кодта. Уый хорз, фæлæ та баззадысты æнæ донæй. Сыхаг, Знауыры уынжы донуадзæн куыст куы райдыдта, уæд та, мæгуырæг, уыдон дæр сæ хъаст арвыстой цалдæр инстанцимæ. Кæдæй-уæдæй сын хицауад сæ хъизæмæрттæм йæ хъус æрдардта, æмæ рахастой уынаффæ: «Фыццæгæм майы уынжы дон рауадзын нæ бон нæу!» Кæд цæфæй нæ мæлыс, уый та дын — рæхуыст! Ныууадзæм æй, зæгъгæ, загътой йæ цæрджытæ, ницы нын дзы рауайдзæн. Ныр цалдæр фæлтæры дон хæссынæй уыргыскъуыд фестæм, дарддæр дæр нæ хъысмæт афтæ уыдзæн. Цы бон ныл ис? Фæраздзыстæм, кæд нын ласгæ уæддæр кæниккой.

Кæд ма худинагæн исты зонын, уæд-иу ласгæ донæй цы хъæубæстæ цардысты, уыдон-иу æгадыл нымад уыдысты. Зын уыди æгады номимæ цæрын хохы дæр, æмæ горæты та уымæй фыддæр. Уæлдайдæр та тæккæ хицауады дæлбазыр. Горæты цæр-джытæн дон куынæ уа, уæд ын йæ фæстиуджытыл фынгыл дæр нæ фæ-дзурынц. Нæ газеты фарн та стырдæр у, æмæ сыл нæ дзурдзынæн…

Бирæ радзур-бадзуры фæстæ уынджы цæрджытæм фæзынд ноджы иу хуыцауыхайджын адæймаг, «Горводоканал»-ы кусæг. Цынæ йын фæкодтой цæрджытæ, цæмæй йыл иу чысыл уац уæддæр ныффыстаиккой газетмæ, фæлæ не сразы. Æмæ ацы адæймаг куы базыдта, горæты иу мæгуыр чысыл уынг æнæ донæй зайдзæн, уæд загъта:

— Уый та куыд? Иннæ уынгтæн зынаргъ проекттæ аразæм, æмæ уыцы адæм та дойныйæ мæлой?

Куыд уыдаид, цы уыдаид, уый дæрддыл дзуринаг у, фæлæ уыцы адæймаджы хорз зæрдæйы фæрцы Фыццæгæм уынджы цæрджытæн сæ мæгуыр цæнгтæ æрулæфыдысты. Арфæ йын кæнæм уыдоны номæй. (Йæ ном ын раргом кæнæм, уый дæр æй нæ бафæндыд).

Уæдæ ма уæ цы хъæуы, зæгъгæ, чизоны сæвзæра фарст. Уыцы хуыддæгтæй мах зæрдæсаст фестæм, ницы циндзинад дзы бавзæрстам. Ныр та нæ уынджы алыварс уынгтæ хæрзарæзт цæуынц, æмæ та мах сау тæппæй зайдзыстæм, зæгъгæ, хъынцъым кæнынц уынджы цæрджытæ. Къæвда бон уа, уæд уынгты ахизæн нал вæййы. Ныр горæты иннæ рæттæм цъыф къахæй куы фæзынай, уæд дæ адæм нæ бафæрсдзысты, кæм ссардтай уыцы цъыфтæ, зæгъгæ!? Æмæ сын стæй ацы даргъ истори дзурыныл куы схæцай, уæд дæ æдылы нæ фæхондзысты? Иннæ ахæм та уынг куы басур вæйы, уæд! Рыг зилдухгæнгæ куы сысты, уæд ын сывæллæтæ фæзæгъынц: «Ацу, ацу бонджынты ’рдæм!».

Уый та уын Фыццæгæм майы уынджы хабæрттæ. Йæ ном ын куы фехъусут, уæд уæм афтæ нæ фæкæсы, цыма дидинкалгæ райдзаст уынг у? Фæлæ мæ уд акæнай, кæд номæй рæсугъд ничи суа!

Ныр та æвзæрстыты агъоммæйы дуг у, фæлæ уынджы цæрджыты нымæц чысыл у, æмæ цал хъæлæсы хъуамæ рамбула искæцы фидæны президент, ахъаз нын куы фæуа, уæддæр? Афтæмæй уынджы цæрджыты иумæйаг куыр-диат лæзæры горæты хицæуттæм…

Годжыцаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.