Нæ республикæйы территори йæ географион равæрдмæ гæсгæ нымад цæуы хъæууонхæдзарадон зонæйыл æмæ дзы æппæт уавæртæ дæр ис, куыд фосдард, афтæ дыргъгуыст æмæ быдыргуысты æндæр хуызтæ дæр райтынг кæнынæн. Советон дуджы дæр ма мах æвдисæн уыдыстæм стурвосы æмæ лыстæгкъах фосы  бирæ рæгъæуттæн, нæ дыргъдæтты тыллæгæн ныккæнæн нæ уыд. Ныр цард фæивта æмæ цы уавæрмæ æрхаудыстæм, уый бæлвырд кæнын никæмæн хъæуы. Зæгъæн ис æмæ зынтæй æндидзы нæ хъæууон хæдзарад, кæд хицауады ‘рдыгæй бæрæг къахдзæфтæ арæзт цæуы уый фæдыл, уæддæр. Æрвылаз дæр æххуыс цæуы фермерон хæдзарадтæн, фæлæ сæ архайдæн уадиссаг ницы фæстиуæг ис.

Нæ республикæйы иттæг хорз фадæттæ ис мыддард райтынг кæнынæн дæр. Хъæууон хæдзарады ацы къабаз махæн ног нæу, нæ фыдæлтæ рагæй фæстæмæ кодтой ацы куыст. Нæ рагфыдæлты историмæ куы æркæсæм, уæд скифтæм мыд уыд тынг кадджын продукт. Фыхтой дзы ронг, дзæбæх дзы кодтой алыгъуызон низтæ. Раст куы зæгъæм, уæд абон дæр стыр хъусдард здæхт цæуы мыддарды куыстмæ. Бирæ зындгонд мыдгæстæ нæм уыдис, кæцыты фæлтæрддзинадыл ахуыр кодтой æндæртæ дæр. Æмæ абоны бон дæр мыддарды дæсныты æхсæн фæлтæрты бастдзинад нæ аскъуыдис, уый нæ, фæлæ сытынг нæ республикæйы цæрджыты `хсæн. Хъæууон цæрджыты `хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ уарзынц ацы куыст, сахуыр æй кодтой, æмæ азæй азмæ фылдæр кæнынц сæ мыды чыргъæдтæ. Ахæм мыдгæстæй сæ иу у Дменисы хъæуы цæрæг Бестауты Алексей. “Мыдыбындзытæ нын мыд æмæ мыды æндæр продукттæ кæй радтынц, æрмæст уый тыххæй не сты пайдайаг, фæлæ ма дидинæг калыны рæстæджы уыдон дыргъбæлæсты дидинты рыгдзыд кæнынц æмæ сæ тыллæгæрзадыл дæр хорзæрдæм æндавы. Æмæ уый та бирæбæрцæй пайда хæссы мыд райстæн. Зæгъын хъæуы уый æмæ нæ уавæрты мыдыбындзытæ сæхи уæлдай хуыздæр хатынц бæрзонд хæххон бынæтты, цыран хæххон угæрдæнты зайынц бирæ алыгъуызон дидинджытæ, кæцыты æркæнгæ мыд вæййы бирæ гъæдджындæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ дæлвæз бынæтты мыддарды куыст чи кæнынц, уыдон сæ мыдты чыргъæдты сæрдыгон мæйты аласынц бæр-зонд хæххон хъæутæм. Æмæ иуæй райсынц гъæдджын мыд, иннæмæй та йæ бæрц вæййы бирæ фылдæр”, – зæгъы Алексей.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ мыддард нæ уавæрты иттæг пайдайы къабаз кæй у, уый зæрдылдаргæйæ  республикæйы разамынад æххуыс кæны, мыддарды куыст райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн. Бирæтæн æххуысы хуызы лæвæрд æрцыдысты кредиттæ. “Зæгъын хъæуы уый  æмæ мыддарды куыст мыдгæсæй домы бирæ зонындзинæдтæ. Уый фæдыл, ссарæн ис сæрмагонд литературæ. Уагъд цæуынц сæрмагонд журналтæ, бакæсæн ис алыгъуызон видео æрмæджытæм. Уымæ гæсгæ мыдгæс йæ зонындзинæдтæ хъуамæ фылдæр кæна, семæ архайын куыд хъæуы уый фаг нæу. Бирæ сусæгдзинæдтæ  ис мыддарды куысты æмæ сæ хъæуы зонын. Зонгæ хъæуы фæлтæрд мыдгæсты фæлтæрддзинадимæ. Раздæр ахæм мыдгæстæн уыдис сæхи æхсæнад дæр æмæ сын бирæ æнцондæр уыдис”, – загъы уый.

Куыд зонæм, афтæмæй, кæд зымæджы бонты мыдыбындзытæ мыд нæ хæссынц, уæд-дæр мыдгæсæн йæ хæс у, цæмæй сын æмбæлон зымæгиуат сифтонг кæна æмæ йæ арвитой æдыхстæй, цæмæй сæ уалдзæгыл сæмбæлой æнæнизæй.

  – Алексей, бирæтæй вæййы фехъусæн, зæгъгæ мæ мыдыбындзытæн фæззæджы нывæрдтон фаг хæринаг, схъарм сæ кодтон, уæдæ сæм хостæй дæр фæкастæн, æддагон къух сæм нæ баирвæзт, фæлæ уæддæр мæ чыргъæдтæй бахуыссыд. Цы уыдзæн уымæн йæ аххосаг?

– Арæх вæййы афтæ, æмæ мыдыбындзыты бинонтæ зымæгиуаты рæстæджы раууатмæ æрцæуынц, амæлынц. Йæ фæстиуæг та гæнæн ис æмæ суа, зымæгон мыдыбындзыты чыргъæдмæ умæлад куы бахъары, хæлцы гъæд, низты ныхмæ дæ хостæ радтын куы ферох уа æмæ уазæлттæ. Адон се ‘ппæт дæр сты мыдыбындзыты бинонты бахуыссыны аххосæгтæ, фæлæ ма йæ ноджыдæр зæгъын, низты аххосаг раиртасын та æнæ сæ басгаргæйæ зын зæгъæн у.

– Зымæгмæ алы мыдгæс дæр, мæнмæ гæсгæ хорз бацæттæ кæны йæхи, фæлæ уæддæр, цæмæй чыргъæдтæм ма баивæрза уазал, умæлад, уымæн ма цы уыдзæнис йæ аххосаг?

Уымæн йæ аххосæгтæ алыгъуызон сты: гæнæн ис æмæ сæ бабырæн хуынкъ аззайа гомæй, чыргъæды фæстаг фарс рамкæйыл æвæрд æмбæрзæн афтæ æхгæд   æрцæуа æмæ чыргъæды цы умæлад фæзыны, уый бынтондæр æддæмæ мауал рахъара. Йæ аххосæгтæй ма иу у, чыргъæды фаг хъармдзинад куынæ уа, уæд зымæгон мыдыбындзытæ суткæйы дæргъы хæринаг фæхæрынц 30-40 граммы бæсты 70-80 граммы æмæ уыймæй рахицæн кæнынц бирæ умæлад. Уый та стыр тæссаг у мыдыбындзыты цардæн. Уымæй дарддæр ма æвзæрæрдæм бандавы сæ лæппынты хъомыл кæныныл дæр. Нал сын сфаг вæййы сæ хæринаг æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, аскъуыйынц. Стæй дæр чыргъæды мидæггаг фæрстæ афтæ схуылыдз вæййынц, æмæ сыл хъуына схæцы, сцъæх вæййынц æмæ ахæм уавæры дæр амæлынц.

– Цæмæй уый ма уа æмæ бындзытæ сæ уалдзæгыл куыд æмбæлы, афтæ сæрæ-гасæй сæмбæлой, уый тыххæй уæддæр цы хъæуы саразын?

– Цæмæй дæ бындзытæ уалдзæгыл дзæбæхæй сæмбæлой, уый тыххæй куыддæр бафиппайай, уазал кæнæ сæм умæлад ба-хъуызыд, афтæ уайтагъд, æвæстиатæй хъæуы уыцы хуылыдз бынæттæ раивын, гæнæн уæвгæйæ чыргъæдæн йæхи дæр. Ахстоны, чыргъæды фæстаг къулы сæрмæ ныууадзын хъæуы кæрæй кæронмæ нарæггонд бынат æмæ йæ бамбæрзын фæхъæуы бинтæй, цæмæй дзы уæлдæф цæуа æмæ уæд уыцы умæлад дæр сисдзæн æмæ сæ уавæр би-рæбæрцæй фæхуыздæр уыдзæн, тас сын нал уыдзæн сыскъуыйынæй.

– Бындзытæн хуыздæрыл цахæм хæринаг нымад цæуы, бирæтæ сын ныууа-дзынц сæхи мыдæй, ис ахæмтæ, сæкæры дон дæр сын чи ныууадзы…

– Æнæмæнгхъæуæг у, дидинæджы рыг сын фаг ныууадзын. Зонын хъæуы уый æмæ сын фаг дидинæджы рыг куынæ уа, уæд уым лæппынтæ не схъомыл уыдзысты. Тас у чыргъæды бинонтæ иууылдæр куы аскъуыйой, уæд, уымæй. Зонын ма хъæуы уый дæр æмæ дидинæджы рыг æмæ мыд бындзытæ кæй схæццæ кæнынц иумæ æмæ уымæй кæй фæхъомыл кæнынц сæ лæппынты. Уый сын куынæ уа, уæд лæппынтæ не схъомыл уыдзысты. Уыцы дидинæджы рыг та мыдыбындзытæ сæ ахстонмæ бахæссынц сæ къæхтыл.

Уæдæ, цæмæй бындзытæ, даргъ зымæджы фæстæ сæ уалдзæгыл дзæбæхæй сæмбæлой, уый бирæбæрцæй баст у сæ хæринаг æмæ сæ чыргъæды гъæдыл дæр.

                                            БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.