Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бацыд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музейон комплекс, цыран уагъд æрцыд Æхсæнадæмон акци «Музейты æхсæв»-мæ.

Музейон æхсæнады сæйраг бæрæгбонмæ ма бацыдысты Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æндæр официалон адæм.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта ХИПУ-йы музейон комплексы къухдариуæггæнæг Хъотайты Еленæ.

Уый бузныджы ныхæстæ загъта музеймæ æмæ йæ экспонаттæм равдисгæ цымыдисдзинады тыххæй æмæ банысан кодта, абон  музейы сæйраг экспонат кæй у ирон хæдзар.

«Хæдзарыл кусгæйæ, мах архайдтам, цæмæй равдисæм уыцы рæстæджы цард, историктæ-ирзонджытимæ консультаци кæнгæйæ. Хæдзары ис æцæг рагон дзаумæттæ, кæцытыл цæуы 100 азæй фылдæр.

Кæцыдæр экспонаттыл цæуы 200 азæй фылдæр», – загъта Хъотайты Еленæ.

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта, ирон хæдзар аразыны фæдыл хайад чи райста, уыдонæн æмæ банысан кодта, ацы хъуыддагмæ йæ хайбавæрд кæй бахаста ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадим.

Йæхи фарсæрдыгæй Тедеты Вадим раарфæ кодта Музейты Æхсæнадæмон боны цытæн, æмæ банысан кодта, ацы боны тыххæй университет бирæ кæй архайдта.

«Йæ райдианы мах бакодтам зоологийы музей, стæй этнографи æмæ бæстæзонæн музей, абон та мах гом кæнæм ирон хæдзар. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ уый алкæмæн дæр уыдзæн æхсызгон», – загъта уый.

Ректор бузныджы ныхæстæ загъта, музей саразыны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн, афтæ ма Бибылты Анатолийæн, кæцы музейæн балæвар кодта Шпагины пистолет-пулемет æмæ Люгеры пистолет. Тедеты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, уыдон сты æнæсаргъгæнгæ экспонаттæ.

МУЗЕЙТЫ ÆХСÆВ – ИРОН ХÆДЗАРМÆ

Президент, йæ рады, бузныджы ныхæстæ загъта масштабон мадзал сорганизаци кæныны тыххæй, æмæ банысан кодта, рæзгæ фæлтæрæн экспонаттæ дзурæг кæй уыдзысты нæ фыдæлты традицитæ, куысты цавæр дзаумæттæй пайда кодтой æмæ æндæртыл.

«Ам цы экспонаттæ æвдыст цæуынц: Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, зоологи æмæ ирон адæмы царды фæдыл экспонаттæ, уыдон хауынц рæзгæ фæлтæры патриотон хъомылкæнынадмæ», – загъта уый.

Бибылты Анатоли бахатыд Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Наталимæ, цæмæй скъолайы ахуырдзаутæ бæрæг кæной музей.

Цытджын хайы фæстæ музейы уазджытæ бахызтысты ирон хæдзармæ, цы ран уагъд æрцыд спектакль, кæцыйы æвдыст æрцыд ирон адæмы раздæры цард.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.