Нӕ республикӕйы ис, мыддарды куыст чи уарзы ӕмӕ кӕны, ахӕм фӕлтӕрд мыд-гӕстӕ. Уый фӕстиуӕгӕн уыдон кӕддӕриддӕр æркæнынц дзӕвгар мыд æмæ дзæвгар продукттæ.

Ахӕм мыдгӕсыл нымад у Цхинвалы районы Тъбеты хъӕуы цӕрӕг Цхуырбаты Леонид дӕр. Уымӕн ацы дӕсныйад бацамыдта йӕ фыдыфсымӕр Цхуырбаты Григол, йӕ зӕрдӕмӕ йӕ арф айста ӕмӕ ныр 40 азы кæны ацы куыст. Ацы аз Цхуырбайы фырты хӕдзарады нымадӕуы 180 мыды чыргъӕды. Фӕлтӕрд мыдгӕс цӕстуарзон ӕххуыс бакӕны, ӕмбӕлон амындтытӕ радты, иу кӕнӕ иннӕ фарст базоныны тыххӕй йӕм чи бахаты, уыцы мыдгӕстӕн дӕр.

Уалдзӕджы ӕрбалӕудимӕ мыдгӕсты аудинӕгтӕ дӕр фӕфылдӕр вӕййынц, цы рӕстӕджы сӕм хъӕуы зилын, стӕй сӕ алыхуызон низтӕй куыд бахизын хъæуы, уыдӕтты тыххӕй нӕ республикӕйы мыдгӕстӕн нӕ хӕлӕг кӕны йӕ амындтытӕ:

– Уалдзӕджы дзӕвгар куыст вӕййы мыдгӕстӕн ӕмӕ сæ рæстæгыл хъæуы æххæст кæнын, ӕнӕмӕнг сӕм рӕстӕгыл хъӕуы зилын. Фыццаджыдӕр чыргъӕдты хъӕуы ссыгъдӕг кӕнын, дӕргъвӕтин рӕстӕджы цы чъизи ӕмӕ брон ӕрӕмбырд мидӕгӕй, уыдонӕй. Сыгъдӕг кӕнынмӕ бавналын хъӕуы, уӕлдӕфы температурӕ 14 градусӕй дӕлдӕр куыд нӕ уа, цæмæй чыргъæды цы къуыртт вӕййы, уымӕн уазал ма ратых кӕна, æндæра хатт мыдыбындзытӕ мӕлгӕ дӕр акӕнынц. Чыргъæд хъуамӕ уа тынг сыгъдӕг ӕмӕ сур. Фыццаг уал райгом кӕнынц кӕттагӕй 2-3 фӕлгӕты ӕмӕ сӕ ӕвӕрынц хицӕн афтид чыргъæды. Цы бынат ссӕрибар вӕййы, уый ссыгъдӕг кӕнынц тагъд. Уый фӕстӕ фӕлгӕтты фӕстӕмӕ нывӕрынц сӕ бынӕтты ӕмӕ сӕ ӕмбӕрзынц. Дарддӕр та сисынц 2-3 фӕлгӕты ӕмӕ та уым дӕр бакӕнынц ахӕм сыгъдӕггӕнӕн куыстытӕ. Уалдзæджы фыццаг ратӕх-батӕхы рӕстӕджы мыдыбындзытӕ сыгъдӕг кӕнынц сӕ тъӕнгтӕ. Ам бафиппайын хъӕуы уый, ӕмӕ тъӕнгтӕй рацӕугӕ чъизи иутӕ вӕййынц стъӕлфы хуызӕн, ӕндӕртӕ та – дӕргъӕццон. Мыдгӕс хъуамӕ уыдонмӕ йӕ хъус дара ӕмӕ бафиппайа, стъӕлф кӕй нысан кӕны, мыдыбындзӕн йӕ гуыбын кӕй риссы, уый. Уӕд сын ӕвӕстиатӕй хъӕуы хос кӕнын. Ӕнӕуый дӕр нӕ алфӕмбылай алыхуызон хъӕстӕ газтӕй цух нӕу ӕмӕ сыл уыдон мӕгуырауӕрдӕм тынг ӕндавынц.

Сӕ иууыл ахъаззагдӕр знӕгтӕй иу у джыбыниз, уый сӕ тынг куынӕг кӕны ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ зилын хъӕуы рӕстӕгыл. Ӕрмӕст бафиппайын хъӕудзӕн, къуыртт кӕныны рӕстӕджы сын «випин» кӕй нӕ хъӕуы дӕттын, уымӕн ӕмӕ сӕ уый куынӕг кӕны. Ис ахӕм хостӕ, куыд биварол, аквафло. Чысыл фӕстӕдӕр та сын ӕвӕрын хъӕудзӕн ветфор, вородез, апидез кӕнӕ фунисан. Ацы хостӕ иууылдӕр сты джыбынизы ныхмӕ ӕмӕ дзы мыдгӕсмӕ кӕцы ӕрбафта, уый сын ратдзӕн апрелы мӕйы ӕмбисы. Ацы хостӕ-пластиктӕ ӕвӕрын хъӕуы къӕртайы мидӕг, мыдыбындзытӕ цӕттӕ хос ӕнцъирынц ӕмӕ сыл уӕд низ нӕ бахӕц-дзӕн. Хостӕн сӕ хорздзинад ис уый мидӕг, ӕмӕ мӕгуырауӕрдӕм не ‘ндавынц къуырттыл.

Мыдыбындзыты иннӕ тӕссаг низ у æндзыгниз. Зӕххыл ӕрхауынц, тыхӕйты ма фæрабыр-бабыр фӕкӕнынц, стӕй амӕлынц. Цӕмӕй сыл ацы низ ма бахӕца, уой куыстхъом, уый тыххӕй сын рагацау хъӕуы хос кӕнын. Профилактикӕ ӕмӕ стимуляцийы тыххӕй сын тынг хорз у эндовираза ампулӕйы мидӕг. Инструкцимӕ гӕсгӕ сын хос дӕттын хъӕуы 5 хатты, фӕлӕ 2-3 хатты схос кӕнын дӕр фаг у, цӕмӕй сыл низ ма ба-хӕца. Хос дӕттын хъӕуы райсом 10 сахатыл, кӕнӕ та ӕртӕ сахатӕй фӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уӕд мыдыбындзытӕ фӕтӕхынц сӕ чыргъæдтæм. Ам дӕр ӕнӕмӕнг кӕсын хъӕудзӕн уӕлдӕфы температурӕмӕ, хъуамӕ иууыл къаддӕр уа 14 градусы хъарм. Глинец низы ныхмӕ та хос кӕнын фӕхъӕуы майы мӕйы. Уӕд сын фӕлгӕтты цур ӕвӕрын хъӕуы оксибактоцид пластинкӕты. Уый мыдыбындзытӕ райдайынц ӕхсынын ӕмӕ ирвӕзт вӕййынц низӕй. Афтӕ ма чыргъæдтæ уыныны рӕстӕджы хъӕуы сбӕлвырд кӕнын, ис сӕ мадӕл ӕви нӕ. Кӕд ӕмӕ дзы гом гуырдз уа, уӕд дзы ис мад. Кӕд ӕйчытӕ ӕфтауы мыды фӕзгъӕры астӕу, иу къусчъы дӕр нӕ уадзы афтидӕй, уӕд ахӕм мад у ӕнӕниз. Кӕд ӕмӕ ӕйчытӕ уой алы рӕтты пырх, къускъӕй къусчъы ‘хсӕн уа афтид, уӕд уыцы мад нал бӕззы ӕмӕ йӕ хъӕуы баивын. Уымӕй дарддӕр ма 1 кг. сӕкӕр бадон кӕнынц 1 литр доны. Фыццаг сӕхсидынц дон, стӕй йыл сӕкӕр ныккӕнынц ӕмӕ йӕ сызмӕнтынц, цалынмӕ батайа, уӕдмӕ. Куы ныууазал уа, уӕд ӕй ныккӕнынц хӕрӕндоны, изӕры мыдыбындзытӕ ӕд-дӕмӕ куынӕ уал фӕтӕхынц, уӕд.

Иудзырдӕй, мыдыбындзытӕм ӕдзухдӕр хъӕуы кӕсын, цӕмӕй уой ӕнӕниз ӕмӕ нын парахатӕй дӕттой сӕ продукци.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.