Италийы Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты  официалон минæварад сорганизаци кæндзæн мысæн акци 2008 азы августы  республикæйы ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессийыл 14 азы сæххæсты сæраппонд. Мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты 8-æм августы горæт Пезаройы, – хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Уыцы бон 17 сахатыл Миральфиорейы парчы Сабырдзинады бæласы цур уагъд æрцæудзæн митинг Республикæ Хуссар Ирыстоны фарсхæцынады тыххæй. Уыцы бон ма венок сæвæрдзысты Коленуччойы фæзуаты партизантæ-хъизæмаргæнджыты цырты раз, афтæ ма бакувдзысты гуырдзиаг нацистты къухæй фæмардуæвæг ирон хъизæмаргæнджыты мысынады тыххæй.

Италийы Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвар Мауро Мурджиайы ныхæстæм гæсгæ, нæ хъæуы рох кæнын Хуссар Ирыстоны трагедийы æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ирон адæмы геноциды тыххæй. «Абон Хуссар Ирыстоны ныхмæ провокацитæ саразынæн гæнæн куы ис, уæд æнæмæнгхъæуæг у Хуссар Ирыстоны æппæт фарсхæцджыты æмæ хæлæртты уæрæх дунеон æнгомдзинад. Ирыстон, Итали демæ ис»!, – загъта Мауро Мурджиа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.