Фæстаг азты нæ республикæйы мыддарджытæ бирæ фæзынд. Ацы куыст пайдаджын у, фæлæ домы бирæ фыдæбон, хъуамæ дæм уа арæхстдзинад, зонын-дзинад, фæлтæрддзинад. Раздæр мыдгæстæ æгас районы уыд иугæйттæ. Уыдон зыдтой кæрæдзи æмæ иу сæ зонындзинæдтæ амыдтой кæрæдзийæн. Нæ горæты уыд сæрмагонд магазин дæр, цыран уæй цыд мыддарды тыххæй цы хъуыд, уыдæттæ. Суанг ма уæй кодтой сæрмагонд литературæ дæр. Уыдонæй дарддæр ма уыд газеты сæрмагонд рубрикæ дæр, цыран рæстæгæй-рæстæгмæ мыхуыр цыдысты фæлтæрд мыдгæсты уацтæ, мыддарды æндæр æмæ æндæр фарстаты фæдыл. Ныр уыдæттæ нал ис, мыддарджытæ ныр та информаци исынц социалон хызæгтæй. Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы мыдыбындзытæ хицæн æмæ хицæн климатон уавæрты сæхи æндæр æмæ æндæргъуызон кæй дарынц, уымæ гæсгæ райдайæг мыдгæстæ арæх фæрæдийынц æмæ сæ бындзытæ амæлынц. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ уыдон хъæуы фæлтæрд мыдгæсты амындтытæм хъусын.

Цхинвалы районы мыдгæстæй сæ иу Уалыты Автандил мыддарды куыст кæны 17 азы. Хорз сахуыр кодта ацы куысты сусæгдзинæдтæ. «Мыдыбындзыты куыст мыд æмбырд кæныныл баст у, цахæм боныгъæдтæ ахæсса, ууыл. Уæлдай тынгдæр сæм хъус дарын хъæуы сæрды дыккаг æмбисы æмæ фæззæджы хус рæстæг куы ахæссы, уæд. Уымæ гæсгæ мæ фæдзæхст у, мыддарды куыст æрæджы чи райдыдта уыдонæн, цæмæй иу арæхдæр бакæсой сæ мыды чыргъæдтæм», – зæгъы мыддарæг.

Уый ма куыд æмбарын кæны, афтæмæй хус рæстæджыты мыдыбындзытæ бахауынц зын уавæрты. Уымæн æмæ дидин нал вæййы, кæмдæрты ма цы иугай дидинджытæ ис, уыдон дæр нал вæййынц адджын, бахус вæййынц æмгъуыдæй раздæр. Ахæм рæстæджы кæд бындзытæ ратæхынц хизынмæ, уæддæр хæсгæ ницы æрбакæнынц. Мыдыбындзыты чыргъæдæй алкæцыйы нæ вæййы фаг хæринаг æмæ уæд ахæм чыргъæды бындзытæ сæхæдæг фæархайынц сæхицæн хæринаг самал кæныныл. Уыцы рæстæджы тыхджындæр мыдыбындзытæ фæбырсынц æдых чыргъæдтæм æмæ се ‘хсæн рауайы стыр тохтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæуæлахиз вæййынц тыхджындæртæ æмæ ныццæгъдынц фысымты, сæ мыд та сын ахæссынц сæхи чыргъæдтæм.

Уæдæ цы саразæн ис ахæм рæстæджы, цæмæй тыхджынтæ ма бырсой æмæ куынæг кæной æдыхты

Мыдгæс хъуамæ æрвылбон дæр йæ хъус дара  йæ чыргъæдты уавæрмæ. Бирæ хатт мыдыбындзыты «хæст» вæййы мыдгæсы аххос. Уый чыргъæды бындзытæм куы фæзилы, уæд ын чысыл гомæй аззайы йæ сæр æмæ дзы батæхынц хæринаггур тæхæг бындзытæ. Базонынц ын йæ бынат, уавæртæ æмæ йæ стæй сæхи ахстоны бындзытæн фехъусын кæнынц. Уæд тыхджын чыргъæды мыдыбындзытæ ныббырсынц æдых чыргъæды бинонтæм, уым ныццæгъдынц бындзыты æмæ сын сæ мыд та сæхимæ ахæссынц. Афтæмæй бабын вæййынц цалдæргай чыргъæды бындзытæ. Цæмæй уый ма уа, уый тыххæй мыдгæс мыды чыргъæдтæм хъуамæ агайа изæрæй, бындзытæ æддæмæ куынæ фæтæхынц, уæд. Уымæй дæр мыдгæс чыргъæды куы бакæны, фæлгæттæ дзы куы фæисы, уæд сæ хъуамæ нывæра асыччы, ахгæна йын йæ сæр, кæнæ сæ атуха хæцъилæй, гъе та голладжы. Хæринаг сын куы дæтта, уæд дæр кусын хъæуы изæрæй. Иу æртах дæр дзы ма хъуамæ æрхауа чыргъæды æддейæ. Куы дзы æрхауа, уæд æй хъуамæ афтæ ссæрфа, æмæ дзы фæд ма баззайа, кæннод ыл мыдыбындзытæ сæхи ныццæвынц, базонынц ын йæ тæф, йæ ад, йæ бынат æмæ уæд райдайынц ахстонмæ бырын. Мыд, фæлгæттæ, прополис, донкæнинаг гуылтæ æфснайын фæхъæуы, мыдыбындзытæ кæдæм не ‘фтынц, ахæм хатæны. Уыдон сты, æнæмæнг сæххæст кæнын кæй хъæуы, ахæм куыстытæ.

Мыдыбындзытæ чыргъæдтæм куы фæбырынц, уæд сæ цы хуызы ис баиргъæвæн?

Мыдыбындзытæ æндæр чыргъæдмæ куы фæбырсынц, уæд сæ баиргъæвын у тынг зын. Ахæм рæстæджы чыргъæды бабырæн хуынчъы цур фенæн вæййы мыдыбындзыты «хæст». Мыдгæс уыцы тæккæ ма хъуамæ фæтыхса, фæлæ сыл хъуамæ цъылынæй дон бакала. Кæннод та сыл хъуамæ фæздæгдзæуæн трубæйæ суадза фæздæг. Чыргъæды æддаг фæрстæ та байсæрдын фæхъæуы фæтæгенæй ахуырст хæцъилæй. Кæд сæ хыл афтæмæй дæр нæ банцайа, уæд кæмæ бырсынц, уыцы чыргъæдæн сыхгæнын фæхъæуы йæ хуынкъ æмæ йæ 2 боны æмгъуыдмæ ахæссын хъæуы талынг хатæнмæ, кæннод та сын сæ бырæн хуынчъытæ хъæуы фæгыццылдæр кæнын, афтæ æмæ дзы 2-3 бындзы куыд цæуа. Уæд «дуаргæс» бындзытæн æнцондæр уыдзæн ахстон знагæй бахъахъхъæнын.

Цы ма хъæуы саразын, цæмæй бындзытæ æнæниз уой?

Фыццаджыдæр сын чыргъæды хъæуы рæстæгыл хæринаг дæттын. Хæринаг йæ чыргъæды бындзытæн чи дæдта, уый уыцы куыст хъуамæ кæна изæрыгон, науæд йæ куыст пайдайы бæсты æрхæсдзæн зиан. Хъуамæ куса цырд æмæ арæхстджынæй. Æнæмæнг хъуыддаг у чыргъæды низты ныхмæ хостæй бапырх кæнын. Уый чи нæ сараза, уый йæ бындзытæй афтидæй аззайдзæнис. Хорз бакæниккой, чыргъæдты бабырæн хуынчъытæ сæрмагондæй арæзт æфсæйнагæй æхгæнæнтæ бакæнын, цæмæй сæм мыст дæр ма бабыра æмæ сын уый дæр мацы базиан кæна.

Мыдгæс ацы куыстытæ куы бакæна, уæд ма чыргъæдты хъæудзæн схъарм кæнын, зымæгмæ сæ бацæттæ кæнын.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.