Иры дзыллӕ, семӕ раззагон хъуыдытыл хӕст адӕм, стыр цытимӕ нысан кӕнынц нӕртон Хетӕгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырды 160 азы бон.

Номы лӕг уыд Къоста. Йӕ царды бонты йӕ къухы фӕхаста уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинады стъалы, йӕ царды бонты цы хӕхтӕ ӕмӕ быдыртыл фӕцыд, уым фӕтыдта хӕлардзинад, йӕ низӕфхӕрд бонты дӕр фӕдзӕхста йӕ мӕгуыр адӕмы, цӕ-мӕй уарзой сӕ кӕрӕдзийы.

Къоста лӕгау лӕджы фӕдтӕ ныууагъта Пятигорскы, Кисловодскы, Ставрополы, Петербурджы, Херсоны ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Алы ран дӕр уыд хӕлардзинады хидтӕ аразӕг.

Ир зарынц Къостайыл. Уый егъау ӕмӕ дардыл фарст у. Къостайыл йӕхирдыгонау ныззарыд Плиты Грис дæр.

Грисы хъуыды Къостайы тыххӕй ахӕм у: у ӕнӕрынцой зӕрдӕйы хицау, хӕцыд йӕ адӕмы бартыл, Батрадзау — тыхджын, Ацӕмӕзау — зараг, Уырызмӕгау — бархъомыс ныхасы. Афтӕ дзы зӕгъы:

«Мӕстӕфхӕрд — йе ‘нӕрайы дугӕй,
Фӕлӕ уӕддӕр зӕрдӕйы тугӕй
Йӕ зарӕг артуадзгӕ фыста…
Бон ивта боны, аз та — азы,
Ӕмӕ ныр хур уа, йе хъызт уа —
Ӕлвӕст ӕхсаргардау нӕ разы
Фӕлӕууы джихрӕсугъд Къоста».

Йе ’мдзӕвгӕ «Къоста»-йы поэт арӕхстджынӕй нымайы Хетӕджы фырты тохы фӕндӕгты нывтӕ. Зӕгъы йын, уӕд та:

«Ныббогъ кӕнис ӕргӕвдгӕ галау,
Фӕлӕ дӕ хъӕр ӕмӕ дӕ хуыз
Цы хуыцау бамбардзӕн ӕмбалау?..»

Йӕ уавӕрты тыххӕй та Грисы ныхас ахӕм у:

«Гъе, афтӕ бонты ивынц бонтӕ,
Дӕ развӕд — мигъдзаст ӕмӕ пыхс…
Уӕддӕр дӕ дзыллӕйӕн нывгонд дӕ
Ӕмӕ дӕ зынтӕн быхс, быхс, быхс!»

Грис хорз зонгӕ уыд, Цӕлыккаты хӕдзарвӕндагимӕ Къостайӕн цы бастдзи-нӕдтӕ уыдис, уыдӕттимӕ. Къостайы ахаст Аннӕмӕ, сӕ ӕнӕхин уарзондзинады фӕндӕгтӕ — Грис сӕ арӕхстджынӕй ныв кӕны йе ’мдзӕвгӕ «Аннӕйы нывы раз»-ы. Къоста скодта Аннӕйы ныв, уарзта йӕ ӕцӕг уарзтӕй. Грис зӕгъы:

«„Ӕз уарзын дӕу, ӕз уарзын дӕу“
Ӕмӕ йӕ сау рӕсугъды Сурӕт
Поэт йӕ хъарм тугӕй фыста,
Кӕдӕм цӕрдудау сдзурид,
Кӕсы ӕнхъӕлцауӕй Къоста».

Грисы Иры истори йӕхимӕ ласта кӕддӕриддӕр. Тынг хъуыды кодта Къостайы фӕлгондзыл, уый сценӕмӕ ракӕныныл, Ирӕн удӕгас Къостайы фенын кӕныныл.

Къоста ӕнӕамӕлгӕ фӕлгондз у ирон адӕмӕн. Йӕ кой ракӕнгӕйӕ, ирон лӕгӕн гъеуӕд ӕрлӕууынц йӕ зӕрдыл, Ирыстоны ивгъуыд ӕнус, рӕстӕджы кадавар уа-вӕртӕ, ироны ӕддаг тӕригъӕддаг бакаст, сылгоймаджы фыдӕбӕттӕ, былӕй хауӕг ӕмӕ зӕйы разӕй лидзӕг зӕхкусӕджы фӕлгондз, сидзӕргӕс усы хъарджытӕ, бӕгънӕг, бӕгъӕввад сабитӕ.

«Кӕуылты у Къостайы ахадындзинад. Уый уыд уынаффӕйы лӕг, ӕмбаргӕ политик, ӕхсӕнадон цаутӕ раст чи ӕмбӕрста, йӕ адӕмы раст фӕндагыл чи арӕзта, ахӕм адӕймаг». (Ардасенты X.).

Къоста бирӕ адӕмты минӕвӕрттимӕ уыд зонгӕ Кавказӕй Петербургмӕ, фӕлӕ дзы иуӕй дӕр ӕвзӕр нӕ загъта, алы наци-йӕн дӕр дзырдта сӕ удты хорз миниуджытыл, се ’гъдӕутты рӕсугъддзинӕдтыл.

Ӕнӕкӕрон у ирон адӕмы уарзондзинад Къостамӕ. Аивады алы къабазы дӕр ӕвдыст ӕрцыд ӕмӕ цӕуы Къостайы рухс фӕлгондз.

Къостайы фӕлгондз ӕрбацыд ирон драматургимӕ дӕр, фӕлӕ уыцы уацмысты ӕмӕ драматургты нымӕц цъус у. Йӕ историон фӕндагмӕ йын куы ракӕсӕм, уӕд банысан хъӕуы уый, ӕмӕ ирон драматургийы, ирон сценӕйыл Къостайы фӕлго-ндз рагон нӕу.

Ирон адӕмы бӕллиц уыд, цӕмӕй Къостайы ӕцӕг фӕлгондз феной сценӕйыл, феной Хетӕджы фырты йӕ иузӕрдион адӕмы ӕвзагыл дзургӕ. Раст зӕгъы Саламты Къола: «Вряд ли среди наших писателей, драматургов, поэтов и художников найдется такой, который не мечтал бы соз-дать образ любимого народом революционера поэта-демократа Коста Хетагурова».

1939 азы Иры дзыллӕ нӕ Цӕдисы адӕмтимӕ иумӕ банысан кодтой Къостайы райгуырды 80 азы бон. Гъеуӕд Цӕгат Ирыстоны драмтеатры сценӕйыл ӕвӕрд ӕрцыд Нигер ӕмӕ Епхиты Тӕтӕрийы пьесӕ «Къоста». Адӕмы цинӕн кӕрон нал уыд, цыдысты алы рӕттӕй спектакль уынынмӕ.

Пьесӕ тагъд рахызт театры сценӕйӕ, кӕд ма йӕ 1949 азы, Къостайы райгуырды 90 азы бонмӕ ногӕй сӕвӕрдтой, уӕддӕр. Рахызт, уымӕн ӕмӕ аивадон ӕгъдауӕй ӕххӕст, ифтонг нӕ уыд.

Бавнӕлдта Къостайы фӕлгондзмӕ зынгӕ ирон советон драматург Туаты Дауыт дӕр. 1959 азы, Къостайы райгуырды 100 азы бон. Туайы фырт хорз зыдта йӕ размӕйы уацмысты, сӕ хорздзинӕдтӕ ӕмӕ сӕ цухдзинӕдтӕ дæр.

Цӕгат Ирыстоны уӕд йӕхи цӕттӕ кодта Къостайы райгуырды 100 азы бонмӕ, Мӕскуыйы аивадон декадӕмӕ, Ленинград та Къостайыл исын райдыдта кинофильм. Уыдӕтты Дауыт хорз ӕмбӕрста. 1959 азы ноябры мӕйы Цӕгат Ирыстоны драмтеатры сценӕйыл ӕвӕрд ӕрцыд Дауыты пьесӕ «Къоста».

Йӕ бонӕджы афтӕ фыста: «Адӕм ын, мах ӕнхъӕл куыд нӕ уыдыстӕм, ахӕм хорз аргъ скодтой. Бирӕтӕ зӕгъынц, Къостайы цард, Къостайы тох пьесӕйы, гъе стӕй спектаклы дӕр хорз ӕвдыст ӕрцы-дысты, зӕгъгӕ. Бӕгуы, уый мӕнӕн дӕр у тынг ӕхсызгон. Къостайы тыххӕй ма гыццыл раздӕр адӕмӕн ӕвдыст ӕрцыд хорз фильм. Ӕмӕ ма кӕд уый фӕстӕ хорз спектакль аразын дӕр бантыст, уӕд уый куын-нӕ уа ӕхсызгон йӕ адӕм, йӕ бӕстæйы, Къостайы бирӕ чи уарзы, уыдонӕн».

Ӕрӕвнӕлдта Къостайы фӕлгондз сце-нӕйыл равдисынмӕ Плиты Грис дӕр. Ныффыста йыл цыппарнывон драмӕ, схуыдта йӕ «Ӕнӕбасӕттон». Ӕниу ма йӕ хуыдта «Ӕлвӕст ӕхсаргард» дӕр. Дыууӕ номы дӕр ӕнгом бадынц драмӕйы сюжетимӕ.

Къостайы сценӕмӕ чи рахаста, уыцы драматургтӕй иу дӕр Къостайы царды фӕндӕгтыл ӕнӕхъӕнӕй не ’рдзырдта. Ӕмбӕрстгонд у. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ иу пьесӕйӕн уый ӕгӕр уӕрӕх темӕ у. Иу уацмысы бавӕрай Къостайы царды бонтӕ, йе ’хсӕнадон царды фӕндӕгтӕ, йӕ тохы быдыртӕ — вазыгджын фарст у ӕмӕ йын, ӕв-ӕццӕгӕн, гӕнӕн дӕр нӕй.

Плиты Грис дӕр йӕхирдыгонау Къостайы цардӕй райста иу егъау хай — Къостайы хасты фыццаг рӕстӕг ӕмӕ йын инӕлар Каханов кӕй ба-цӕттӕ кодта дыккаг ӕмгъуыд дӕр.

Драматург цы рӕстӕг райста Къостайы цардӕй, уымӕн равзӕрста хъӕуӕг фӕл-гӕндзтӕ рæнхъон адæмæй, стæй уæд хи-цӕутты ’рдыгӕй дӕр. Уыдон та сты Каханов, йӕ хъузӕттӕ: Хоранты Созырыхъо (Хоран), полицмейстер Уингерн, йӕ адъютант, сауджын Кузьма, Къостайы фарс-хӕцджытӕ — Цӕлыккаты сауджын Алык-сандр (Лыксан), Гаппо, Гиго, Къостайы хо Ольгӕ, Цæлыккаты Аннæ.

Фыццаг нывы архайд цӕуы Цӕлыккаты хӕдзары — Гаппо, Лыксан (Алыксандр), сауджын Кузьма. Се ’хсæн рауад ныхас, Къоста хастæй сусæгæй кæй сыздæхт, уый фæдыл.

Драматург арæхстджынæй æвдисы Къостайы фембæлд Хоранты Созырыхъоимæ, йæ ныхас Байаты Гаппоимæ, Дзассохты Гигоимæ, Цæлыккаты сауджын Алыксандримæ.

Фæсаууонмæ пьесæйы бирæ ныхас цæ-уы Леуаны лæгдзинæдтыл. Зæрдæмæ-хъаргæ у Къоста æмæ Ольгæйы фембæлды сценæ.

Драматурджы стыр арæхстдзинадыл дарддæр дзурæг у Къоста æмæ Аннæйы фембæлды сценæ, цыран уынæм, Къоста бындуронæй кæй æрæвнæлдта йæ цард саразынмæ, фæлæ Аннæйæ исы цæхгæр дзуапп «Нæ».

Иууыл ахсджиагдæр пьесæйы у Каханов æмæ Къостайы фембæлды сценæ. Ам, зæгъæн ис, Грисы хуызæн ничи равдыста Кахановы удыгъæд Къоста æмæ Леуан-мæ. Сæ ныхасы бæлвырдæй зыны, дуджы стыр уылæнты фæйлауæны фæндæгтæ сæ дыууæ дæр (алчи йæхирдыгонау) раст кæй æбæрстой.

He сбадт сӕ ныхас кӕрӕдзийыл. Каханов ын ӕппӕлыд Леуанӕй, домы дзы, цӕмӕй ныууадза йе «змӕнтӕн» куыст, суа коммӕгӕс. Фӕлӕ Къоста хоры нӕмгуытӕй кӕй асайай, уыдонӕй нӕ разынд. Каханов уӕд рахизы ӕрдхъирӕнтӕм, тӕрсӕн фӕндӕгтӕм, зындойнаджы ахӕстӕттӕм, фӕлӕ та уыны, нӕ чъил кӕны Къоста, нӕ сӕтты ницӕмӕй. Кахановӕн ма баззад иу мадзал — фесафын хъӕуы Къостайы Ирыстонӕй дард ранмӕ. Драматург арӕхстджынӕй спайда кодта ӕндӕр историон цауӕй дӕр.

Цӕвиттон, Къоста Ирыстонӕй ӕрвыст куы уыд, Ставраполы куы цард ӕмӕ куы куыста, уӕд Иры хъӕуы Дудиатӕй иу хӕ-дзары уыдис чындзӕхсӕв. Нуӕзтджын адӕмы ’хсӕн рауад хыл, пӕлицӕ дӕр дзы райстой хайад, ахст ӕрцыдысты иу авдӕй. Уыдоны ’хсӕн уыдис иу Хетӕгкатӕй Созырыхъойы фырт Къоста. Каханов уы-цы хъуыддагӕй спайда кодта, аххосаг сӕ-вӕрдта поэт Къостайыл ӕмӕ йын тӕрхонгонд ӕрцыд Сыбырмӕ.

Драматург Грис ацы цау дӕр йӕ пьесӕ-йы бавӕрдта хъӕуӕг ран, Каханов дзы цӕ-мӕй спайда кӕна Къостайы фесафыны тыххæй.

Фӕстаг сценӕйы дӕргъвӕтин у Къостайы ныхас Аннӕимӕ, йӕ хо Ольгӕимӕ.

Йӕ балцы размӕ фӕдзӕхсы Гаппойы, цӕмӕй «Ирон фӕндыр»-мӕ фӕдара йӕ хъус, цӕмӕй йӕм ма бавнала мисхалы бæрц дӕр.

Кӕронбӕттӕны, йӕ балцы агъоммӕ, йӕ ныхас Къостайӕн у ахæм: «Сымах уӕ сӕртӕ хъуамӕ бӕрзонд хӕссат, тыхгӕ-нӕгмӕ кӕнат тымбылкъухӕй ӕрдхъирӕн ӕмӕ додой! Нӕ хъусут! Уынгты адӕмы уынӕр куыд азӕлы! Уый тохы нӕрын хъуысы, Цӕгат арсы паддзахад ӕнкъуысы йӕ бындзарӕй!.. Нырма хӕцдзыстӕм мах! Хӕрзбон уал, адӕм. Сӕмбӕлдзыстӕм тагъд».

Грис Къостайы царды бӕстыастӕуӕй цы скъуыддзаг райста, уый йӕ историон фӕндагмӕ гӕсгӕ раст нывӕст ӕрцыд. Къостайӕн иу хасты ӕмгъуыд нӕ фӕцис ӕмӕ райдыдта дыккаг, ӕрвыст ӕрцыд Перммӕ. Ӕнӕбасӕттон Къоста сӕрбӕрзондӕй зӕгъы йӕ адӕмӕн, нӕ фӕцис мӕ тох, ногӕй та сӕмбӕлдзыстӕм.

Удыгъӕдӕй бӕрзонд ӕмвӕзадыл сӕ-вӕрдта Грис Къостайы. Лӕгдзинады хъуыддӕгты у зондджын, ӕрхъуыдыджын, уӕздан ӕмӕ рӕвдауӕг. Афтӕ йӕ амоны Шамил дӕр: «…Къоста уӕздан ӕмӕ стыр у йӕ тохы дӕр, йӕ уарзты дӕр, йӕ рысты дӕр. Уымӕн йӕ амонд уыд ӕндӕр — бӕрзонддӕр, мидисджындӕр, ӕнусондӕр».

Диссаджы ӕвзаджы фӕрӕзтӕ ссардта автор йӕ пьесӕйы архайд снывӕндынӕн. Кӕуылты у Къостайы ӕвзаджы гъӕд алы ӕмӕ алыгъуызон уавӕрты. Нысан ӕй кӕны Шамил дӕр: «Уацмыс фыст у рӕ-сугъд, поэтикон нывджын ӕвзагӕй. Бирӕ базырджын ныхӕстӕ, уырны мӕ, ӕмбисӕндтау, цӕудзысты дзыхӕй-дзыхмӕ. Уацмысы ӕмдзӕвгӕ у аив амад, фидар, хӕрзгъӕд».

Кӕронбӕттӕны зӕгъын хъӕуы: Грисы «Къоста» аккаг хайбавӕрд кӕй у нӕ драматургийы. Къостайы фӕлгондз чи ӕвза-ра драматургийы, уый нӕ ахиздзӕн ацы пьесӕйы иувӕрсты.

ПЛИТЫ Гацыр,
Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.