Мыдгӕсӕн цӕмӕй йӕ хъуыддаг ӕмбӕлон уагыл цӕуа, райса дзӕвгар мыд, уый тыххӕй йӕ куыстмæ хъуамæ кæса бæрнонæй. Раст у, мыды продукци цæттæгæнджытæ мыдыбындзытӕ сты, фӕлӕ мыдгӕсы фыдӕбон дӕр дзӕвгар у.

Нӕ республикӕйы раззагондӕр, фӕлтӕрдджындӕр мыдгӕстæй сæ иу у Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы цӕрӕг Цхуырбаты Леонид. Йæ хӕдзарвӕндагӕн мыддарды куыст кӕнын фыдӕлтӕй баззад ӕмӕ Леонид дӕр зӕрдиагӕй дарддӕр кӕны ацы хӕрзиуӕгон архайд. Уымӕ гӕсгӕ ахӕм зынаргъ ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг продукцийӕ хайджын кӕны канд йӕхи бинонты нӕ, фӕлӕ ма республикӕйы хицӕн ӕмбӕстӕгты дӕр. Уымӕй дарддӕр йӕ фӕлтӕрддзинад нӕ хӕлӕг кӕны ӕвзонг ӕмӕ райдайӕг мыдгӕстӕн дӕр. Æз бахатыдтӕн Цхуырбайы фыртмӕ, цӕмӕй радзура, ӕввахс рӕстӕджы мыдгӕстӕ цы ӕнӕаргъӕвгӕ хӕстыл хъуамӕ бакусой, уыдӕтты тыххӕй. Куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ныртӕккӕ мыдгӕстӕн иууыл ахсджиагдӕр у мадӕл бындз баивын, кӕд уый ӕнӕмӕнг хъӕуы, уӕд. Уый тыххӕй хъуамӕ къӕртатӕм ныккӕса ӕмӕ рахатдзӕн, мыдыбындзытӕ куыд кусынц, уый. Уый базоны фӕлтӕрд мыдгӕс, уымӕн ӕмӕ ахӕм мадӕл бындз ӕйчытӕ ӕфтауы амыты-уымыты. Кӕд мад ӕйчытӕ ӕфтауы фӕзгъӕры астӕу, иу къусчъы дӕр нӕ уадзы афтидӕй, уӕд ахӕм мад ӕнӕниз ӕмӕ хорз у. Фӕлӕ кӕд ӕмӕ ӕйчытӕ уой алы рӕтты пырх, къускъӕй къусчъы ‘хсӕн уа афтид, уӕд мад нӕ бӕззы ӕмӕ уый раивын хъӕуы ӕвзонг мадӕй. Ивыны рӕстӕджы цӕмӕй ӕвзонг мад ма ныцъцъӕл уа, уый тыххӕй вӕййы къаннӕг чыргъӕды ӕмӕ йӕ баныхасын хъӕуы фæлгæтты уӕлӕ. Фӕдзӕхсын мыдгӕсты,  ног мад къӕртайы ӕвӕрын хъӕуы ӕртӕ сахаты фӕстӕ, цӕмӕй йыл мыды-бындзытӕ ӕрцахуыр уой ӕмӕ йӕ ма амарой. Ӕнӕ-уый та мады ивын фӕхъӕуы дыууӕ азӕй дыууӕ азмӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мыдыбындзытӕ хорз нектар хӕссынц акъацийӕ. – Ӕз мӕхӕдӕг дӕр мӕ чыргъӕдты аластон Знауыры районы дыууӕ хъӕумӕ, – зӕгъы Цхуырбайы фырт. Ныфс ӕй уыд, уым мыдыбындзытӕ дзӕвгар куыст кӕй бакӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ ӕрӕджы цы тыхджын тӕрккъӕвда уыд ихуардимӕ, уый мӕ фыдӕнхъӕл фӕкодта, акъацийы дидинӕгӕй ницыуал аззад. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ  сӕм сӕхи фаг нӕй мыд. Ӕнӕуи та мыдгӕсты бацархайын хъӕудзӕн, цӕмӕй сӕ мыдыбындзыты чыргъӕдты ацы мæйы кæронмæ аласой хӕххон хизӕнуӕттӕм. Уӕдмӕ уал ам, бынаты нектар исдзысты сусхъӕды дидинӕгӕй. Иугӕр августы кӕрӕттӕм хӕхбӕсты куы фӕуой, уӕд уым бацархайын хъӕудзӕн мыд ӕрдуцыныл ӕмӕ сын уыцы иурӕстӕджы дӕттын хъӕудзӕн хос дӕр джыбыйы ныхмӕ. Уыцы хостӕ та сты АКВЛ-ФЛО, Бивароль ӕмӕ Бисанар, мыдгӕсӕн йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ уыцы ӕртӕ хосӕй спайда кӕндзӕн сӕ иуӕй. Хос куыд цӕттӕ хъӕуы, уый амынд ис инструкцийы. Тӕнгъӕд хос шприцӕй ӕртадзын хъӕуы рамкӕйӕ рамкӕйы хсӕн ӕмӕ та хос ногӕй раттын хъӕудзӕн къуырийы фӕстӕ. Зӕгъын хъӕуы, ацы хостӕ мӕгуырауӕрдӕм кӕй не ндавынц мыдыбындзыты цотыл.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.