Алы дуджы, алы адæммæ дæр сывæллæтты хъомылад æнцой кодта æрвылбоны цардуаджы домæнтыл. Афтæ цардысты æмæ сæ хъæбулты размæ кодтой ирон адæм дæр. Æнусты дæргъы уыдонæн сæ цардуаг тынг нæ ивта. Æхсæнады цы æгъдæуттæ æрфидар ис, адæм сæхæдæг цахæм фæтк скодтой, уымæ гæсгæ хъомыл кодтой сæ кæстæрты. Ирон хæдзары сывæл-лæтты хъомыл кæныны хæс æвæрд уыди, фыццаджыдæр, сылгоймагыл.

Уыцы рæстæджы бинонтæ цалдæр фæлтæрæй иумæ цардысты æмæ-иу хъомылгæнæгыл нымад уыд хистæр сылгоймаг. Сывæллоныл-иу 10-12 азы куы сæххæст, уæд-иу лæппуйы хъомылад цадæггай хызтис хæдзары нæлгоймæгтæм, чызг та хъомыл цыдис сылгоймæгты æн-дæвдады бын.

Фæнды мæ æрдзурын, лæппу цы уавæрты хъомыл кодта, уыдæттыл. Уый куыд рæзт, афтæ-иу фылдæр рæстæг æрвитын райдыдта хистæр æфсымæр, фыд æмæ йæ фыды фыдимæ. Уыдон æй цайдагъ кодтой нæлгоймаджы куыстытыл. Æмæ-иу сывæллон-лæппу дæр арæзта, йæ бон цас уыд, уыйас. Фæзмыдта хистæр нæлгоймæгты сæ архайдтыты. 13-14 аздзыд сывæллон-иу ссис йæ фыдæн ныфсджын æххуысгæнæг алы куысты дæр. Æмæ-иу дзы 16-аздзыдæй та рауадис æцæг кусæг лæппу-лæг, кæцы арæхстджын æмæ æнæзивæгæй æххæст кодта æппæт куыстытæ дæр. Райдыдтой-иу æй нымайын бинонты ныфсыл, хъуыстой-иу ын йæ ныхасмæ. Йæ бартæ æмæ-иу йæ хæстæ фылдæр кодтой хъæубæсты æхсæн дæр.

Лæппуйы физикон хъомылады ахсджиаг нысаниуæг уыдис сывæллон-лæппуйы хъæзтытæн. Уыдон уыдысты алыгъуызон æмæ лæппуйы фæлтæрдтой йæ фыццаг азтæй фæстæмæ, цæттæ йæ кодтой цардмæ, цæмæй дзы рауадаид тыхджын, фердæхтджын, фæразон æмæ ныфсхаст адæймаг. Афтæ кæй уыд, уымæ гæсгæ уыдон стæм хатт рынчын кодтой, кæд карз уавæрты хъомыл кодтой, уæддæр лæппутæн уæлдай уарзондæр хъæзтытæ уыдысты милмæ æхсын, хъæбысæй хæцын, дуртæ æппарын, уæз исын, згъорын, бæндæн ивазын, хъилыл бырын æмæ бирæ æндæр хуызы хъæзтытæ.

Бинонты хистæртæ стыр хъусдард здæхтой лæппуйы хæрзæгъдау хъомыладмæ дæр. Лæппутæ æдзух хæдзары нæлгоймæгтимæ кæй уыдысты æмæ семæ кæй ныхас кодтой, уымæ гæсгæ сæ фæзмыдтой канд куысты мидæг нæ, фæлæ куыд ныхас кодтой, сæхи куыд дардтой, уыдæттæй дæр.

Лæппуты уагътой «Ныхас»-мæ æмæ сын кæд ныхасы бар нæма уыд, уæддæр, уыдон лæмбынæг хъуыстой хистæртæм, цымыдис кодтой ахсджиаг фарстаты фæдыл уынаффæтæ куыд исынц, уымæ. Æмæ афтæмæй зонгæ кодтой хидарыны уагимæ, ирон æгъдæуттимæ, цайдагъ кодтой хистæртæн кад æмæ аргъ кæныныл.

Хæрзæвзонгæй лæппутæн фадат уыдис адæмон зарджытæм, таурæгътæм хъусынæн, афтæмæй зонгæ кодтой адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстадимæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ лæппуйы хъомылады стыр бынат кæй ахста аивадыл сæ цайдагъ кæнын. Уымæ гæсгæ хистæр нæлгоймæгтæ сæ кæстæрты ахуыр кодтой зарын æмæ кафыныл. Ахуыр сæ кодтой æхсæнгарзимæ архайын дæр, цæмæй тохы аккаг ныхкъуырд радтаиккой знагæн. Лæппутæ цы хъомылад истой, уый сын се ‘взонг удты æвзæрын кодта хъæбатырдзинады, ныфсхаст æмæ хиуылхæцын, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, намысæн аргъ кæнын æмæ бирæ æндæр æвæрццаг миниуджытæ. Ахæм хъомылад райсгæйæ, лæппу куыд рæзт, афтæ йæ бынат ардта царды, ныфс уыд йæ бинонтæн. Ныфсджын дзы уыдысты йæ хъæубæстæ æмæ хиуæттæ. Стæй-иу бинонты хицау куы бацис, уæд-иу йæ кæстæртæ уымæн дæр рацыдысты ахæм фæндагыл.

Ныртæккæ нæ иумæйагахуырадон скъолаты бирæ куыст цæуы нæ рæзгæ фæлтæры æхсæн ирон æгъдæуттæ æрбиноныг кæныны тыххæй. Фæлæ уый фаг нæу. Хæдзары фарн стыр у. Сывæллон бинонты ‘хсæн хорзæй æмæ æвзæрæй дæр цы уыны, ууыл æнцонæй цайдагъ кæны. Лæппу куы уына йæ нозтджын, æнæуаг дзыхæй дзургæ фыды, уæд ыл, кæй зæгъын æй хъæуы, бандавдзæн æмæ йæ райдайдзæн фæзмын. Уымæ гæсгæ скъола æмæ ныййарджытæн сæ куыст хъуамæ уа иумæ. Æрмæст скъола фаг нæу хæрзæгъдау хъомылад сывæллонæн радтытæн. Уый цæвиттон фæисы хæдзары хистæртæй. Æмæ нæ кæд фæнды æмæ нæ сомбон фæсмойнаг ма фæуа, уæд нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ алы ныййарæг дæр хæсджын у, цæмæй йæ кæстæртæн æппæтæй дæр уа цæвиттойнаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.