Р. И. Адамова йæ мысинæгты куыд дзырдта, афтæмæй ныртæккæ Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты хæдзар кæм ис, уыцы зæхх уыдис йæ хо Бабич Екатеринæ Акимовнæйы. Уæд дзы стыр хæдзар нæ уыди. Уыди дзы бæлæстæ, бадæнтæ æмæ, цыппар уаты кæм уыди, ахæм къаннæг хæдзар. «Хæдзар-иу лæвæрд уыди фатеры. Йæ ныхмæ кæрты иннæ фарс дæр уыди къаннæг хæдзар — æртæ уаты. Дыууæйы дзы цард мæ хо йæ моимæ, æртыккаджы радтой Къостайæн. Хионы цæстæй йæм кастысты. Къоста дæр сын стыр аргъ кодта. Къоста тынг хæларæй цардис мæ хойы лæгимæ, иу та сæ кодта сæ фæндиæгты иудзинад. Сæ дыууæ дæр уыдысты нывгæнджытæ æмæ фысджытæ. Царды судзаг фарстытыл фыстой уацхъуыдтæ æмæ сæ мыхуыр кодтой бынæттон газет „Терек“-ы æмæ „Северный Кавказ“-ы, уый та Ставрополы цыдис. Хаттæй хатт бынæттон хицæутты хæрам митæ æргомгæнæг уацхъуыдтæ æрвыстой Бетъырбухмæ „Стрекоза“ æмæ „Будильникмæ“, уацхъуыдтимæ-иу арвыстой карикатурæтæ дæр» — дзырдта Адамова.

Алчи дæр зоны, Къоста «Стрекозамæ» цы карикатурæ арвыста, областы хистæр Кахановы кæм сныв кодта, уый: нывы Кахановыл ис цухъхъа, хъама кæрддзæмæй ласы æмæ дзуры: «будем резать!» Уыцы карикатурæ фыдбылыз расайдта Къостайæн. Къоста-иу арæх цыдис балцы Арвы коммæ, æрдзы рæсугъд бынæттæ нывкæнынмæ. Уыцы балцы фæстиуæгæн Къоста скодта цалдæр æмбисонды хорз нывы. Фæстæдæр сын сарæзта равдыст. Равдысты уыди дурсæттæг лæппуты ныв дæр. Къоста йæ схуыдта «Дурсæттæг сывæллæттæ», зæгъгæ, æмæ «Зæд».

Равдыстмæ чи цыд, уыдонæн Къоста йæ худын нæ уромгæйæ, дзырдта диссаджы хабæрттæ. Къоста ныв кодта театры декорацитæ: сæрд сæхимæ, цæхæрадоны, уазал рæстæджы та — театры. Фыстой пьесæтыл рецензитæ дæр. Тынг бирæ уарзтой Къостайы артисттæ дæр. Йе ‘ввахс хæлæрттæн-иу каст йæ уацмыстæ, æвдыста сын йæ нывтæ. Кæддæриддæр кодта мæгуырдзард. Æхцайæн æппындæр ницы нысаниуæг лæвæрдта. Йæ нывты аргъ-иу ын куы фыстой, уæд-иу æй афæлывтой. Уый тыххæй-иу Къоста йæ мидбылхудгæ дзырдта: «Æхца амонды хос нæу, æхца æнамонды хос у, æнæ ‘хцайæ дæр мæ цард арвитдзынæн.» Исчи-иу дзы хæс куы айста æмæ-иу ын æй фæстæмæ куынæуал радта, уæд-иу Къоста дзырдта: «Иугæр сæ нæ дæтты, уæд уый нысан кæны æмæ йæ мæнæй тынгдæр хъæуы æхца».

Адамова куыд дзырдта, афтæмæй-иу сæм æрвыл сабатбон дæр æрæмбырд сты ахуырдзау фæсивæд. Къоста цыди уыцы изæртæм, кастис-иу дзы йæ уацмыстæ. Кастис сын йæ уарзон поэтты æмæ фысджытæ Надсон, Некрасов, Гоголы уацмыстæ.

Бирæ уарзта Къоста зарджы-тæ. Екатеринæ Акимовнæ фæндырыл цагъта, фæсивæд зары-дысты, Къоста сын æххуыс кодта, дуэты æмæ къордæй кæм зарыдысты, ахæм зарджыты. Йæ уарзон романстæ уыдысты: «Глядя на луну пурпурного заката», «До гроба вы клялись любить поэта. Къоста сын разамонæг уыдис спектаклтæ ифтонг кæныны æмæ цардæгас нывтæ æвæрыны куысты.

Алы райсом дæр Къостайы федтаис ирон зæронд лæгтимæ бульвары бадгæйæ. Урсзачъе зæ-ронд лæгтæ-иу ын сæргуыбырæй сæ хъæстытæ кодтой, зæгъгæ, хицауад адæмы тыхсын кæны, адæмы цард уæззау, æвадат. Уыдон зыдтой, Къостайæн йæ зæрдæ кæй сыгъди адæмы мастæй, æгæрон уыди йæ хъыг мæгуыр, ссæст лæджы тыххæй; адæм æм цы-дысты æххуыс æмæ уынаффæмæ. Уый сын фыста куырдиæттæ, уынаффæ сын кодта, мæгуыр лæджы зæрдæйы уагъта фидæнхуыздæры ныфс. Хæдзармæ-иу æрбаздæхт мæстджынæй æмæ-иу уæд йæ судзгæ зæрдæйæ рауади æбуалгъ цардæвæрды ныхмæ фыдазар рæнхъытæ.

Къостайы цыбыр æмæ фыдбойнаг цард уыди стыр лæджы æнувыд тох йæ адæмы цардамонды сæрыл.

Къостайы Кубанмæ арвыстой, фæлæ уырдыгæй ралыгъд Дзæуджыхъæумæ æмæ уым сусæгæй цард В. Г. Шредерсмæ. Иу хатт Шредерсмæ уазæгуаты æрбацыд инæлар Каханов йæ усимæ. Бадтысты уазæгдоны уаты, Къоста та æмбæхст уыди æндæр уаты. Уыцы рæстæджы Къоста уыди рынчын. Шредерс æй аласта дохтыр Городовскимæ, тынг дзæбæх, иттæг зæрдиагæй йæм æркаст. Къоста Шредерсæн балæвар кодта ныв: хæхтæ, хæхты ирон чызг, йæ сæрыл кæлмæрзæн. Нывæн йæ быны фыст: «Фыццаг ды бауагътай рухсы тын нæ талынг хъæутæм, фыццаг ды æрсидтæ ирон хæххон сылгоймагмæ ахуырмæ». Нывæн сарæзтой фæлгæт æмæ йæ сæвæрдтой прогимназы, окруджы хистæр сын бар радта.

Стыр лæг, сыгъзæринау сыгъдæг адæймаг уыд Къоста. Йæ цард цæрæнбонты йæ къух никуы систа йæ рæстаг хъуыдытыл, йæ хæцæнгарз никуы аппæрста адæмы знæгты раз.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.