Ныр 40 боны дæргъы газет «Хурзæрин»-ы хъæлдзæг коллективæй нал дæр хъæлдзæг хъæлæба æмæ нал дæр искæйы худын райхъуыст. 40 боны размæ нæ коллектив фесæфта, алкæмæндæр мады зæнæджы хуызæн, алкæмæндæр уарзон чи уыд, нæ  уыцы худгæбыл æмæ хæларзæрдæ æмкусæг Туаты Ларисæйы. Йæ рынчыны хабар ын куыннæ зыдтам, фæлæ афтæ бынтон æнæнхъæлæджы æрбайсæфдзæн йе ‘взонг уд, ууыл хъуыды дæр ничи акодтаид. Адæймаджы нырма уырнгæ дæр нæ кæны, нæ сабыртæ æмæ уарзон Ларисæ нæ редакцийы къæсæрæй кæй никуыуал æрбахиздзæн, уый. Хатт нæм афтæ фæкæсы, цыма та нæ уæздан Ларисæ сабыр къахдзæфтæй схиздзæн æртыккаг уæладзыгмæ æмæ та йæ кусæн хатæнмæ бахиздзæн алкæмæндæр худæндзастæй «дæ райсом хорз» зæгъгæйæ. Фæлæ афтæ никуыуал уыдзæн, кæд зæрдæйы ууыл æууæндын нæ фæнды, уæддæр.

40 боны дæргъы нæм худæндзастæй кæсы, редакцийы къæлидоры стъолыл ын сау фæлгæты цы ныв æрæвæрдтам, уырдыгæй. Райсомæй нæ куыстмæ бацæугæйæ алчидæр алæууы йæ нывы раз æмæ йын зæрдиаг салам ратты: – «Дæ райсом та хорз, нæхи Ларисæ», чи та йын йæ ныв йæ хъæбысы акæны æмæ та сæ цæссыгтæ фемæхсынц. Ныр 40 боны дæргъы йæ ныв цы стъолыл æвæрд уыд, уый раз никуы сафтид удæгас дидинджытæй. Æндæр ма дын цы нæ бон у,  хъысмæты раз балæууæн нæй æмæ дын фæстаг лæггæдтæ кæнæм.

Дæ сау хабар нæм куы æрыхъуыст, уæд зæрдæдзæфтæ фестæм, де ‘мкусджытæй дыл алчидæр зæрдæйæ фæмаст кодта,  судзгæ цæссыгтæ дыл фæкалдтой иууылдæр. Дæ хъæбултæ, дæ хиуæттæ дæм куыд æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, афтæ æнæрхъæцæй  æнхъæлмæ кастыстæм мах, де ‘мкусджытæ дæр. Æрвыл райсом дæр-иу кæрæдзийы афарстам, Ларисæйæ ницыуал фехъуыстай, зæгъгæ. Æгæрыстæмæй, дæхæдæг бонтæ куыд нымадтай, Мæскуыйæ дæ уарзон хъæбултæм кæд æрхæццæ уыдзынæ, афтæ сæ нымадтам мах дæр. Куы-иу нæм фыстай, зæгъгæ, дам, уæ алкæйы дæр тынг æрæмысыдтæн, тæхуды йеныр, зæгъ, уæ цуры абад, уемæ адджын ныхæстæ акæн. О, мах дæр дæ тынг æрæмысыдыстæм, фæлæ нæ фыдæнхъæл фæкодтай иууылдæр. Иу хатт ма дын дæ фæлмæн хъæлæс уæддæр куы фехъуыстаиккам. Æппынæдзух, дæ рæсугъд фæлгондз нæ разы лæууы, дæ ацыд, де ‘рбацыд нæ цæстытыл уайы. Дæ фæлмæн, уæздан хъæлæс та æппынæдзух нæ хъустыл уайы… 1 октябры дыл сæххæст уыдаид 40 азы. Мах, де ‘мкусджытæ дæ гуырæн боны æнæмæнгæй дæр ссæудзыстæм дæ уæлмæрдмæ æмæ дын дæ ингæныл удæгас дидинджытæ æрæвæргæйæ, дæ уазал цыртæн фæпъатæ кæндзыстæм.

Ларисæ ХИПУ-йы журналистикæйы факультет каст куы фæцис, уæд уайтагъд кусын райдыдта газет «Хурзæрин»-ы культурæйы хайады уацхæссæгæй. Æмæ ныр 20 азы бæрц ацы бынаты кусгæйæ, ныффыста бирæ хорз уацтæ, уæлдай мидисджын уацтæ та фыста ныййарæг мад æмæ Райгуырæн Ирыстоны темæйыл. Мæскуыйы рынчыдоны хос кæнгæйæ дæр, æппынæдзух йæ уарзон Ирыстоны мысыд, загъта-иу, зæгъгæ ма, дам, искуы Чъребайы зæххыл мæ къах авæрдзынæн? Æвæццæгæн æй зæрдæйæ хатыд, кæй йын нал бантысдзæн йæ уарзон горæтмæ сæрæгасæй æрыздæхын.

О, куыд æгъатыр дæ хъысмæт. Цæмæн схай кодта ахæм æвирхъау амонд Ларисæйы хуызæн æнæбахъыгдаргæ æмæ зæрдæхæлар адæймагæн. Сыгъдæг адæймаг, мæнæ куыд фæдзурынц мæлдзыджы хъыджы дæр чи никуы бацыд, ахæм диссаджы адæймаг уыд. Иннæ ахæм – лæггадгæнаг, æгæрыстæмæй хæстæджы хæстæгæн дæр лæггад кодта. Ныры хуызæн знæт дуджы бирæтæ сæхи ныййарджытæн дæр нал лæггад кæнынц, фæлæ ацы хуыцауысконд, зæды хуызæн сылгоймаг, зылд æмæ аудыдта йæ хицауы фыдыл дæр. Йæ хиуæттæй кæстæрæй хистæрæй алкæмæндæр сæ мады хуызæн уыд. Омæ, дыл афтæ бирæ азтæ куынæ цыд, цы сты 39 азы, уæд афтæ зондджын куыд уыдтæ æмæ дзыхы ныхасæй дæр макуы макæйы фæхъыг кæнай, ма дæр  – чындзы кæдæм  фæцыдтæ уыцы бинонтæй искæйы, ма дæр, хиуæтты, æмкусджыты. Æвæццæгæн дын хъысмæтæй бирæ цæрæнбон кæй нæ уыд, уымæн уыдтæ ахæм хæларзæрдæ æмæ æнæхин адæймаг, кæнæ та дыл цæмæй алкæйы зæрдæ дæр фæрыстаид. Ларисæ, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ дын æй дзурын, алкæйы зæрдæ дæр дыл тынг фæрыст. Æрæджы мын дæ сыхæгтæй иу сылгоймаг кæугæйæ афтæ дзуры, зæгъгæ, Ларисæ, дам, нæ сыхы фидыц уыд, алкæйы зæрдæ дæр, дам, фæрыст йе ‘нæнхъæлæджы мæлæтæй.

Ларисæ никуы никæмæ бахæлæг кодта мулк, æхцайы тыххæй, æрмæст-иу батæхуды кодта, мады уарзтæй, мады рæвдыдæй чи бафсæст, уыдонмæ. Скъоладзау ма куы уыд,  уæд баззад  сидзæрæй мады ‘рдыгæй æмæ сылгоймаджы куыстытæ йе ‘взонг уæхсчытыл æрæнцадысты, йæ дыууæ æфсымæр æмæ йæ фыдмæ йæхæдæг каст, цалынмæ йе ‘фсымæртæ цардæмбæлттæ не ‘ркодтой, уæдмæ. Ныр дæ мады хъысмæт сфæлхатт кодтай дæхæдæг дæр æмæ дæ мад мæрдты бæстæм фæстæмæ йæ хъæбултæм зæрдæхсайгæйæ куыд ацыд, афтæ ацыдтæ ды дæр де ‘нахъом хъæбултæм зæрдæхсайгæйæ. Хуыцау зæгъæд, æмæ ацы æнамонд хъысмæты таг дæуыл аскъуыйæд æмæ дæ хъæбултæ та Хуыцауы фæдзæхст уæд. Æвæццæгæн, уыцы бæстæйы дæр æнцойад нæ арыс дæ уарзон, фæкæсинаг хъæбултæм зæрдæхсайгæйæ. Сæ фынæйыл дæр сын куынæ хъæцыдтæ, уæд ныр куыд фæразыс…

Хъысмæт ыл разылд сайдæй. Ларисæ тынг тагъд кодта, фондз мæйæ фылдæр кæй нал федта, уыцы  æнахъом хъæбултæм. Хъазгæ, худгæйæ бæргæ æрхызт поездæй, фæлæ йыл æнæнхъæлæджы йæ дуне баталынг, бæргæ ма йæ аскъæфтой рынчындонмæ, фæлæ… Йæ размæ чи бацыд, уыцы хиуæттæй йын кæцыдæр афтæ бакодта, зæгъгæ, цомут махмæ, иу чысыл уæ фæллад суадзут,  дард фæндагыл, зæгъ, æрцыдыстут. Фæлæ, дам, уарзæгой мад бадиссæгтæ кодта, нæ, нæ, стыр бузныг,  алы минут, алы уысм дæр, дам, мын нымад у. Мæ хъæбулты, зæгъ, тынг æрæмысыдтæн. Фæлæ йын нал бантыст, цалдæр мæйы цы хъæбулты нал федта æмæ афтæ тынг кæмæ тагъд кодта, уыдон  йæ риумæ нылхъивын.

Ларисæ, дæхицæй хуыздæр æй чи зоны, сидзæр мæгуыр кæй у, уый. Мады къухты хъармдзинад, мады узæлд, мады фæлмæн ныхас ничи баивдзæн. Сидзæр æппынæдзух дæр цæстæнгасмæ фæкæсы. О, куыд тынг дæм æнхъæлмæ кастысты дæ хъæбултæ… Хуыцау ма дын уыцы амонд куы радтаид,  æмæ ма сыл къуырийы бæрц уæддæр куы фæцин кодтаис, Мæскуыйы сын цы лæвæрттæ балхæдтай, уыдонæй сæ дæхи къухтæй куы абуц кодтаис, фæлæ…

Ныр дæ 40 боны дæргъы дæ хъæбултæ агурынц хæдзары къуымты, «мама», «мама», хъæр кæнгæйæ. Дæ хистæр хъæбул Маряннæйы мастæн кæрон дæр нæй, æппынæдзух, зæгъ, йæ цæссыгтæ кæлынц, йæ тæккæ мад уарзыныл у. Уæдæ, зæгъ, æз «мама» никуыуал зæгъдзынæн? Маряннæ ныр 9-æм къласмæ ахызт, æртæ азы фæстæ астæуккаг скъола каст куы фæуа, æмæ йе ‘мкъласонты ныййарджытæ фæстаг дзæнгæрæгмæ куы æрбацæуой, уæд йæ чысыл зæрдæ фæрисдзæн йе ‘мбæлттæм тæхуды кæнгæйæ. 8-æм марты дæ хъæбулты æмкъласонтæ сæ мæдтæн лæварæн дидинджытæ куы фæцæйхæссой, уæд дын уыдон та дидинджытæ дæ уæлмæрдмæ схæссдзысты.

1-æм сентябры – Зонындзинæдты боны дæ астæуккаг чызг Дианæйы æмкъласонтæ сæ мæдтимæ куы бацæуой скъоламæ, æмæ дæуæн та дæ хъæбул мæгуыр, сидзæргъуызæй куы лæууа, уæд дæ зæрдæ дыккагæй аскъуыйдзæн. Æниу сæ рæвдыдцух нæ уадзынц, Ларисæ мады зæнæджы цард цы ходыгъд æмæ чындзимæ кодта, уыдон. Йæ ходыгъд Фатимæ æмæ йæ чындз Иринæ кæсынц абон дæр чысыл Мариямæ. Стыр лæггæдтæ  бакодтой Ларисæйæн, рынчындоны куы хуыссыд, уæд дæр.  Хуыцау сын бирæ цæрæнбон радтæд. Æвæццæгæн, царды цыдæр ис, æндæра ды дæ удæй цы чысыл хъæбулы балхæдтай, уый дæ цæрмыстыгъд цæмæн бакодта. Иууылдæр, дам, йæ мады хуызæн у, иннæ ахæм, зæгъ, йæ мадау сабыр.

Ларисæ æрхæндæг зæрдæйæ ныууагъта, афтæ бирæ йæ чи уарзта, уыцы цардæмбалы, йæ фыд æмæ йæ дыууæ æфсымæры, йе ‘ввахс хиуæтты.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, 40 бонмæ уд хæдзары вæййы, фæлæ ныр бæстонæй хицæн кæныс дæ уарзон хъæбултæ, дæ бинонтæй, де ‘мкусджытæй, дæ сыхæгтæй. Махимæ та цæрдзысты дæ уæздан мидбылхудт, дæ уæздан ныхас, дæ рæсугъд æмæ ирд фæлгондз. Нæ цæст дын “рухсаг у” дзурын нæ уарзы, фæлæ … æнæзæгъгæ йын цы ис. Афтæ бирæ цы Ирыстоны уарзтай, уый сыджыт дын хъазы пакъуыйау фæлмæн уæд!

Джиоты Екатеринæ

ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

ТУАТЫ ЛАРИСÆЙЫ МАРДЫ УÆЛХЪУС

Мах дæ курæм – ракæс, ракæс,

Фæлæ нал у уый дæ бар.

Уæдæ мин цæссыджы ахæсс,

Æмæ рухс дзæнæт ссар.

 

Дзаг ныр дидинтæй дæ рæзтæ.

Уыдон нал фендзæн дæ цæст.

Мах кæуæм, кæуæм дæ фæстæ,

Стæм нæ цæссыджы удæст.

 

Раздæх цæй, – нæ зæрдæ сиды,

Фæлæ уый кæм у дæ бар!

Иу хатт лæг йæ сау хæс фиды,

Уæдæ ныр дæ фæндаг дар…

 

Цард ыскæс æмæ ныккæс у,

Æмæ уымæн нæй амал.

Уарзгæ «рухс» зæгъын зын хæс у –

Рухсаг у, зынаргъ æмбал!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.