Æрæджы дзыллон информациты руаджы нæ республикæйы цæрджытæн «Югосельхознадзор»-ы къухдариуæггæнæг Мæргъиты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй Гуырдзыстоны биологион лаборатори кусы, уырдыгæй нæм арæнгæрон хъæу Карзманыл æрбафтыд морæгъуыз хъæндил æмæ дам, тæссагдзинад хæссы амы хъæуты хъæууонхæдзарадон тыллæгæн.

Фæстæдæр социалон хызæгты фæзынд информаци марæгъуыз хъæндил нæ горæты дæр кæй ис. Мах бахатыдыстæм Мæргъийы фыртмæ, цæмæй нын лæмбынæгдæр радзура морæгъуыз хъæндилы тыххæй æмæ йæ ныхмæ  куыд тох кæнын хъæуы, уый тыххæй.

Ацы хъæндил фæзынд Хуссар Скæсæн Азийы. Дарддæр уый апарахат Америкæйы субтропикты æмæ 2016 аз та Абхазы территорийыл æмæ æркодта стыр тыллæгсæфтытæм. Хъæндилæн йæ дæргъ у 12-17 милиметры, у морæгъуыз, йæ сæр æмæ йын рагъмæ куы кæсай, уæд дæтты мраморы хуыз, йæ гуыбын та у урс, кæнæ фæлурс морæгъуыз, урс хæххытимæ.

Зымæджы бонты уыдон бацагурынц хъарм бынæттæ. Æмбæхсынц хæдзары, псулты счъилты. Апрелы кæрон рахизынц, кæм фæзымæгиуат кæнынц, уыцы бынæттæй æмæ райдайынц агурын, æйчытæ кæм æрæфтауой, ахæм бынæттæ. Урс тымбыл æйчытæ æрæфтауынц бæласы сыфтæрты бынаг фарсыл,  вæййынц 20-30 бæрц. Ацы хъæндил фæзыны фæткъуы, кæрдо, алтъами, сæнæфсирыл, цитрусон зайæгойтæн се ‘ппæтыл дæр. Халсæрттæй та арæхдæр фæзыны памидор, хъæдурыл, джитрийыл, фæзыны ма декоративон зайæгойтыл дæр. Цы бæласыл фæзыны, уыдонæн сæ дыргъы гъæд февзæрдæр вæййы, сæ иу фарс бамбийы. Цитрустæ кæронмæ нал срæгъæд вæййынц, нал сбæззынц æмæ æмгъуыдæй раздæр æрызгъæлынц. Афтæ æрыз-гъæлынц сæнæфсиры æмæ нартхоры гагатæ дæр. Памидортæ   æмæ цывзытæ дæр æмбийын райдайынц.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Абхазы Гульришы æмæ Сухумы районты ацы хъæндилы аххосæй мандарин, апельсин æмæ хурмайы тыл-лæгæпзад фæкъаддæр дыууæ хатты.

Цæмæй ацы зианхæссæг хъæндил нæ республикæйы ма апарахат уа,  уый тыххæй «Югосельхознадзор»-æн бахæс æр-цыд, цæмæй республикæйы территоримæ Гуырдзыстоны æрдыгæй цыдæриддæр хъæууонхæдзарадон продукци ласт цæуы, уый лæмбынæг сгæрст цæуа Ленингоры районы «Раздахæн»-ы карантинон-фито-санитарон контролгæнæг пункты. Карзман æмæ Синагуры хъæутæй дæр ласт нал цæуы нæ горæты базартæм хъæууонхæдзарадон продукттæ.

«Югосельхознадзор»-ы кусджытæ Рукъы контролон пункты лæмбынæг сгарынц, республикæмæ цы уæзтæ ласынц, уыдон нымæцы хъæууонхæ-дзарадон продукци дæр. Афтæ ма сгæрст цæуынц транспортон фæрæзтæ сæхæдæг дæр. Мидæмæ ластцæуæг продукцийы сгарынц нитраттæ сæ ис, æви нæ, уый тыххæй дæр.

Мæргъиты Алан куыд зæгъы, афтæмæй нырма нæ республикæйы массон æгъдауæй морæгъуыз хъæндил нæ рабæрæг. Ацы уырынгонтæ сты 90 хуызы бæрц. Уыдонæй иуæй-иу хуызтæ сты кæрæдзийы æнгæс. Æнæуи, дам, ведомствæйы куыд зæгъынц, афтæмæй самал кодтой химикаттæ, цæмæй пырх æрцæуой, куыст чи цæуынц, уыцы зæххытæ. Банысан хъæуы,  адæймагæн йæхицæн морæгъуыз хъæндил тасдзинад кæй нæ хæссы, ома, йыл куы фæхæца, уæд тæссаг нæу. Аллергийæ чи тыхсы, уыдонæн сæ низ фæкарздæр вæййы. Химикаттæй дарддæр семæ тохгæнæн ис механикон æгъдауæй дæр, æрæмбырд кæнын сæ хъæуы исты мигæнæны æмæ сæ уый фæстæ хъæуы басудзын.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.