Августы хæсты размæ бон Къостайыхъӕуы гуырдзиаг арӕнтӕм ӕввахс посты чи лӕууыд, уыдонæн бардзырд уыд, цæмæй ӕдасдӕр бынӕтты сӕхи бааууон кодтаиккой, фыдгул алыгъуызон хӕцӕнгӕрзтӕй ифтонг кӕй уыд, уый тыххӕй. Хъабанты Амиран уыцы тыхст бонты тыххӕй афтӕ радзырдта, зӕгъгӕ, кӕд уавӕр тынг тӕссаг уыд, ӕдзух мӕлӕты дзыхмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уӕддӕр хъӕуы нырма дзӕвгар адӕм уыд. 8-ӕм августы сӕумӕрайсом гуырдзиаг гӕрзифтонг хӕстонты федтон нӕ уынджы цӕугӕ. Цыдысты тагъд уадӕй, уый уымӕн, ӕмӕ бынтон ӕдас дӕр сӕхи не ‘нхъӕлдтой, алырдӕмыты сайд кӕстытӕ кодтой. Цӕугӕ ма сӕ федтой бирӕ чидӕртӕ, фӕлӕ уыдон фезнӕт кӕнын уыдаид рӕдыд, ӕваст дзы ӕрцыдаид стыр бӕллӕхтӕ. Ӕхсӕвы, уыдаид дӕс сахатмӕ ӕввахс, Аланты уынджы кӕронӕй арты гуылфӕнтӕ сӕхи хӕрдмӕ ивазынц. Базыдтам, уый Гӕджиты Суликъойы дыууӕуæладзыгон хӕдзарыл хӕлӕн ӕрмӕг кӕй сӕмбӕлд ӕмӕ судзын райдыдта. Хуыбиаты Геник, Гоцъиты Таймураз ӕмӕ ӕз хъуамӕ ныллыгъдаиккам зынгсивæрзт ахуыссын кӕнынмӕ, нӕхи арӕвдз кодтам, фӕлӕ та уӕдмӕ ӕхстытӕ сытынг сты ӕмӕ нын нал уыд ахизӕн.

Нӕ хъустыл ӕруад, Джиоты Настя дыргъдоны кӕй ссардта йӕ адзал ӕмӕ йӕм ӕвӕстиатӕй кӕй хъӕуы бацӕуын. Кӕд бынтон ӕдас нӕ уыдыстӕм знаджы ӕрдыгӕй, уӕддӕр æм куыддæрты бацыдыстæм. Уӕд-мӕ нӕм схӕццӕ сты нӕ иннӕ сыхӕгтӕ Тедеты Владимир ӕмӕ Мӕлдзыгаты Яша дӕр. Хуыссӕнтӕӕмбӕрзӕны йӕ стыхтам ӕмӕ уал ӕй рӕстӕгмӕ баныгӕдтам сӕ цӕхӕрадоны, уый фӕстӕ та йӕ сӕмбӕлын кодтам йӕ сыджыты хайыл», – зæгъы Амиран.

Хъӕуы уӕлмӕрды иу рӕстӕджы Таймураз акаст асфальтвӕндагмӕ ӕмӕ хаудӕй суыдта иу лӕппулӕджы. Бацыдысты йӕм ӕмӕ разынд Мӕлдзыгаты Джемал. Уæд ма базыдтой, хъæуы ноджы цалдæрæй кæй фæмард сты. «Уыдон уыдысты Тедеты Никъала, Джиоты Аслан, иннӕ та уыд дампалеттаг лæппу Къӕбысты Ирбег. Уый лæууыд Къостайыхъæуы фӕсивӕдимӕ. Сӕумӕрайсомæй хъуамӕ бацыдаид йӕ хойы хӕдзармӕ аулӕфыны тыххӕй, фӕлӕ йӕ уӕдмӕ ауыдтой гуырдзиаг хотыхджынтӕ, хъавыдысты йӕ удӕгасӕй ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ сын нӕ бантыст. Фӕлӕ иуӕн – дыууӕ ӕфсад, скусын кодтой сӕ хӕдӕхстӕ ӕмӕ  йын аскъуыдтой йӕ цард. Марды уал ӕрбахастой йе рвад Къӕбысты Владимиртӕм, уый фӕстӕ йӕ сӕмбӕлын кодтой йӕ сыджыты хайыл. Ӕвзаг тасгӕ дӕр нӕ кӕны зӕгъын, гуырдзиаг хотыхджынтӕ хъӕуӕн цы ӕгӕрон хъизӕ-мӕрттӕ бавзарын кодтой, уыдон. Нӕ хæстон лæппутæ ӕмӕ Стыр Уӕрӕсейы фӕрцы ныр мах сивæрзтыстæм уыцы уæззау уавæрæй ӕмӕ сын зӕгъӕм стыр бузныг, – загъта ма Хъабаны фырт.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.