Алы адæймаджы фыццаг дзырд дæр у Гыцци. Мад балæвар кæны цард. Æвæццæгæн, дунейы нæй иунæг ахæм бæстæ дæр, цыран нæ банысан кæнынц Мады бон. Уæрæсейы Мады бон нысан кæнын райдыдтой 1998 азы 30-æм январæй. Æрвылаз дæр Мады бон фæнысан кæнынц ноябры фæстаг хуыцаубоны. Уæрæсейы Федерацийы Мады бон сфидар кæныны инициативæимæ ралæууыд сылгоймæгты, бинонты æмæ фæсивæды фæдыл Паддзахадон Думæйы комитет. Мады боны цытæн кæрæдзийæн фæ-арфæтæ кæнынц хуссарирыстойнаг адæм дæр. Афтæ та уыд ныр дæр. Ныййарæг мæдтæ телефоны кæрæдзийæн арфæтæ кодтой.

Алы адæймаджы царды дæр вæййы ахæм цаутæ, кæцытæ йын свæййынц зынаргъ, ахсджиаг æмæ йын арф фæд ныууадзынц йæ зæрдæйы цæрæнбонтæм. Цаутæ, дзау-мæттæ, хъуыдытæ – уыдон алкæмæн дæр йæхирдыгонау сты. Фæлæ ис иу ахæм адæймаг, кæцыйы нæ баивдзысты нæдæр дзаумæттæ, нæдæр ныхæстæ, нæдæр зæрдылдарæн бонтæ. Уыцы адæймаг нæ зæрдыл æрлæууы иууыл ирддæр æмæ иууыл уæззаудæр минутты. Иууыл ирддæр æмæ иууыл уæззаудæр минутты адæймаг кæуыл ахъуыды кæны, алкæмæй фылдæр кæй уарзæм, уый у ныййарæфг мад. Сывæллон а-дунемæ куы фæзыны, уæд æй фыццаг хатт йæ хъарм риумæ нылхъивынц мады узæлаг къухтæ. Мад алы хатт дæр ис нæ фарсмæ. Рынчын куы вæййæм, уæд фæбады нæ сынтæджы цур. Кæд йæхæдæг дæр фæтыхсы, уæддæр нын ныфсытæ февæры, фæсабыр нæ кæны. Исты бæллæхы куы бахауæм, исты проблемæтæ нын куы вæййы, сæ бафæразын нæхицæн нæ бон куынæ вæййы, уæд уайтагъддæр æрцагурæм нæ мады. Уый ныл алы хатт дæр баузæлдзæн, æрсабыр нæ кæндзæн, бацамондзæн нын, уыцы проблемæтыл куыд фæтых хъæуы, уый. Æмæ нын йæ хъарм къухæй нæ сæрыхъуынтæм куы бавналы, уæд цыма  æппæт бæллæхтæ дæр фæстейæ аззайынц, раст сæ цыма йæ къухæй аиуварс кæны, афтæ нæм фæкæсы.

Мады къухты ис æнахуыр кæлæнгæнæг тых. Адæймагæй исты куы сриссы, уæд уыцы рыст фæсурынмæ дæр бахъавынц мады узæлаг къухтæ, йæ армытъæпæн риссаг бынатыл авæргæйæ. Æмæ уæд адæймаг диссаджы сабыр авæййы æмæ йæ зæрдæ хурварс абады.

Иннæ ахæм мады къухтæ цахæм диссæгтæ аразынц къæбицы! Нæ хъуыды кæнын иунæг ахæм бон дæр, æмæ нæ нæ мад дисы ма баппара цахæмдæр æнахуыр хæринагæй. Куыддæр къæсæрæй бахизæм, афтæ банкъарæм къæбицæй цæуæг химæлвас тæф. Æмæ бæрæгбонон адджинæгтæ, кæнæ кремимæ адджын гуылтæ та. Уыдон иууылдæр махæн сцæттæ кодтой мады арæхстджын къухтæ. Омæ  йæ бон куыд свæййы алы куыстыл аххæссын!

Хъыгагæн, мах арæх нæ хъуыды кæнæм ууыл, цас рæстæг æмæ тых хардз кæны махыл мад. Цас хъуыддæгтæ бантысы саразын йæ сыгъзæрин къухтæн. Цас фыдæбон ис йæ сæртæг уæхсчытыл – куыст, хæдзар, бинонтæ. Мады къухты хъармдзинадæн ницæимæ ис абарæн. Мæнæн мæ мад   мæлæтдзаг рынчын куы уыд, уæд мæхæдæг дæр иу чысыл хъæрзгæ уыдтæн. Куы йæм бацыдтæн Дзаумæ абæрæг кæнынмæ, уæд мын мæ къухтæ йæхимæ нылхъывта æмæ мæ карзæй бафæдзæхста, цæмæй æркæсон ме ‘нæниздзинадмæ æмæ дохтыртæм бацæуон. Абоны онг дæр ын йæ къухты хъарм-дзинад æнкъарын æмæ йыл куы ахъуыды кæнын, уæд мæ цæссыгтæ æнæвгъауæй æркæлынц.

Фæзæгъынц, зæгъгæ, дам, мады лæггадæн бафидæн нæй, фæлæ мæм афтæ кæсы æмæ уый бынтон раст хъуыды нæу. Ис ахæм хъæбултæ æмæ сæ ныййарджыты фæрныгады тыххæй цæттæ вæййынц алцы саразынмæ дæр, æмæ, цыма мады лæггад дæр цыдæр бæрцæй бафидынц, афтæ мæм кæсы. Æрхæсдзынæн уын цалдæр ахæм цæвиттоны. Зæгъæм, Дзауы районы Моргойы хъæуккæгтæ Джиоты Ломберд æмæ йе ‘фсымæр Лева цалдæр азы уатмæ кастысты сæ рынчын мад Цоционмæ, куыд сывæл-лонмæ, афтæ йæм зылдысты æмæ йыл узæлыдысты. Уыдис-иу афтæ дæр, æмæ-иу йæ разы æрбадтысты æмæ-иу ын газет кæнæ чиныг хъæрæй кастысты. Æнæ скæнгæ мын нæй мæ хо, Дзауы поселочы цæрæг Джиоты Зæлинæйы кой дæр. Махæн нæ мад цалдæр азы уатон рынчын уыд æмæ æппынæдзух йæ уæлхъус уыд Зæлинæ. Никуы хъуыды кæнын æмæ уый нæ мады разæй искуы сихор бахордта. Йæхæдæг рынчын уæвгæйæ, йæ удыл нæ ауæрста нæ мадæн фæстаг сулæфты онг дæр исты балæггад кæныныл. Скæндзынæн уын Цхуырбатæй иу нæлгоймаджы кой дæр. Уый дæр ныр цалдæр азы иунæгæй уатмæ кæсы йæ рынчын мадмæ. Æмбисондæн баззадысты Дзауы районы Танделты хъæуккæгтæ Джергаты фондз æфсымæры. Уыдон 15 азы бæрц зылдысты уатмæ сæ рынчын мадмæ. Бирæ сты ахæм хорз хъæбултæ, сæ ныййарæг мæдтæн аккаг лæггад чи бакодта æмæ кæны. Фæлæ, хъыгагæн, цъус не сты, сæ ныййарджыты чи ницæмæ дары, ахæмтæ дæр. Иуæй-иу хъæбултæ сæ ныййарджытæн цæрæнбонтæм свæййынц мастæн. Цалдæр мæйы размæ Дзæуджыхъæуы Мæскуыйы уынджы цы æфснайæн лагъз ис, уырдæм бацыдтæн мæ хъуыддаджы фæдыл æмæ дзы федтон ахæм ныв. Цæвиттон, адæм æрæмбырд сты иу ацæргæ сылгоймагыл, чи йын йæ къухтæ æууæрста, чи та йын зæрдæйы хостæ дардта. Йæ ацæргæ цардæмбал дæр йæхицæн бынат нал ардта æмæ уымæн дæр бадардтой зæрдæйы хостæ. Уæдмæ æрба-хæццæ сты Тагъд æххуысы дохтыртæ æмæ йын уыдон бакодтой æмбæлон æххуыс. Куыд базыдтон, уымæ гæсгæ сын сæ лæппу сæ пенсийы мæгуыр къапеччытæ сусæгæй райста цахæмдæр æнæзакъонон æууæнчы гæххæттытæ саразгæйæ.  Вæййы ахæм цаутæ дæр, æмæ иуæй-иу хъæбултæ сæ ныййарджытæм сæ къух дæр сисынц. Мæ уацы кæрон мæ фæнды хъæбултæн иу фæдзæхст зæгъын: аудгæ ахаст дарут æмæ уарзут уæ ныййарджыты, науæд уæ фарсмæ куынæуал уой, уæд бирæ цæуылдæрты фæфæсмон кæндзыстут.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.