Къоста… Æрмæстдæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лæгæн уыцы ном йæ чысылæй йæ амæлæты бонмæ вæййы тырысайау. Æрмæстдæр иунæг ном æмæ цæстыты раз сысты адæмты сæрхъызой, йæ цард æгасæй дæр йæ дзыллæйæн чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.

Дзыллæтæ, хурыскастау, йæ фенынмæ кæмæн бæллыдысты, цардыл, фидæныл сæ чи æууæндын кодта, тыхст сахат йæ адæмæн ныфс æмæ хъаруйы мæсыг чи уыди, уыцы Къостайы райгуырдыл ацы аз æххæст кæны 163 азы.

Ирон адæмы ахсджиаг хъæбул Къостайæн йæ диссаджы зарджыты, йæ зæрдæбын сагъæстæ айзæлынц зæххы къорийыл. Къостамæ уарзондзинадæй райгуырд рæсугъд æгъдау — æппæтадæмон бæрæгбон поэты кадæн. Ахæм стыр амонд æрмæстдæр уымæ кæсы, йæ адæмы хуыздæр миниуджытæй хайджын чи вæййы, æрдзæй ахæм стыр курдиат чи рахæссы, йæ цард æппæтæй дæр адæмы хъысмæтыл фидар чи бабæтты, уымæ. Къостайы рухс номимæ баст бынæттæ ирон адæмæн сты кувæндонау, бирæтæ дзы фæстæмæ ногæй арæзт æрцыдысты.

1859 азы 15 октябры йæ райгуырæн Ирыстоны хæхбæсты астæу зæронд Нары хъæуы Хетæгкаты Леуанæн райгуырдис лæппу, Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном Къоста. Йæ мад уыди Гуыбатæй æмæ куы амарад, уæд Къоста хæрзчысылæй баззад сидзæрæй. Сæ хæстæг ус Чендзе райдыдта сидзæры хъомыл кæнын. Сыгъзæрин зæрдæ уыди уыцы сылгоймагæн. Мады ад уымæй базыдта Къоста. 1868 азы Леуаны бинонтæ Дзæуджыхъæумæ куы ралыгъдысты, уæд уым ахуыр кæнынмæ бацыд прогимназмæ.

1870 азы Ирыстонæй ралыгъдысты Кубаны былмæ æмæ æрцардысты Лабæйы хъæуы. Къоста Лабæмæ хæстæг станицæтæй иуы ахуыр кодта райдиан скъолайы, 1871 азы та бацыди Ставрополы гимназмæ.

«Нарон уæлыгæсæн» йæ зæрдæ ссыгъди ног царды зынгæй. Уарзæгой, рæузæрдæйæн бирæ æнтысы — уайтагъд чысыл æмбæлттæн сси балхон алы хорз хъуыддæгтæм: рæвдз ныхасæй таурæгъмæ, æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ уырыссагау фыссын хорз райдыдта. 1880-1881 азты скъоладзауты уацмысты æмбырдгонды мыхуыргонд æрцыдысты Къостайы дыууæ æмдзæвгæйы:

Къостайы тынг бауарзтой адæм. Алкæй хæдзар дæр уыди йæ хæдзар. Зынгзæрдæ поэт йе ’ппæт хъарутæ æмæ зонд дæр радта æхсæнадæн æмæ литературон куыстæн. Ам, Ирыстоны, парахатæй райхæлди йе ‘рдзон стыр курдиат. Арвы нæрдау айхъуыст æгас Ирыл, Мæздæгæй-Гудзаретмæ уыцы рæстæджы йæ тохы зарæг «Додой!».

1889 азы Пятигорскы М. Лермонтовы цырт гом кæнгæйæ ирон интеллигенцийы номæй Къоста бакаст æмдзæвгæ «Перед памятником». «Ирон цъæх цухъхъа нæ амбылдта!»-дзырдтой уырыссæгтæ.

1890 азы инæлар Кахановы фæндонæй хъуамæ æхгæд æрцыдаид Дзæуджыхъæуы ирон чызджыты скъола. Къоста уый фæдыл стыр тохы бацыд хицауадимæ æмæ скъола йæ бынаты баззад. Инæлар Каханов уыцы ныхкъуырд йæ сæрмæ не ‘рхаста, «змæнтæджы» бафхæрдта — Къоста æрвыст æрцыд Ирысто-нæй. Æрмæст 1895 азы байгом йæ фæндаг Ирыстонмæ. Каханов та ногæй æфсон агурын райдыдта æмæ Къоста дыккаг хатт æрвыст æрцыд Херсонмæ.

Къоста æнхъæл нæ уыди, искуы йæ уацмыстæ чиныгæй фендзæни, уый. Уымæн æмæ йын Пушкинау уыдис йæхи Бенкендорф-инæлар С. Каханов. Уый фæндиагæй Къоста ахæстонæй æддæмæ нæ рацыдаид. «Ирон фæндыр»-ы ныхмæ Каханов фыста уæлдæр хицауадмæ: «Тифлисы цензурæ бар радта, Кавказæй хъуамæ æрвыст чи æрцæуа, уыцы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ ирон æвзагыл ныммыхуыр кæнынæн. Уыцы æмдзæвгæтæ сты бынтон змæнтæг æмæ хицауады ныхмæ арæзт…».

Фæлæ «иу бон…. пиллон зынгау… йæ цæстытæ ссыгъдысты! Бабуц йæ бæгъатыр уынгæг зæрдæ. Хурзæрины тын йæ уарзон Ирыстонæй æрбакаст… Йæ разы лæууыд, цæхæртæкалгæ, йæ Кады тырыса, ирон чиныг — Къостайы „Ирон фæндыр“ — йæ уды куысты æнæмæлгæ мысайнаг — ирон кувæндоны». Чиныг мыхуыргонд æрцыдис 1899 азы З. Шуваловы типографы, А. С. Пушкины 100 азы юбилей кадджын уавæры куы бæрæг кодтой, уæд.

«Азтæ цæудзысты, цæудзысты æнусмæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном не ’рны-мæг уыдзæн, раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау æмæ адæм хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, æнусон сфæлдыстадæй», — фыста С. Михалков.

 

«..Нæ тарсти Къоста нæдæр ахæстонæй, нæдæр рæхыстæй. Суанг мæлæтæй дæр нæ тарсти. Уый бæрзæндты хаста уырыссаг революцион демократийы тырыса. Йæ цард æмæ йе сфæлдыстад æппæтæй дæр снывонд кодта йæ уарзон адæмы сæрибарæн», — фыста Д. Чарквиани.

 

ГÆЗЗАТЫ Залинæ,
Хуыцъейы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.