Нафи уыдис ӕнӕрынцой зӕрдӕйы хицау, йӕ царды бонты ӕвӕллайгӕ куыст  фӕкодта йӕ раттӕг адӕмӕн, нӕртон зиууон уыд поэзи, прозӕ, драматурги, публицистикӕйы къабæзты, бантыст ын иунӕгӕй ирон литературӕйы истори ныффыссын, уыдис курдиатджын ӕмӕ цӕстуарзон критик. Нафийӕ зӕгъӕн ис, ирон дзырдаивады ахӕм фарст нӕ баззад, йӕ хъуыдытӕ кӕй тыххӕй ӕмӕ цӕй тыххӕй нӕ загъта.

Йӕ царды бонты хӕст уыд иу егъау хъуыдыйыл: «Къоста нын радта чиныг, Елбыздыхъо та бакодта театры дуӕрттӕ». Уый хуымӕтӕджы ныхас нӕу, абоны-бон дӕр национ тырысайау нӕ сӕрмӕ  фӕйлауынц ацы дзырдтӕ.

Æгӕрон уыд Нафийы уарзондзинад Къостамӕ. Уарзта йӕ, табу йын кодта йӕ сабион бонтӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ. Зӕгъгӕ дӕр ӕй кодта:

 «Ацы ӕмбисонд сабийӕ  дӕр хъуыстон,

 Мӕ удрӕбын ӕй зӕды арм  фыста:

Ӕнӕ Къоста нӕ  уыдаид Ирыстон,

Ӕнӕ  Ир та нӕ уыдаид Къоста».

Нафи ма зӕгъы уый дӕр: «Къостайы зӕрдӕйы ӕмӕ зонды сӕмбырд сты ирон дзыллӕйы рӕсугъддӕр ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ бӕрзонддӕр хъуыдытӕ. Къостайы удыхъӕд конд уыд ирон адӕмы ӕнусты характеры хуыздӕр миниуджытӕй. Иу дзырдӕй, ирон адӕм ӕнусты дӕргъы цы уды ӕмӕ зонды хӕзнатӕ сфӕлдыстой ӕмӕ фембырд кодтой, уыдон иууылдӕр рӕдауӕй схай кодтой Къостайӕн».

Тынг ӕнгом сбаста Нафи йӕхи Къостайы зӕрдӕйы хъуырдухӕнтимӕ, бӕстон ныхъхъуыды кодта Къостайы рацӕугӕ фӕндӕгтыл, тынг фӕзмыдта алы хъуыддаджы дӕр Къостайы, ӕнӕцӕстуарзон тӕхуды йӕм нӕ кодта, фӕлӕ архайдта ууыл, цӕмӕй Къостайӕн ӕгъдӕнцойыл хӕцӕгӕй сбӕзза.

Уӕлдӕр ӕй загътон, Нафийы йас ничи ныссагъӕс кодта Къостайыл, Нафийы йас ничи бафӕзмыдта Къостайы. Ӕцӕг цардбӕллон Нафи йӕ бакӕнгӕ, саразгӕ хъуыддӕгты фагыл никуы банымадта, алы хатт дӕр Къостайыл дзургӕйӕ йӕхи ӕвӕры къӕмдзӕстыджы бынаты:

  «Поэт, –  ӕтт фидиссаг мӕ сӕр уа, –

  Нӕ бон дын бузныг зӕгъын нӕу,

  Уӕддӕр нӕ  ма бафау ӕвзӕрӕй, –

  Къӕмдзӕстыгӕй фӕмысӕм дӕу».

Нафийы цӕсты Къоста уыдис Хъазбеджы хох, Къозбауты та нымадта обаутыл. Сӕрыстырӕй дзырдта: «Уый (Къоста Г.П.) уыд хӕстон, хъайтар. Уый лӕварӕн Ирӕн радта йӕ уды хъарм, уый скодта тугӕй арӕн, арӕнӕн та скъуынӕн нӕй».

Йӕ ныхас-иу алы хатт дӕр уымӕй райдыдта Нафи: «Къоста стыр зонды лӕг уыд, царды уыдта йӕ адӕмы цард, дуне йӕ кувӕндон дӕр уымӕн хуыдта, дарддзӕст хъуыдыгӕнӕг уыд ӕмӕ  ирдӕй уыдта дунейы царды ӕнӕрӕстдзинӕдтӕ, мӕнгард ӕмӕ хинмитӕ. Ӕмӕ сын дзырдта,  куыд йӕ поэтикон уацмысты, афтӕ йӕ публицистон сагъӕсты дӕр».

Къостайы ном Ирвӕдӕны ныхъхъӕр йӕ ӕрдхӕрӕны чиныг «Ирон фӕндыр»-ӕй. Нафийы йас ацы къаннӕг чиныг ничи фӕрафӕлдах-бафӕлдах кодта, Нафийы хуызӕн ӕм бӕстон ничи ӕркаст. Афтӕ дзы зӕгъы: «Ирон фӕндыр мыхуыры  уагъд чиныгӕй куы бафтыд адӕмы къухмӕ, уӕд Иры хуыздӕртӕ, ома йӕ адӕмы чи уарзта, йӕ адӕмы фидӕныл чи сагъӕс кодта, уыдон кӕрӕдзимӕ  хӕрзӕггурӕггаг цыдысты, сӕ зӕрдӕ буц уыд, сӕ хъуыды сӕрыстыр: ныр ирон адӕмӕн сӕфӕн нал ис, нӕ ном ӕмӕ  нӕ  хъуыды, нӕ куырдиат ӕмӕ не ‘взаджы фарн баззайдзысты а-дунейы тъымы тъымамӕ».

Къостайы царды цыбыр фӕндӕгтӕн ӕмбӕлон аргъ скодта Нафи. Тохгӕнӕг поэт уыд Къоста, фӕлӕ йын йӕ тых фӕцудын кодтой скъӕрӕнты дугтӕ. Йӕ фӕстаг балц Херсоны тыххӕй Нафи  фыссы: «Къоста Херсонӕй ӕрыздӕхт улӕфынмӕ нӕ, фӕлӕ тохы быдырмӕ – хӕцынмӕ, уӕлахиз фӕуынмӕ, кӕннод та Нарты Батрадзау – хуыцӕуттимӕ  хӕсты, бӕгъатыры мӕлӕт ссарынмӕ».

Къоста 1902  азӕй фӕстӕмӕ хӕцынӕн нал сбӕззыд, фӕлӕ  йӕ  хъару ма йӕ цы амыдта, уымӕй кодта литературон куыст, уӕд бавнӕлдта йӕ зынгӕ  поэмӕ «Хетӕг» фыссынмӕ дӕр.

Тохгӕнӕг поэты царды бонтӕ цъус уыдысты, фӕлӕ йын ӕнтысгӕ  бирӕ бакодта. «Къоста, – зӕгъы Нафи, – цӕргӕсау стахт Кавказы хæхты бӕрзӕндтӕй. Фӕлӕ йӕ хъуыды дардыл зилахар кодта – ӕгас дунейы тыгъдады. Ӕмӕ кӕмдӕриддӕр ӕфхӕрд адӕм уыд, уыдон хъысмӕтимӕ  дзырдта йӕ зӕрдӕ».

 Къоста хӕлардзинады хидтӕ аразӕг уыд йӕ царды бонты. Бирӕ нациты минӕвӕрттимӕ уыд зонгӕ, фӕлӕ дзы мӕгуырдзинады фӕдыл никӕй кой ракодта. 10 азы Ставрополы, 4 азы Петербурджы, 1 аз та – Херсоны. 15 азы дӕргъы, бирӕ цыдӕртӕ  федта, бирӕ хабӕрттӕ  ӕмӕ адӕмтимӕ  базонгӕ.

Джусойы фырт стыр хъусдард аздӕхта Къостайы цардыуагмӕ, цӕуылнӕ ӕмӕ цы аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бантыст Къостайӕн бинонтӕ скӕнын. Чи уыдысты Попова Аннӕ ӕмӕ Цӕлыккаты Аннӕ, уый фӕдыл ӕмбӕлон хъуыдытӕ ӕрцыд загъд Нафийӕн. «Анна Попова; – зӕгъы Нафи, – уыдис хъӕзныг биноты буцхаст чызг». Цӕлыккаты Аннӕйы тыххӕй та зӕгъы: «Ам дӕр поэт ӕмӕ  йӕ уарзоны ‘хсӕн лӕууыд мӕгуырдзинады хох, йӕ сӕрты ахизӕн кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм Эверест…. Стӕй ма уый дӕр, ӕмӕ Къостайӕ Аннӕ бирӕ кӕстӕр кӕй уыд».

Къостайыл кусгӕйӕ, Нафи стыр хъусдард аздӕхта Къостайы цардуаджы егъаудӕр  фарстытӕй иумӕ – «Цӕй мӕгуыр дӕ иунӕг,  дӕ мад амӕла»-мӕ. Нафи зӕгъы: «Къоста ам дӕр, Ирыстоны, цард иунӕгӕй, сидзӕрау, цыма йын дунейы иу «мӕн у!» зӕгъӕг нӕ уыд, уыйау».

Афтӕмӕй та Леуан, йӕ ус Хъызмыдӕ, сӕ чызг Олгъӕ сӕхицӕн ӕнӕмаст цард кодтой Лабӕйы. Нафи уымӕн дӕр йӕ аххосаг йӕхирдыгонау зӕгъы: «….Йӕ фыды дӕр ӕртӕ азы дӕргъы нӕ абӕрӕг кодта иу хатт дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕ рыст уыд йӕ фыды ус Хъызмыдӕ  ӕмӕ йӕ хо Олгъæйы ахастӕй».

Къостайы размӕ литературон куыст чи кодта, уыдонӕй иу дӕр ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕгыл нымад не ‘рцыд. Къоста цӕмӕн ӕрцыд нымад, уый тыххӕй Нафи бӕстон хъуыдытӕ загъта.

… «Къостайы размӕ, – зӕгъы Нафи, – ирон фысджытӕ  уыдысты иугӕйттӕ, не ссардта се сфӕлдыстад уӕрӕх фӕндаг адӕмы зӕрдӕмӕ, Къоста та йӕ  аив ныхӕстӕй нырризын кодта ирон адӕмы зӕрдӕ, бауырнын кодта адӕмӕн литературӕйы  ахсджиагдзинад ӕхсӕны царды. Къостайы фӕстӕ  литературӕ  ирон адӕмы зондахасты дӕр ныффидар, куыд стыр национ хъуыддаг».

Национ культурӕйы рӕзтӕн Къоста  цы сарӕзта, уый дӕр уӕн-донӕй зӕгъы Нафи: «Къостайы цӕвиттон стыр ахъаз фӕцис нӕ адӕмы культурӕйы рӕзты хъуыддагӕн. Ирон интеллигенцийы раззагдӕрты бауырныдта, ирон ӕвзагыл дӕр кӕй ис егъау ӕмӕ вазыгджын уацмыстӕ сфӕлдисӕн ӕмӕ стыр литературӕ  саразӕн».

Къоста литературӕйы хӕзнадонмӕ фӕндагамонӕг кӕй ссис, уый дӕр ӕргомӕй зӕгъы Нафи: «Уый адыл литературон куыстмӕ  радтой сӕ  зӕрдӕ бирӕ курдиатджын фӕсивӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ирон литературӕйы галуан афтид никуыуал уыд –  курдиатджын кусджытӕ дзы уыд кӕддӕриддӕр».

Къостайы «Ирон фӕндыр» бирӕ нациты ӕвзӕгтӕм ӕрцыд тӕлмацгонд. Фӕстаг дӕс азты, Къостайы сфӕлдыстадыл ӕмткӕй нал дзурынц, сӕ ных сӕйраджыдӕр сарӕзтой «Ирон фӕндыр»-мӕ. «Ирон фӕндыр» та йе ‘муӕз сыгъзӕрин кӕй у, уый, ӕвӕццӕгӕн, Нафийы хуызӕн ничи загъта. Йӕ ныхас у: «Къостайы «Ирон фӕндыр» идейон ӕмӕ аивадон ӕгъдауӕй афтӕ бӕрзонд лӕууыд, ӕмӕ абоны онг дӕр ирон национ культурӕйы кусджытӕн у фӕзминаг. Уыцы чиныджы аивдзинад, ӕвзаджы сыгъдӕг ӕмӕ хъӕзныгдзинад, йӕ мидисы адӕмондзинад, йӕ идеяты раззагондзинад ӕмӕ революцион демократизм цӕвиттойнаг систы ирон культурӕйы  дарддӕры историйӕн».

Ӕмӕ уӕд чи уыд Къоста йӕхӕдӕг та йӕ адӕмӕн? Нафийы дзуапп: «Къоста та сси йӕ адӕмы духовон фӕтӕг, йӕ дзыллӕйы удыхъӕд рӕсугъдгӕнӕг, уый зӕрдӕмӕ – ног ӕнкъарӕнтӕ, уый зондмӕ –  ног идеалтӕ  чи бахаста, ахӕм адӕймаг. Къостайӕ фӕстӕмӕ ирон адӕм фыссӕджы номыл бӕттынц ӕхсӕнадон кусӕджы бӕрн ӕмӕ дзыллӕйы духовон фӕтӕджы хӕс дӕр».

Къоста стыр аргъ кодта Иры фӕссивӕдӕн, йӕ ныфс уыдон уыдысты кӕддӕриддӕр, йӕ  сидт уыдонмӕ уыд:

«Скӕнӕм нӕ тырыса

Дзыллӕйы номӕй

………………………..

Рӕстдзинад  уарзынӕй

Скӕнӕм нӕ фӕндаг.

Зӕгъы Нафи: «Къоста уӕды ирон фӕсивӕдӕн сӕ хистӕр ӕфсымӕр уыд, ирон адӕмӕн – сӕ  раздзог фидӕнмӕ  цӕуӕн ӕвӕдыл».

Йӕ царды фӕстаг бонты Нафийӕн йӕхи сагъӕстӕ  дардыл уыдысты абоны фӕсивӕды тыххӕй. Тынг хъынцъым кодта, фӕсивӕд чиныгӕй кӕй фӕиппӕрд сты, ууыл. Йӕ сӕйраг сагъӕс та уыд, мыййаг искуы фӕсивӕд, Иры фӕлтӕр куы зӕгъой: «Ницы нын ныууагътой сӕ уды номыл удварны культурӕйӕ».

Нафи дзӕнӕты бадӕд, цы сарӕзта, цы балӕггад кодта йӕ Иры дзыллӕйӕн, уыдон,  чи зоны, йӕхи цӕсты фаг нӕ уыдысты. Фӕлӕ  мах, йӕ фӕстӕйы фӕлтӕр, хорз зонӕм, хъӕзныг къӕбиц нын кӕй ныууагъта, Уӕрӕсейы ӕмӕ нӕ Кавказы цӕрӕг нациты ‘хсӕн кӕй рартивын кодта, Къоста, Секъа, Арсен, Нигер, Елбыздыхъо ӕмӕ иннӕ литературон зиууӕтты сӕ къахыл кӕй сӕвӕрдта.

 Къоста Пушкины тыххӕй афтӕ кӕм зӕгъы:

«Дӕ кад мыггагмӕ у цӕринаг,

Дӕ цард у гъеныр дӕр сӕдӕ:

Зӕххыл дын нал баззад кӕнинаг, –

Дӕ мӕсыг амайын фӕдӕ»

Уый абоны-бон мах сӕрибарӕй хӕссӕм Нафийӕн йӕхимӕ.

Табу Хуыцауӕн, Къостайы фарн ӕмӕ лӕгдзинадыл Иры фӕлтӕрӕй Нафийы хуызӕн ничи ма ныззарыд, кӕд ӕй зӕрдӕйӕ алчи дӕр уарзта ӕмӕ уарзы, уӕддӕр.

Уыдис рӕстӕг, ӕмӕ Иры интеллигенцийӕ бирӕтӕ  Байаты Гаппойы банымадтой Къостайы знагыл. Мах, абоны фӕлтӕр, хъуамӕ зонӕм Къостайӕн йе знӕгты дӕр ӕмӕ йӕ хъонӕгъты дӕр. Къостайы аз бирӕ хӕстӕ ӕвӕры нӕ разы. Фаг нын у, цӕмӕй зонӕм, Гаппойӕ ӕввахсдӕр Къостамӕ кӕй ничи уыд, Къоста ӕмӕ Гаппо кӕрӕдзи бирӕ кӕй уарзтой, кӕй уыдысты ӕрдхӕрдтӕ, хъонӕгътӕ.

Байхъусӕм ма, 1898  азы Гаппо Петербурджы рынчындонмӕ Къостамӕ  куыд фыста: «Мӕ уарзон ӕрдхорд, нӕ Иры ӕнхъӕлцау ӕмӕ рӕбыны цӕджындз, Хетӕджы фырт Къоста.

Ӕппын дын нӕма у афон рабадын? Цавӕр сӕфты низ дыл бахӕцыдис! Тагъд нӕ цӕргӕс, дӕ райгуырӕн, уарзон хӕхтӕм ратӕх ӕцӕгӕлон дард бӕстӕйӕ ӕмӕ дӕ  сыгъзӕрин хӕтӕлӕй тохы Зарӕг ныккӕн нӕ Ирӕн!…

Рагӕй ӕнхъӕлмӕ  кӕсӕм мах диссаджы зарджыты чиныгмӕ. Бафӕллад хъиамӕты астӕу мӕгуыр ирон зӕрдӕ!.. Дӕ зарджытӕ ӕлутоны хуызӕн фӕуыдзысты нӕ  мӕгуыр адӕмӕн. Цӕмӕй тӕрсыс, нӕ иунӕг ӕгъдӕн-цой».

Нафи бирӕ  тых, бирӕ бонтӕ  ӕмӕ ӕхсӕвтӕ, мӕйтӕ  ӕмӕ  афӕдзтӕ  схардз кодта Къостайы царды фӕндӕгтӕ ӕмӕ сфӕлдыстадон бынтӕ  адӕмы размӕ рахӕссыныл. Ууыл та дзурӕг сты йӕ бирӕ фӕллӕйттӕ. Ранымайӕм дзы сӕ сӕйрагдӕрты: «Тема Кавказа в русской литературе  в творчестве Коста Хетагурова», – Сталинир 1955;  «Коста Хетагуров» – Сталинир 1958; «Иры хур скасти Нарӕй», – Владикавказ 2009; «Ирон литературӕйы истори», – Цхинвал 2016; , «Хетӕгкаты Къоста – ирон национ литературӕйы бындурӕвӕрӕг» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Нафийы цы фӕндыд Къостайӕн, уый ӕргомӕй зӕгъы:

 «Нӕ  Ирыл  хъуамӕ  рӕгътыл,  фӕзты

Мыггагмӕ раздзогӕй тӕхай».

Къоста йӕ Иры зӕрдӕйӕ кӕй никуы схаудзӕн, уый фидарӕй уырныдта Нафийы, уӕндонӕй дӕр ӕй уымӕн зӕгъы: «Къоста цӕры ӕмӕ цӕрдзӕн, цалынмӕ зӕххон дунейыл ирон ӕвзагыл дзурӕг уа, уӕдмӕ. Къоста цӕрдзӕн, цалынмӕ ма дунейы аив дзырд чи уарзы, чи ‘мбары ӕмӕ  фӕлдисынхъом чи у, ахӕм адӕймаг уа, уӕдмӕ».

Къостайы бӕрӕгбоныл ӕмбӕлӕм стыр цинимӕ.

Ӕцӕг зӕрдӕйӕн зын у, Нафи немӕ  кӕй нал ис, Нафи нын Къостайы кады зарӕг кӕй нал  ныккӕндзӕн.

Дзӕнӕттаг у, Нафи.

ПЛИТЫ Гацыр – Хетӕгкаты Къостайы номыл премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.