Хуссар Ирыстоны территорийыл бирæ азты хæстон архайдтытæ сæ дæрзæг арм æруагътой нæ Республикæйы зæрæдтæ æмæ æвæгæсæг æмбæстæгты раздæры пансионатыл. Уыд ахæм уæззау рæстæджытæ, æмæ пансионаты уæвæг ацæргæ æмбæстæгтæй чи фæзиан, уыдон се ‘нусон бынатмæ фæхæццæ кæнынæн нæ уыд фадæттæ æмæ сæ рæстæгмæ æвæрдтой бæстыхайы кæрты. Уыцы уæззау рæстæджыты йæ кусджытæ æппынæдзух уыдысты ацы æвæгæсæг адæмы фарсмæ, нæ сæ уагътой хъысмæты æвджид, фæлæ сæ бон куыд уыд, афтæ сын лæггад кодтой.

Хæстон архайдтыты фæстиуæгæн бæстыхай дæр бынтон дзуапп нал лæвæрдта дуджы домæнтæн æмæ куыдфæстагмæ хаст æрцыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзтадмæ. Æмæ нырттæккæйы ногарæзт бæстыхай дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Арæзт та æрцыд горæтæн йæ цæгат хай, æрдзы хъæбысы.

Социалон къабазы ацы нысаниуæгджын объекты ацы бонты бабæрæг кодта Æнæниздзинад хъахъхъæныны ног снысангонд министр Наниты Сослан. Йемæ ма уыдысты Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстаты фæдыл Уæрæсейы Федерацийæ уынаффæгæнæг Юри Булатов æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры хæдивæг Сиукъаты Наирæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ дунейы æмæ, сæрмагондæй та, Хуссар Ирыстоны, бæрæг цæуы хистæр кары адæймæгты фылдæр кæныны тенденци. Уымæ гæсгæ республикæйы къухдариуæгад æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады ‘рдыгæй сæрмагонд хъусдард здæхт цæудзæн ацæргæ кары адæмы царды уавæртæм, уæлдайдæр та æппынæдзух медико-социалон центры чи ис, уыдонмæ.

«Ацы категорийы адæммæ ахасты ноджыдæр цæудзæн максималон хъусдард æмæ нысанмæздæхт куыст», – банысан кодта министр.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны медико-социалон центры ис 20 адæймаджы. Уыдонæн ис иттæг хорз уавæртæ цæрынæн – хицæн хатæнтæ, æнæмæнгхъæуæг хæдзарон дзаумæттæ, уазалгæнæнтæ, телевизортæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады минæвæрттæ лæмбынæг басгæрстой ацы уагдоны царды уавæртæ, цахæм æркаст сæм ис, куыд хъахъхъæд цæуынц санитарон домæнтæ, хæлцæй ифтонгад æмæ æнд. Бæрæг æрцыд къорд цухдзинæдтæ, кæцытæ цадæггай иуварс цæудзысты.

Центры директор Теблойты Чермен æмæ йæ кусджытæ зонгæ кодтой æмæ лæмбынæг, æмбарынгæнæн дзуаппытæ лæвæрдтой министр Наниты Сосланы цымыдисгæнæг фарстытæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы центры сæйраг хæс у, уæлæмхас хъусдард здахын кæмæ хъæуы, уыцы ацæргæ адæймæгтæм кæсын. Уыдон, зæгъгæ, ныртæккæ дæр кæд æххæст цæуынц, уæддæр сæм ноджы фылдæр хъусдард здахын хъæуы.

«Мах æвдисæн систæм уымæн, æмæ центры уæвæг пациенттæм æмбæлон хъусдард здæхт ис персоналы ‘рдыгæй. Уымæ гæсгæ мæнæн ис мæхи цæстæнгас, куыд æмæ цы хуызы дарддæр цæудзæн куыст, уымæ. Цæмæй ацы æвæгæсæг категорийы адæммæ ахаст уа системон æмæ æдзухон, уый тыххæй ма æз æрæвæрдзæн ноджыдæр къорд хæстæ», – банысан кодта Наниты Сослан.

Уый ма нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ æрæджы къух æрфыста, Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бонмæ – фыццæгæм июнмæ диспансеризаци ауадзыны тыххæй бардзырдыл. Диспансеризаци цæудзысты цыбыркъух бинонты сывæллæттæ, сахъатджын сывæллæттæ æмæ сæ фарс балæууын кæмæн хъæуы, ахæм сывæллæттæ.

Сосланы ныхæстæм гæсгæ ма ахæм æнгæс бардзырд бафысдзæн медико-социалон центры уæвæг пациентты тыххæй дæр.

«Документмæ гæсгæ бæрæг цæудзæн диспансеризаци ауадзыны фæдыл бæрæг рæстæг æмæ дзы хайад чи исдзысты, уыцы профилон специалисттæ. Дохтырты рекомендациты æмразыйæ скъуыддзаг цæудзысты медицинон æмæ бæрзондтехнологон æххуысы фарстытæ. Республикæйы фæлгæтты кæд ахæм æххуыс бакæныны фадæттæ æмæ фæрæзтæ уа, уæд ахæм æххуыс цæудзæн бæстæйы медицинон уагдæтты. Науæд Хуссар Ирыстонæй дарддæр Уæрæсемæ ацæуынæн æххуыс реализаци цæудзæн министрады тыхтæй», – банысан кодта уый.

Зæрæдтæ æмæ æвæгæсæг æмбæстæгты центр бабæрæг кæнгæйæ, министр банысан кодта, уыдонмæ ноджы хуыздæр æркасты нысанæн медицинон кусджыты нымæц фæфылдæр кæнын, зæгъгæ, уæлæмхас кусджытæ хуынд æрцæудзысты центрмæ.

Наниты Сослан ма куыд радзырдта, уымæ гæсгæ бæрæг кæнынц, ацы центр саразыныл цы арæзтадон организаци архайдта, уыдоны цухдзинæдтæ. Уыдонæй сæ иу – сахъатджынтæ сæ рæстæг кæм æрвитой, уыцы бынат кæронмæ арæзт кæй не ‘рцыд. Уыдон æнæаргъæвгæйæ хъуамæ иуварс æрцæуой.

Коронавирусы пандемийы дæрзæг арм баххæссыд алы уагдонмæ дæр, алы ран дæр ныууагъта йæ дæрзæг фæд. Центры медперсонал куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ цæрдæг фæлæууыдысты, æххæст цыдысты санитарон нормæтæ æмæ абоны онг цæстæй цы вирус нæ уынæм, уый нæ баирвæзт ацы бæстыхаймæ, кæд æмæ нырма дæр, дунейы алы къуымтау, махмæ дæр бæрæг цæуынц рынчынтæ, уæддæр.  Æнæниздзинад хъахъхъæныны министры ныхæстæм гæсгæ ацы центры уæвæг æмбæстæгтæ сты тæссаг къорды, æмæ министрады ‘рдыгæй дарддæр дæр ист цæудзæн æппæт хъæуæг мадзæлттæ, цæмæй вирус ма баирвæза центрмæ, бацæуын æмæ рацæуыны фæтк организаци цæуа санитарон нормæтæ хынцгæйæ.

Паллиативон медицинон æххуысы хайады куыст бæстон кæныны фарстыл дзургæйæ, министр банысан кодта, зæгъгæ, йæхицæн дæр æмæ йæ коллегæтæн дæр ис бæрæг хъуыдытæ, кæцытæ реализаци цæудзысты куыд хуыздæр уа, афтæ, цæмæй бæрæг рогдæр кæной пациентты уавæртæ.

Къæбулты Марина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.